Ног азы бæрæгбоны къæсæрыл, Ленингоры сывæллæтты хæдзары хъомылгæнинæгтæ лæвæрттæ райстой парти «Иугонд Ирыстон»-æй.

«Иугонд Ирыстон»-ы пресс-службæ куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ, партийы минæвæрттæ Централон комитеты уæнг Габатты Аланы сæргълæудæй фæуазæг сты Ленингоры сывæллæтты хæдзармæ, сывæллæттæн æрлæугæ ногазон бæрæгбоны раарфæ кæнынмæ.

«Мах бафæндыд сывæллæттæн æрхастаиккам æхсызгондзинад Ног азмæ, балхæдтам сын лæвæрттæ æмæ алы хъомылгæнинагæн дæр раарфæ кодтам æрбалæугæ бæрæгбоны цытæн», – банысан кодта Габадты фырт.

Габатты Алан ма загъта, зæгъгæ, парти фæнд кæны ногазон лæвæрттæ скæна Цхинвал æмæ Дзауы скъола-интернаты сывæллæттæн дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.