Театралон фæзуаты уагъд æрцыд концерт хуссар æмæ цæгатирыстойнаг эстрадæйы стъалыты хайадистæй.

Хуссар Ирыстоны сæйраг горæты цæрджытæн сæ хуыздæр зарджытæ сæххæст кодтой Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон артисткæ Хадыхъаты Аллæ, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны сгуыхт артисткæ Саппиаты Залинæ, классикон шансоны зындгонд æххæстгæнæг, уæрæсейаг æмæ дунеон бирæ конкурсты лауреат Тасойты Игорь.

Театралон фæзуаты ма хъуыстысты францаг популярон зарджытæ, æххæст сæ кодта  Парижы консерваторийы рауагъдон, курдиатджын оперон зарæггæнæг Гасситы Еленæ.

Концерты ма хайад райстой Гатыгкоты Каринæ, Бабаты Виктория, Плиты Александр æмæ æндæртæ.

Ногазон концерт сорганизаци кодта горæт Цхинвалы администраци.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.