2008 азы хæст арф фæд ныууагъта нæ горæты Гафезы уынгыл дæр. Æфхæрд баййæфтой йæ бирæуæладзыгон хæдзæрттæ, афтæ ма ацы уынгыл цы сывæллæтты цæхæрадон ис, уый дæр.

Ацы уагдонæн хæсты рæстæджы комкоммæ æхстыты фæстиуæгæн ныппырх æрцыдис йæ фылдæр хай. Афтæмæй дзы дыууæ азæй фылдæр зын уавæрты куыста йæ коллектив. Уый фæстæ йæм цавæр-дæр организаци æрæвнæлдта æндидзынгæнæн куыстытæм, фæлæ сæ куыст æмбисмæ дæр нæ бакодтой. Уымæ гæсгæ фондз азы бæрц нæ горæты сывæллæтты 14-æм цæхæрадон æнхъæлмæ каст, йæ хъус æм кæд исчи æрдарид, зæгъгæ.

Ивгъуыд азы кæрон нæ къухдариуæгады хъæппæрисæй бахæсгонд æрцыд нæ горæты администрацийæн, цæмæй ацы сывæллæтты цæхæрадон арæзт æрцæуа, æмæ йын рахицæн 8 милуан сомы йæ монтажгæнæн-арæзтадон куыстытæн, иу милуан æмæ æрдæг сомы та йæ ифтонггæрзтæн. Йæ куыстытæ та йын æххæст кодтой бынæттон арæзтадон организациты кусджытæ. Уыдонæн нæ горæты администрацийы къухдариуæгадæй бантыст фондз мæймæ ацы бæстыхайы æппæт æндидзынгæнæн-цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ фæуын. Арæзт æрцыдысты йæ пырх къултæ, ивд æрцыдысты йæ рудзгуытæ, сцалцæг кодтой æппæт хатæнтæ, сарæзтой сын хиæхсæнтæ æмæ æндæртæ. Ацы цæхæрадонмæ бахизгæйæ зæрдæ райы ног цалцæг къæлидортæ æмæ хатæнтысыгъдæгдзинад æмæ рæсугъддзинадæй. Сæ хæринаггæнæн бынат дæр дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн дæр. Аразинаг æмæ ма срæсугъд кæнинаг у ацы цæхæрадонæн йæ кæрт. Фæлæ уал ныридæгæн уыцы куыстытæ ныртæккæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ афæстиат сты.

Гафезы уынджы сывæллæтты 14-æм цæхæрадон арæзт у 120 сывæллонæн.

Йæ агъуысты цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ кæй фесты, уымæ гæсгæ официалон æгъдауæй байгом æрцыд 27-æм майы. Йæ байгом кæныны церемонимæ æрбацыдысты нæ республикæйы Президент Тыбылты Леонид, Хицауады Сæр-дар Хъуылымбегты Доменти, йæ хæдивæг Пухаты Эрик, Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, нæ горæты сывæллæтты цæхæрадæтты сæргълæу-джытæ, горæты цæрджытæ.

Ног сцалцæггонд цæхæрадоны коллектив уазджытыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ нæртон бæгæныйы дзаггарзимæ. Арфæ-йы ныхæстæ сын загътой нæ бæстæйы Президент Тыбылты Леонид æмæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Уый фæстæ нæ республикæйы сæргъ-лæууæг æмæ Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали алыг кодтой сырх лентæ æмæ афтæмæй бакъахдзæф кодтой цæхæрадоны къæсæрæй. Уым сын ацы цæхæрадоны чысыл хъомылгæни-нæгтæ аив бакастысты æмдзæвгæтæ, уы-донæй æргом кодтой, сæ чысыл зæрдæты цы бузныджы æнкъарæнтæ сæвзæрдис, уыдон.

Уазджытæн ма бузныджы ныхæстæ загъта сывæллæтты цæхæрадоны сæргълæууæг Джиоты Альмæ. Уый куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ацы бонмæ æнхъæлмæ кастысты зæрдиагæй нæ микрорайоны чысыл хуртæ æмæ ныййарджытæ. Махæн уый уыд не стырдæр бæллиц æмæ нын сæххæст ис. Ныр нæ цæхæрадон иузæрдионæй лæггадхъом уыдзæн 120 сывæллонæн. Нæ бæллиц кæй фæрцы сæххæст ис, уыдонæн та æз зæгъын стыр бузныг, куыд мæхи æмæ коллективы номæй, афтæ ма районы цæрджыты номæй дæр, – загъта йæ раныхасы Джиоты Альмæ.

