Рэп-къорд «South Side Crew»-ы зарæггæнджытæ Sputnik-ы пресс-центры журналисттæн æрдзырдтой се сфæлдыстадон плæнтты тыххæй.

Хуссар Ирыстоны популярон зарæггæнджытæ Остъаты Алан æмæ Тадтаты Олег, кæцытæ зындгонд сты псевдонимæй Mr.Revolution æмæ Халкæй æрбаиу сты «Young Street»-ы къорды хайадисджытимæ æмæ музыкалон коллектив йæхи схуыдта «South Side Crew». Уыдон куыд радзырдтой, уымæ гæсгæ ацы мæй кæнынц фыццаг иумæйаг альбом рауадзыны фæнд. «Ацы мæй уагъд æрцæудзæн концерт, цыран сæххæст кæндзыстæм нæ ног тректæ. Ӕрхонгæ зарæггæнджыты æхсæн уыдзæн зындгонд зарæггæнæг Тыбылты Денис – «Хъæбул», –  загъта Остъаты Алан.

Сæ ныхæстæм гæсгæ уыдон музыкалон æххæстгæнджытæй рахицæн кодтой америкæйаг рэпы классикæ – Snoop Dogg, 2pac – æмæ банысан кодтой, лæмбынæгæй сæ хъус кæй дарынц MiyaGi & Эндшпилы сфæлдыстадмæ. Уыдон сæ тректы дзурынц ахсджиаг темæтыл. Æвзонг музыкантты æгæрон сфæлдыстадон амбициты гъæдджын композицитæ ныффыссыны раз лæууынц цæлхдуртæ, студи сын кæй нæй, уымæ гæсгæ.  Фæлæ, уымæ нæ кæсгæйæ уæддæр рэпертæ сæ ныфс нæ сæттынц. «Амбицитæ нын ис, фæнды нæ уæрæх кæнын не сфæлдыстад. Ӕндæр уавæрты мах рахызтаиккам уæлдæр æмвæзадмæ. Æндæр уавæртæ мах хонæм профессионалон студи. Нырма уал архайæм нæхи тыхтæй. Фæнды нæ арендæйы райсын хатæн æмæ дзы сæвæрын ифтонггæрзтæ», – загъта Остъаты Алан.

Пресс-конференцийы кæрон Mr.Revolution æмæ Халк сæххæст кодтой сæ популярон трек «Уæрæйдæ».

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.