Советон хицауад стыр хъусдард здæхта суинаг фæлтæрмæ æмæ сын кæддæриддæр аудыдта сæ æппæтварсон рæзтыл. Иугæр скъолайы къæсæрæй бакъахдзæф кодта, ахуыры фæндагыл æрлæууыд, уæд-иу систы октябронтæ, фæстæдæр, 5-æм къласæй та сæ истой ногдзауты рæнхъытæм. Ногдзауты ахадындзинад æмæ стыр нысаниуæджы тыххæй куыд æндæр адæмты сфæлдыстадон кусджытæ, афтæ ирон поэттæ æмæ композитортæ дæр ранывæзтой сæ зарджытæ. Зæгъæм, «Ногдзаутæ – ног таутæ», «Ногдзауты зарæг», «Ногдзауты марш», «Æрттив, æрттив, нæ развæндаг», «Азарæм иумæ нæ зарæг» æмæ æндæрты автортæ сты Хацырты Сергей, Уырымты Петя, Бигъуылаты Харитон, Цхуырбаты Уасдже, Баситы Мысост, Кокойты Аслан, Е. Колесников, Хаханты Дудар, Кокойты Тæ-тæрхъан æмæ æндæртæ.

«Рæзæм мах нæ дуджы кадæн,

Ахуырмæ – цæттæ!

Мах ыстæм сæрибар адæм –

Ног дуджы фырттæ».

Æцæгдæр, раздæры зын рæстæджы æмæ фæстæдæр та амондджын дуджы, ногдзаутæ дæр ахуыры æмрæнхъ сæ чысыл хайбавæрд хастой, хистæр фæлтæр сын цы хæстæ лæвæрдтой, уыдон æххæст кæнынмæ. Уæдæ быдырты æфсиртæ уидзын, макулатурæ æмæ æфсæйнаджы згъæлæнтæ æмбырд кæнын, рынчын æмæ зæронд æмбæстæгтæн фыццаградон æххуыс бакæнын æмæ æндæр ахæмтæм цæрдæгæй æвнæлдтой.

В. И. Ленгины номыл Ногдзауты æппæтцæдисон организаци сырæзт 1922 азы 19 майы æмæ йыл æххæст кæны 100 азы. Ирыстоны дæр адæмон ахуырады кусджытæ ацы цауыл æмбæлдысты стыр цины æнкъарæнтимæ æмæ йæ рæнхъытæм, фыццаджыдæр истой, ахуыр æмæ уагахастæй цæвиттойнаг чи уыд, ахæм ахуырдзауты. Хъыгагæн, нæ раздæры Советон бæстæйы ногдзауты рæнхъытæм исын фæстæ-мæ алæууыд, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны дæр. Фæлæ ацы организаци æнæ-мæнгхъæуæг кæй у, уый зæрдыл даргæйæ, цадæггай æндидзын райдыдта. Ацы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг архайдыл куыд куыстæуы, уый тыххæй радзырдта Цхинвалы районы администрацийы адæмон ахуырады хайады методист Лолоты Барис:

– 19 майы 100 азы æххæст кæны Ногдзауты æппæтцæдисон организацийы сырæзтыл. Нæ раздæры Цæдисон республикæтæй бирæ рæтты уагъд цæудзысты алыхуызон бæрæгбонон мадзæлттæ. Уымæ гæсгæ мах дæр сфæнд кодтам, цæмæй ногдзауты рæнхъытæм 5-æм æмæ 6-æм кълæсты ахуыргæнинæгты  райсæм, æдæппæт уыдзысты 29 адæймаджы. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ ном ын фæивтой, æмæ сæ ныр та хондзысты раззагонтæ, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны æмæ сæ разылæууæг хæстæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц. Раздæр куыд уыд, афтæ ныр дæр хъуамæ уой ахуыры раззагонтæ, уой хорз кæстæртæ æмæ  се ‘ххуысы хай кæной хистæр кары æмбæстæгтæн.

Цытджын мадзæлттæ ауадзын цæттæ кæнæм дыууæ раны-иу дзы уыдзæн Дменисы, æмæ иннæ та Къостайыхъæуы астæуккаг скъолайы. Мадзалы хайад райсдзысты адæмон ахуырады кусджытæ, афтæ ма ногдзауты раздæры ветерантæ. Уыдон лæмбынæг æрдзурдзысты ногдзауты хæстыл, сæ хæрзиуæгон архайд куыд ахуыры, афтæ ма адæмон хæдзарады хицæн фадгуыты дæр. Цытджын æгъдауæй сыл бабæтдзыстæм галстуктæ, бакæндзыстæм сыл риуылдарæн нысæнттæ, афтæмæй сисдзысты сæ къамтæ æмæ сомбон баз-зайдзысты скъолайы историйы азфысты.

Уæдæ махæн дæр нæ зæрдæ зæгъы ногдзаутæн – ног таутæн ахуыры æнтыстытæ, хæрзæгъдау хъомылад æмæ сомбон Ирыстонæн арфæйаг гуырдтæй цы басгуыхой.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.