Куыд зонæм, афтæмæй Хуыбылты Валерийы номыл парк æрцыдис æдзæллаг уавæрмæ. Афтæмæй нæ горæты цæрджытæ æмæ йæ  уазджытæн дæр фадат нæ уыд сæ рæстæг культурон æгъдауæй арвитынæн. Ацы фарст рагæй тыхсын кæны канд нæ æхсæнады нæ, фæлæ ма бынæттон чиновникты дæр. Агуырдæуыд инвестор, кæцы хъуамæ йæ къухмæ райстаид ацы парчы сæндидзын кæныны хъуыддаг, фæлæ инвестор кæй нæ зындис, уымæ гæсгæ хаст æрцыд 2018-19 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвести-цион программæмæ.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы нысанæн Инвестпрограммæйы æвæрд цы æхцайы фæрæзтæ ис, уырдыгæй хицæн æрцæудзæнис 33,5 милуан сомы. «Проект аразыны хæс йæхимæ райста Цæгат Ирыстон-Аланийы проектон организаци ОАО «Проектная контора Севосетинавтодор». Объект эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуа 2018 азы, – загътой Арæзтад æмæ архитектурæйы пресс-службæйы.

Ам ма куыд загътой, афтæмæй парчы хæрзарæзтад райдайдзæнис «Олимп»-ы территорийæ. Стадион, 13 Коммунары æмæ Мæскуыйы уынгты донбылгæрæттæ дæр хаст æрцыдысты проекты арæзтадмæ. Иумæйагæй сисгæйæ, хæрзарæзт æрцæудзæнис 20 мин кв.метры. Уымæй дарддæр ма парчы астæу уыдзæн, раздæр куыд уыд, афтæ цад, кæцымæ алырдыгæй дæр уыдзæнис къахвæндæгтæ, цъæхдарæнтæ, декоративон бæлæстæ æмæ рухсы декоративон  цæджындзтæ. Иууыл стырдæр хæрзиуæг сабитæн ам суыдзысты алыгъуызон аттракционтæ æмæ электронон хъазæнтæ.

Парчы ма бынат уыдзæнис кафейæн дæр, цыран фадат уыдзæнис хæрзгъæд хæринæгтæ хæрынæн. Проектон компани «Севосет-инавтодор» куыд зæгъы, афтæмæй парчы арæзтад дзуапп дæтдзæнис æппæт нырыккон домæнтæн, цыран комфортонæй сæхи хатдзысты канд рæзгæ фæлтæр нæ, фæлæ ацæргæтæ  дæр. Ам ма æвæрд æрцæудзысты гом арвы бын тренажертæ, цæмæй спортæй дæр архайой, кæй фæнды, уыдон. Иудзырдæй, Хуыбылты Валерийы номыл парк хъуамæ суа горæты цæрджыты уарзондæр бынат.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.