Куыд раздæры дуджы, мæр дзывыр æмæ æндæр хуымæтæг кусæнгæрзтæй куы куыстой, афтæ ныр дæр, кæд хъомысджын хъæууонхæдзарадон техникæ ис, уæддæр хъæууон фæллойгæнæгæй зæхх афæдзы дæргъы кусын бирæ хъару æмæ фердæхтдзинад фæдомы. Цæмæй абоны рæстæджы мæр бахуым кæнай, байтауай дзы алыгъуызон æфсирон æмæ æндæр хъæууонхæдзарадон культурæтæ, æрзайын кæнай хъæздыг тыллæг, уый тыххæй сæм афоныл кæсын, зилын хъæуы. Афтæ цы зæхкусæг бакæны, æмбæлон æгъдауæй ахсджиаг кампанимæ йæхи чи бацæттæ кæны, уымæн та, кæй зæгъын æй хъæуы, кæддæриддæр вæййы зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ, йæ фæззæг рауайы бæркадджын. Йæ дзаджджын фæстиуджытыл канд йæхæдæг нæ фæцин кæны, фæлæ ма йе ‘ввахс адæм дæр. Фæлæ уæддæр иууыл тынгдæр цины æнкъарæнтæй зæрдæ байдзаг вæййы, уыцы æнтыст кæстæры къухты куы бафты, уæд. Ахæмтæй сæ иу у Цхинвалы районы Къостайыхъæуы цæрæг æвзонг нæлгоймаг Цхуырбаты Алан дæр. Уый ацы хъæуы бахъомыл, ам æрвиты йæ рæстæг. Æрмæст зæгъын хъæуы уый, æмæ æгуыстæй кæй нæ бады, фæлæ архайы, цæмæй йæ хæрзиуæгон архайдæй пайда хæсса куыд йæ бинонтæн, афтæ æхсæнадæн дæр. Хъæуы чи æрвиты йæ цард, уымæн амонын нæ хъæуы хъæууон адæймаджы æрвылбонон фыдæбон. Уымæ гæсгæ зæрдæйæн уæлдай æхсызгон у, хъæууон-хæдзарадон куыстытыл æвзонг лæппу йæхи кæй нæ тигъ кæны, фæлæ сæм кæй æргуыбыр кæны, куыддæриддæр хъазуатон зæхкусæгæн æмбæлы, афтæ.

Цхуырбайы фырт сфæнд кодта, цæмæй йын уа йæхи сæрмагонд хæдзарад æмæ йæ æххæст дæр скодта. Сырæзт та районы ног хæдзарад ацы аз, схуыдта йæ «Билурта» æмæ уал æм зæххы фадыг ис 45 гектары. Цæмæй хызт уа знаггадæй, уый тыххæй йæ хъуыд æрæмбонд кæнын æмæ уый йæ къухы æфтгæ дæр бакодта. Нæ уыд æнцон уыцы куыст, фæлæ йæм фæкастысты йæ фыд æмæ æфсымæр, ныссагътой цæджындзтæ æмæ 30 га фæзуаты алыварс цалдæр фæлтæры айтыгътой сындзтел. Уалдзæджы мæр бахуым кæ-ныныл зæрдиагæй бацархайдта «Агросервис»-ы механизатор æмæ дзы уый фæстæ 10 га фæзуатыл тыд æрцыд хъæбæрхоры тауинаг. Иугæр тыллæг æфснайыны ахсджиаг рæстæг куы æрбалæууыд, уæд сæм фæкаст хисæрмагонд техникæйы хицау, Мæлдзыгаты Ирбег. Раст у, тыллæг æфснайыны куыст цъус ныддæргъвæтин, бахъуыд ыл æртæ боны, зæронд комбайн арæх кæй хæлд, уый аххосæй. Кæд тыллæгæй дзæвгар фæци æнæфтиаг, уæддæр барухс æвзонг фермеры зæрдæ, æдæппæт райста 26 тоннæйы. Зæгъын хъæуы, Аланæн райдианы кæй хъæуы йе нцой балæууын, баххуыс кæнын æмæ йæ фарсмæ æрбалæууыд йæ фыд Лев. Уый йæ рæстæджы   райста уæлдæр ахуырад хъæууон хæдзарады хаххыл, æмæ йæ зонындинæдтæй практикон æгъдауæй баххуыс кодта йæ фырты ног сырæзгæ хæдзарадæн.

Хæдзарад фылдæр хæстæ æвæры йæ разы нырæй фæстæмæ, хъуамæ æххæстæй бакуса 30 гектары зæххы фадыг. Уымæй дарддæр ма 15 га райста, Къостайыхъæуы раздæры хæдзарадæн 60-æм азты цы дыргъдон уыд, уымæй дæр. Уæд хæдзарады сæргъ лæууыд Цхуырбаты Софья æмæ йæ абон дæр хъæуы адæм йæ номæй хонынц, Софьяйы дыргъдон, зæгъгæ. Хъæздыг тыллæг дзы истой раздæр азты, фæлæ ныр скъутæр, æгæрыстæмæй фосæн хизæнуатæн дæр нал бæззы. Фæлæ ног хæдзарады фæнд у, цæмæй ахæм дзаджджын мæр рохуаты ма баззайа, кæд зын кусæн уыдзæн, уæддæр æй хъуамæ асæрибар кæной къутæртæй, цæмæй йын суа хъæздыг тыллæг исыны зæхх. Ацы хъуыддаджы йын æнæмæнг хъуамæ баххуыс кæна районы админис-траци дæр.

«Билурта»-йы хæдзарад ма кæны фосдарды куыст дæр, абоны онг уал æм ис 8 стуры, уыцы нымæцы хъуццытæ сты 3 æмæ уал сæ райста дыууæ роды. Æвæццæгæн, фосдарды къабаз ноджыдæр сырæздзæн рæстæджы цыдимæ иумæ. Рæзты фæндагыл лæуд у ног хæдзарад, æмæ йын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сын дарддæр уа ноджы фылдæр зæрдæрухсгæнæн фæстиуджытæ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.