РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджанов бацыдысты республикон Гуырæн хæдзармæ æмæ раарфæ кодтой ноггуырдты мæдтæн Ног азы сæраппонд.

Сылгоймæгтæн балæвар кодтой ногазон лæвæрттæ æмæ æхцайы фæрæзтæ республикæйы разамынады номæй.

Пухаты Эрик ма бузныг загъта гуырæн хæдзары кусджытæн ногазон бæрæгбонты сæ куысты тыххæй.

«Фæнды мæ раарфæ кæнын сымахæн республикæйы Президенты номæй Ног азы сæраппонд, мæ цæст уын уарзы бирæ хæрзиуджытæ, – загъта Пухаты Эрик. – Уадз, 2017 аз æрхæссæд уæ бинонтæн хæрзиуджытæ, сабырад æмæ фæрныгад».

Медицинон уагдоны кусджытæн дæр балæвар кодтой дидинджытæ æмæ ногазон лæвæрттæ.

2017 азы райдианы, 1 январы, республикон Гуырæн хæдзары райгуырдысты дыууæ чызджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.