Хуссар Ирыстоны адæм бирæ хъизæмæрттæ æмæ фыдæбæттæ бавзæрстой сыхаг гуырдзиаг тугмондаг хотыхджынты æрдыгæй. Фæлæ, зындзинæдтæм нæ кæсгæйæ, уæддæр быхстой, фæрæзтой сомбоны рухс цардыл æууæндгæйæ. Уыцы фыдрæстæджыты уæддæр нымæг кæнын нæ бауагътой национ театры дæр. Кæд бæрæг аххосæгтæм гæсгæ артисттæ æвзæрстой зындзинæдтæ, уæддæр фæлæууыдысты хъæддых æмæ сæ цардæгас фæлгонцтæй разæнгард кодтой театрдзауты зæрдæтæ сценикон аивад уынынмæ, ирон театрæн кæй нæй æрнымæггæнæн, уымæй сын æвæрдтой ныфс.

Уыцы зын рæстæджытæ кæронмæ иуварс æрцæудзысты, тагъд театры ног бæстыхай эксплуатацимæ лæвæрд куы æрцæуа, йæ дуæрттæ куы байгом кæна театрдзаутæн, уæд. Ацы зæрдылдарæн бонмæ йæхи зæрдиагæй цæттæ кæны Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры сфæлдыстадон коллектив. Уый тыххæй нын радзырдта театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Та-мерлан:

– Фыццаджыдæр, мæ фæнды банысан кæнын, нæ артисттæ кæй цæттæ кæнынц Тъехты Уасилы пьесæ-аргъаумæ гæсгæ спектакль «Тæрхъусы амонд». Уымæн йæ æвæрæг режиссер у Челæхсаты Эдуард æмæ йæ премьерæ хъуамæ уа рæхджы. Уый фæстæ нæм Мæскуыйæ æрцæудзæн режиссер æмæ сæвæрдзæн Островскийы пьесæмæ гæсгæ спектакль, фæлæ коллективæн нырма зындгонд нæу, цы пьесæйыл кусдзысты, уый. Хуссар Ирыстоны профессионалон театр куы байгом, ууыл æххæст кæны 85 азы. Ацы кадджын зæрдылдаринаг цау коллективы алы уæнгыл дæр æвæры стыр бæрндзинад, цæмæй театрдзауты зæрдæтæ алцæмæй дæр барухс кæнæм. Фыццаг уый, æмæ театры ног бæстыхайы рæзтæй байгом уыдзæн, цалдæр азы дæргъы нæ сценæмæкæсджытæ æнæрхъæцæй кæмæ æнхъæлмæ кæсынц, ахæм культурон артдзæст. Дыккаджы та сын сæ зæрдæ барухс кæнын хъæудзæн не сфæлдыстадон коллективы æнтысгæ архайдæй, хъуамæ йæ банысан кæнæм цытджын æгъдауæй. Фæнды нæ, цæмæй ног æвæрд спектаклæй бакæнæм нæ театр. Уый та уыдзæн ирон адæмы гениалон поэт Хетæгкаты Къостайы æнæмæлгæ уацмыс «Фатимæ»-мæ гæсгæ спектакль. Спектаклыл ныртæккæ цæуы цæттæгæнæн куыст, нырма йын аразæм йæ эскизтæ. Æнæуый та рольтæ дих сты артисттыл, æмæ сыл кусынц. Биноныгæй йыл кусын райдайдзыстæм, куыддæр «Тæрхъусы амонд» сцæттæ уа, афтæ.

Æрмæст зæгъын хъæуы, иу хъуыддаг нæ кæй къуылымпы кæны. Уый та у, театры ног бæстыхай 3-4 мæймæ арæзт кæй не ‘рцæудзæн. Пьесæйы тыххæй та уый зæгъинаг дæн, æмæ æвæрд æрцæудзæн. Къоста йæ куыд ныффыста, афтæ Спектаклы тыххæй куы зæгъæм, уæд ын равзæрстам зындгонд ирон композитор Æлборты Феликсы оригиналон музыкæ æмæ дзы уый айзæлдзæн.

Фæстæдæр цæттæ кæндзыстæм фестиваль ахæм номимæ «Кавказы хæдзар». Нæ фæнд у, цæмæй æрхонæм æмæ нæ театрдзаутæн сæ арæхстдзинад равдисой Цæгат Кавказы театралон коллективтæ иууылдæр. Алы театралон коллектив дæр йæ национ драмон уацмыстæ æвдисдзæн йæхи æвзагыл, нæ театры сын уыдзæн синхронон тæлмац. Уый фæрцы театрдзаутæн уыдзæн спектакльтæм куыд ирон, афтæ сæхи æвзагыл байхъусыны фадат.

– Уыцы коллективтæ цæттæ сты махмæ æрцæуынмæ, нæ сценæйыл цы равдисой, ис сæм ахæм спектакльтæ?

– Уыдон ныридæгæн цæттæ сты, фæлæ мах – нæ, театры сценæ цæттæ нæма у. Уымæй дарддæр ма æнхъæлмæ кæсæм, Цæгат Ирыстоны нæ фæсивæдæй чи ахуыр кодта, уыцы дыууæ рауагъдонмæ. Уыдон хайад райсдзысты фæлтæрд артисттимæ ног спектаклы.

– Цы зæгъдзынæ нæ театры ног бæстыхайæ та?

– Æрзылдтæн æмæ федтон Цæгат Кавказы æппæт театртæ, ныр мæ бон зæгъын у, мах театры хуызæн дзы иу дæр кæй нæй. Уый тыххæй мах стыр бузныг стæм Уæрæсейæ, бузныг стæм нæ республикæйы раздæры Президент Тыбылты Леонидæй дæр, уымæн æмæ уый фæндонмæ гæсгæ бахастæуыд театры бæстыхайы арæзтад Инвестпрограммæмæ. Дарддæр бæстыхайы гъæд куыд уыдзæн, уый та ис нæхи къухы, уымæн æмæ закъазгæнæг у бынæттон Арæзтады министрад, афтæ техникон цæстдарды организаци дæр у бынæттон. Уымæ гæсгæ дзы кæд исты аиппытæ бафиппайдæуа, уæд хъуамæ цæттæ уой сæ раст хъуыды зæгъынмæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.