Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли уыд Къуыдаргомы, цыран хайад райста бæрæгбонон мадзæлтты.

Паддзахады сæргълæууæг бабæрæг кодта Кировы æмæ Къуайсайы иумæйагахуырадон скъолаты ногазон мадзæлттæ, кæцыты скъоладзаутæ равдыстой стыр актерон куырдиат.

Бибылты Анатоли æрбалæуугæ бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта æрæмбырдуæджытæн.

«Ног аз у ахсджиаг бæрæгбон, кæцыйы мах æнхъæлмæ кæсæм диссæгтæм, хъысмæты лæвæрттæм. Мах алы хатт дæр æнхъæлмæ кæсæм амонд æмæ ног æнтыстытæм. Æмæ уадз, уæ царды дæр уа бирæ æфсæнттæ, цæмæй бузныджы æнкъарæнтимæ кæсат аивгъуыйгæ азы фæстæмæ, æмæ æрбалæуугæ аз та æрхæсса хорз хабæрттæ, ног æнтыстытæ æмæ фæрныгад», – загъта уый.

Бибылты Анатоли ма фембæлд горæт Къуайсайы æхсæнадимæ.

Фыццаджыдæр, паддзахады сæргъæлæууæг раарфæ кодта Къуыдаргомы цæрджытæн æрбалæуугæ Ног азы цытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта æппæт снысангонд плæнттæ сæххæст кæнын.

«Мах рауагътам дон, сарæзтам фæндаг.  Афтæ хицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ, фæндагæй ма цы 15 км баззад, уый саразынæн. Январы мæйы райдайдзысты куыстытæ, кæцытæн гæнæн ис зымæджы сæххæст кæнын, цæмæй сæрды кæронмæ Къуайсамæ фæндаджы проблемæ иуварс æрцæуа. Горæты мидæг арæзт æрцыдысты уынгты рухсытæ, æвæрд æрцыд асфальт, дарддæр ма асфальт кæндзыстæм æндæр уынгтæ дæр.

Афтид хæдзæрттыл дзургæйæ, кæцыты цæрджытæ нæ цæрынц Хуссар Ирыстоны, æз бахæс кодтон Дзауы районы сæргълæууæгæн уыдон байсын æмæ сæ æххуысхъуаг бинонтæн радтын. Æз дæн цыфæнды проблемæ дæр растæй аскъуыддзг кæныны æвварс. Æз уарзын не ‘мбæстæгты иууылдæр, фæлæ мæнæн ахсджиагдæр сты, Хуссар Ирыстоны цы æмбæстæгты цæрынц, уыдоны проблемæтæ, фыццаджыдæр хæсджын дæн цæрды хорз уавæртæ сын саразыны. Уый у мæ сæйраг принцип- адæмы фæрныгад фæхуыздæр кæнын», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент бахæс кодта ацы фарст 2020 азы февралмæ боны фæткæй сисын.

Сæ генератор кæй фехæлд уый тыххæй Къуайсайы рынчындоны сæйраг дохтыры куырдиаты фæдыл паддзахады сæргълæууæг ныфс бавæрдта ног кæй балхæндзысты 25 январы.

Къуайсайы цæрæг радта фарст Æхгæд акционерон æхсæнад «Остелеком»-ы бæрзонд аргъты политикæйы тыххæй.

«Æппæт уыдæттæ скъуыддзаг цæуынц бадзырдтæ, хыгъдты фæрцы æмæ мæ ныфс ис махæн нæ бон суыдзæн тарификаци фæкъаддæр кæнын», – банысан кодта уый.

Афтæ ма уыд Уæлвæткон уавæрты министрадæн куыстмызд фæфылдæр кæныны фадæтты тыххæй фарст. Президент банысан кодта куыстмыздтæ кæй фылдæр кæндзысты фæд-фæдылонæй.

2020 азы куыстмызд фæфылдæр уыдзæн бюджетон кусджытæн, культурæйы, ахуырады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, спорты æмæ дзыллон информацион фæрæзты фадыджы кусджытæн. Уыдонæн хицæн æрцыд 100 милуан сомы бæрц.

Фембæлды кæрон Бибылты Анатоли цæрджытæм бахатыд, цæмæй  бахардзгонд электроэнергийы фæдыл хъалонтæ æмбырдкæнынад фæбæрзонддæр кæной, кæцы Къуайсайы цæрджытæ, газ сæм кæй нæй, уый тыххæй исынц къаддæр аргъмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.