Нӕ зынаргъ Паддзахад Аланийы ӕмбӕстӕгтӕ!

Нӕ фыдӕлтæ ӕнусты дӕргъы кӕй сфӕлдыстой ӕмӕ сӕ уӕззау царды фӕлтӕрӕнты кӕй бахсыстой, уыцы удварны хӕзнатӕ сты нӕ нацийы абоны намыс ӕмӕ сӕрыстырдзинад.

Уыцы удварны хӕзнаты руаджы фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ нӕ Ирыстоны дзыллӕйы ‘хсӕн фидар кӕнӕд ӕнӕниздзинад, уӕздандзинад, ӕхсар, адӕймагдзинад, нӕ национ удыхъӕды хуыздӕр миниуджытӕ, сӕйрагдӕр та, райгуырӕн бӕстӕ, иубӕстон адӕм ӕмӕ фыдыуӕзӕгыл ӕнувыд уӕвын.

Стыр Хуыцау, Сыгъзӕрин Уастырджи, Реком, Таранджелос ӕмӕ Мыкалгабыр уыл аудӕг уӕд, нӕ зӕдтӕ ӕмӕ дауджытӕ уын ӕххуысгӕнӕг уӕд уӕ цардвӕндаджы, Ног 2020 азы, ӕмӕ уӕ циныл цин кӕнгӕйӕ бирӕ азтӕ ӕнӕнизӕй, стыр амондӕй хайджынӕй, уӕ бӕллицтӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ фӕцӕрут!

Сой,сой, сой нӕ алкӕй хӕдзары!

Фарн уӕд уе ‘мбӕлццон!

Амондджын ут!

Табу Стыр Хуыцауӕн, кӕй стӕм Алайнӕгтӕ!

Ӕппӕтдунеон ӕхсӕнадон змӕлд

«Иры стыр Ныхас»-ы

Хуссар Ирыстоны хайады сӕрдарГАГЛОЙТЫ Роберт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.