Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы фыццаг номыр. Куыд æрвылхатт, афтæ та ацы номыр дæр хъæздыг у бирæ цымыдисон æрмæджытæй æмæ барухс кæндзæн йе ‘взонг кæсджыты зæрдæты. Сæххæст 115 азы драматург æмæ кинорежиссер Джимиты Георгийы райгуырдыл. Уый тыххæй журнал йæ кæсджыты зонгæ кæны зынгæ адæймаджы цард æмæ сфæлдыстадон архайдимæ.

Рубрикæ «Журналы уазæг»-мæ редакци æрбахуыдта конкурс «Ногдзаутæ»-йы уæлахиздзау Челæхсаты Даниелæйы æмæ дзуапп радта редакцийы фарстатæн.

Æвзонг кæсджытæм тынг цымыдис сæвзæрын кæндзæн «Фарстатæ-цымыдистæ», кæцытæ сты мæргътæ, цæрæгойтæ æмæ æндæрты тыххæй. Ирон адæммæ цы бирæ раппæлинаг æгъдæуттæ ис, уыдонæй сæ иу у «Цæуæггаг» æмæ йæ æхсызгонæй бакæсдзысты кæсджытæ. «Бæрæгбæттæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын та мыхуыр æрцыд Нафы дзуары бæрæгбоны тыххæй æрмæг.

Рубрикæ «Фæсарæйнаг поэзи»-йы бын та журналкæсджытæ базонгæ уыдзысты æмдзæвгæтæ «Суарийыл зарæг» æмæ «Зазбæлас»-имæ, уыдон англисаг æвзагæй иронмæ ратæлмац кодта Золойты Аркади. Журнал йæ хъусдард лæмбынæг здахы, фыссынмæ йæ гæрзтæ чи рабаста, аивады тых кæй уæнгты змæлы, уыцы райдайгæ автортæм æмæ сын йæ фæрстыл мыхуыр кæны сæ уацмыстæ. Ацы номыры дæр та мыхуыр сты Æрыдоны 3-æм скъолайы ахуырдзау Лазарты Тамерланы, Хуссар Ирыстоны Цхинвалы 6-æм скъолайы 3-æм «а» къласы ахуырдзау Бежанты Хетæг, Республикæйы сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны сфæлдыстадон аивадон къорд «Ирон дзырды дæснытæ»-йы архайæг Гæджынаты Ардæ, æмдзæвгæтæ «Ирыстон» æмæ «Уарзон бинонтæ»,  Æрыдоны 1-æм скъолайы 8-æм къласы ахуырдзау Къуымæридтаты Аланы, Беслæны 7-æм скъолайы 7-æм къласы ахуыргæнинаг Къуыллыты Чермен æмæ Ногхъæуы скъо-лайы ахуырдзау Хъараты Зауырбеджы уацмыстæ.

Ирон адæммæ цы бирæ цымыдисон хъæзтытæ баззад, уыдонæй сæ иу у хъул æмæ лæдзæгæй хъазт. Уый тыххæй бакæсæн ис рубрикæ «Хъæзтытæ»-йы. Журнал алы хатт дæр йæ фæрстыл радты ирон зарджытæ æмæ та ныр дæр сабитæ базонгæ уыдзысты зарæг «Сабиты цин»-имæ. «Хистæрты сфæлдыстад сабитæн»-ахæм рубрикæйы бын та мыхуыр æр-цыдысты Джимиты Кларæйы аргъæуттæ «Дыууæ тæппуды» æмæ «Гада йæхицæн хуым куыд ныссагъта». «Иры намыс» рубрикæйы та дзырдæуы  диссаджы зондджын, мæлгъæвзаг æмæ адæмæн уарзон Санаты Семы тыххæй, мыхуыр дзы сты йæ базырджын ныхæстæй цалдæр. «Нæ хурты хуртæн» рубрикæйы та æвзонг кæсджытæ базонгæ уыдзысты аргъау «Чъынды мæлдзыг Габо»-йы райдианимæ. Рубрикæ «Кæстæрты æгъдау»-ыл та дзырд цæуы, «Салам дæттыны æгъдау»-имæ, кæцы бацæттæ кодта Кучиты Руслан.

«Ирон мыггæгтæ» рубрикæйы бын сæ мыггаджы тыххæй фыссы Хъæдгæроны астæуккаг скъолайы 2-æм къласы ахуырдзау Беджызты Давид æмæ рубрикæ «Мæ хъæу»ы бын та йæ райгуырæн хъæу Орчъосаны тыххæй кæсджыты зонгæ кæны ацы хъæуы астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуыргæнинаг Цæриаты Виктория.

«Ногдзау»-ы ма цымыдисон æмæ æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ ис ахæм рубрикæты бын, куыд «Базон-базонтæ», «Филворд», «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ, «Æмбисæндтæ», стæй сканворд æмæ дзырдбыд. «Ногдзау»-ы аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Абайты Аркади æмæ Айларты Владимир.

             ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.