Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстон йæ географион равæрдмæ гæсгæ дзуапп дæтты аграрон секторæн. Уый та нысан кæны райтынг кæнын кæй хъæуы хъæууон хæдзарад æппæтфарсонæй. Халсар, дыргъгуыст, фосдард, фермерон хæдзарадтæ цас фылдæр уа нæ республикæйы, уыйбæрц нæ экономикон уавæр кæндзæнис хуыздæр.

Хъæууон хæдзарад сæндидзын кæныны тыххæй Уæрæсейы Федерацийæ цы специалисттæ æрцыдысты, уыдон уавæр сахуыргæнгæйæ, республикæйы райрæзты хæрзиуæгæн, Уæрæсейы Федерацийы бюджетæй рахицæн кодтой фæрæзтæ. Уымæй дарддæр ма уæрæсейаг æртæ бангы æххуысæй баконд æрцыд «Инвест-агентад». Ацы агентадæй хуссарирыстойнаг фермертæн сæ бон уыдзæн æххуыс кредиты хуызы райсын, цæмæй сæ хæдзарадтæ сæндидзын кæной æмæ сæ фæуæрæхдæр кæной.

Хъæууон хæдзарады министрады куыд зæгъынц, афтæмæй ныридæгæн ацы хæр-зиуæгон хъуыддагæй спайда кæныны нысанæн уыдонмæ куырдиæттæ æмæ сæ бизнес-проекттæ балæвæрдтой 70 адæймаджы бæрц, республикæйы алы районтæй. Фæлæ уыцы æххуыс хъуамæ уа нысанмæ здæхт. Зæгъæм квалилификациджын специалист хъуамæ ацæуа бынатмæ æмæ фена фермер кæнæ арендатор æцæгæйдæр цы куыст кæны. Уæдæ, æцæгæй кусын æмæ архайын кæй фæнды, уыдонæн фæзынд хорз уавæртæ сæ амалиуæгадон куыст адарддæр кæнынæн.

Ныртæккæ нæ республикæйы цы фермерон хæдзарадтæ ис, уыдонæй сæ иу у Цхинвалы районы Елтурайы хъæуы цæрæг Сиукъаты Роберт. Уый кæны, урсаджы продукци уадзыны куыст. Хъыгагæн, практикон æгъдауæй ныртæккæ Хуссар Ирыстоны урсаг уадзыны куыст стæм хæдзарадтæ кæнынц. Бынæттон дуканиты уæй цæуы Уæрæсейæ ласæггаг продукци.

Сиукъаты Роберт æртæ азы размæ райдыдта урсаджы куыст кæнын. Йæ фермерон хæдзарады продукци уадзы «Фермер» маркæйы бын. Ацы урсагæй иу хатт чи фæхъæстæ вæййы, уый æнæдызæрдыгæй иннæ хатт дæр æрцагуры Сиукъаты Роберты уагъд продукци. Уымæн æмæ «Фермер» стыр хъусдард здахы продукцийы гъæдмæ. Фермерон хæдзарадимæ баст зындзинæдтæ æмæ проблемæтæм ‘нæкæсгæйæ Сиукъаты Роберт тырны, цæмæй балхæна фæлхасгæнджыты зæрдæтæ. «Уымæй хуыздæр цы ис, цæмæй урсагæй кæй ифтонг кæныс, уыдон дæ продукцийæ райгондæй баззайой. Уый мæхи-цæн дæр, перспективæйы, пайда у», – зæгъы Роберт.

Фермеры ныхæстæм гæсгæ, уымæн райдайæны уыд 6 хъуджы. Фыццаг æхсыр ласыны тыххæй бадзырд сарæзта горæты администрациимæ æмæ ифтонг кодта йæ урсагæй сывæллæтты цæхæрадæтты. Ныр цыдæр аххосæгтæм гæсгæ сæ бадзырд нал адарддæр кодтой æмæ Роберт сфæнд кодта натуралон нæлхæ æмæ цыхт аразын. Уæй кæны æхсыр дæр. Æхсыры литр æм у 70 сомы. Аразынц ма мацъони дæр. Иу литр авг мацъони та сæм у 100 сомы. Нæлхæйы аргъ, иу килограмм  600 сомы. Ис ма сæм хæдзарон сметанæ дæр, уымæй та иу килограмм уæй кæнынц 300 соммæ.

Роберты хæдзарад æртæ азы размæ абаргæйæ бæрæг фæуæрæхдæр. Ныр суткæйы мидæг уыдон æрдуцынц 180 литырмæ æввахс æхсыр. Сæрдыгон мæйты та æхсыры бæрц хызт 400 литрмæ. Роберт фæллой кæны йæ цардæмбал Симæимæ. Кусджытæ æмæ сын æххуысгæнджытæ нæй. Сæ куыстытæ иууылдæр кæнынц лæгдыхæй. Сæ æвджытыл цы «Фермер»-ы маркæйы этикеткæтæ ис, уыдон сты нæхи Полиграфион кондады мыхуыргонд. Фыццаджыдæр, цы æхсыр æрдуцынц хъуццытæй уый ныффæрсудзынц, стерилизаци йын саразынц, цæмæй санитарон-гигиенон нормæтæм гæсгæ суа æдас.

Роберты æмкъай Симæ куыд зæгъы, афтæмæй нæлхæ аразынæн æхсыры сæртæм бафтауынц чысыл дон, уый фæстæ йæ 20 минуты бæрц сцæгъдынц сæрмагонд царвцæгъдæны. Нæлхæ куы сæвзæры, уæд æй нывæрынц сæрмагонд мигæнæнты æмæ йæ æрæвæрынц уазалгомау бынаты.

Цæмæй фæлхасгæнæг ма гуырысхо кæна, продукци экологион æгъдауæй сыгъдæг кæй у, ууыл уый тыххæй æртæ мæй иу хатт фермер аразы лабораторион басгæрстытæ йæ урсагæн. Уый фæстæ, продукци æдасы тыххæй йæ къухы зонæнтæ куы бафты, уæд йæ продукцийыл бакæны этикеткæтæ, сæвæры сæ йæхи сæрмагонд уазалгæнæн-машинæйыл æмæ сæ раласы горæты дуканитæм.

Сиукъаты Роберт куыд зæгъы, афтæмæй уымæн йæ хъуыдыйы ис йæ фермерон хæдзарад ноджы фæуæрæхдæр кæнын, цæмæй бынæттон, экологион æгъдауæй сыгъдæг, урсаджы продукци æлхæной бынæттон фæлхасгæнджытæ. Ацы куыст райдайынмæ чи хъавы, уыдонæн та йæ фæнды зæгъын, цæмæй куыстæй ма тæрсой. Æцæг куыстæн йæ райдайæн у зын, уæлдайдæр та фаг финансон фæрæзтæ куыннæ уа, уæд. «Хицауад, Уæрæсейы æххуысæй цы «Инвест-агентад»-ы программæйыл бакусынмæ хъавы, кæд æмæ уый йæ тыхы бацæуа, уæд мæн уырны, бирæ фермерон хæдзарадтæ кæй сæндидздзæн», – зæгъы Сиукъаты Роберт.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.