Нæ горæты администрацийы сæргълæууæг Æлборты Алан дæр йæ раныхасы æхсызгонæй банысан кодта, зæгъгæ, мах ныфс куыд æвæрдтам, уымæ гæсгæ нæ горæты фæстаг  рæстæджы арæх байгом æрцæуынц алыгъуызон социалон æнæмæнгхъæуæг объекттæ. Нæ горæты мэр ма куыд загъта, уымæ гæсгæ йæ ныфс ис, ацы ног цалцæг цæхæрадон тагъд рæстæджы кæй байдзаг уыдзæнис чысыл хуртæй.

Нæ республикæйы Ахуырады министр дæр йæ цины æнкъарæнты банысан кодта, зæгъгæ, ацы сабидоны цы сабитæ хъомыл кæной, уыдон махæн фæстæдæр хорз хъуыддæгты лæггад кæндзысты, уымæ гæсгæ мах абон кусæм нæхи тых-хæй. Министр бузныг загъта ацы бæстыхайы цалцæг кæнынмæ йæ бавæрд чидæриддæр бахаста, уыдонæн.

Арфæйы ныхæстæ загъта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Тыбылты Леонид  Хицауады куыст здахы уымæй, цæмæй цы фадат уа, уымæ хъусдард здæхт цæуа сывæллæтты цæхæрадæтты æндидзын кæнынмæ, рæзгæ фæлтæрæн, сæ хъомыладæн æмбæлон уавæртæ саразынмæ.

Паддзахады сæргълæууæг дæр арфæйы ныхæстæ загъта сывæллæтты цæхæрадоны педагогон коллективæн скъолайы агъоммæйы ахуырадон уагдоны ног цалцæг бæстыхай кæй байгом ис, уый тыххæй.

«Мæн ныфс ис, сывæллæттæ ам кæй исдзысты æрмæст позитивон эмоцитæ нæ, фæлæ аккаг хъомылад дæр», – загъта Тыбылты Леонид. – Нæ сывæллæттæ хъуамæ хъомыл кæной хорз уа-вæрты, куыд сабидоны, афтæ уымæн æддейæ дæр.

Президент æмбæлон структурæты раз хæс æрæвæрдта, цæмæй хæрзарæзт æрцæуа йæ алыварс территори æмæ фæуой æмбонд кæны-ны куыстытæ.

Паддзахады сæргълæууæг ныфс бавæрдта æрæмбырдуæвджытæн, республикæйы разамы-над æппæт дæр кæй араздзæн, цæмæй фæтагъд-дæр уа ахуырадон уагдæтты сывæллæттæн æмæ ахуыргæнджытæн æмбæлон уавæрты процесс.

Уый фæстæ уазджытимæ иумæ се ‘ппæт дæр азылдысты бæстыхайы аив æмæ рæсугъд фæлыст къордты хатæнтыл.

Нæ республикæйы Президент сывæллæтты цæхæрадонæн балæвар кодта телевизор æмæ «Триколор»-ы антеннæ.

Сабидон лæвæрттæ  райста иннæ уазджытæй дæр.

Сывæллæтты цæхæрадоны къуымты азылды фæстæ ма нын горæты администрацийы сæргъ-лæууæг Æлборты Алан загъта йæ хъуыдытæ:

– Æртæ азы размæ сывæллæтты цæхæра-донмæ бынат райсынмæ рады лæууыдысты 1200 сывæллоны бæрц. Абоны бонмæ та уыдоны нымæц æрхауд 300 сывæллонмæ. Æввасх рæс-тæджы нæ фæнды ис Хъайтарты уынджы сывæл-лæтты 20-æм цæхæрадоны капиталон цалцæг скæнын, йæ кæрт ын схæрзарæзт кæнын. Афтæ ма хæрзарæзт æрцæудзæн Ленины уынджы сы-вæллæтты 10-æм цæхæрадоны кæрт дæр. Ацы здæхты куыст дарддæр дæр цæудзæн. Фидæн аз та план кæнæм Вокзалгæрон уынджы сывæл-лæтты цæхæрадон сæндидзын кæнын.

ТУАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.