Дзауы поселочы уагъд æрцыд зынгхуыст хъайтар, спорты дæснытæм кандидат Санахъоты Геннадийы номарæн турнир боксæй. Ерыстæ уагъд æрцыдысты æртыккаг хатт. Хайад сæ райстой Ирыстоны хуссар æмæ цæгаты хайæ 74 æвзонг боксеры.

Геннади уыд курдиатджын боксер. Бантыст ын æвзæнгты ’хсæн Уæрæсе æмæ Казахстаны чемпионаттæ рамбулын. 2004 азы хæстон архайдтытæ куы райдыдтой, уæд слæууыд райгуырæн бæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты æмæ хъæбатырæй фæмард Тлиахъаны бæрзæнд хъахъхъæнгæйæ.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæ иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссардтой Санахъоты Геннадийы рухс ном. Афтæ ма æрæмысыдысты æвзонг боксер Кортиаты Давиды рухс ном дæр, кæцы ацы аз фæмард трагикон æгъдауæй. Уый дыууæ хатты хайад райста ацы турниры.

Турнир сорганизаци кодта Дзауы районы администрацийы спорты хайад Джиоты Аликы сæргълæудæй.

«Ацы турнир нæ рагæй фæндыд саразын. Æмæ нын йæ ауадзын фыццаг хатт бантыст 2019 азы. Ныфс нæ ис, æрвылаз дæр уагъд кæй цæудзæн, уымæй», — загъта Джиоты Алик.

Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ.

Турнирмæ алы хатт дæр æрцæуы Геннадийы тренер, спортивон æхсæнад «Динамо»-йы хистæр тренер Евгений Матвеев. Ныр дæр æркодта æвзонг боксерты.

«Тынг æхсызгон мын у, мæ хъомылгæнинаджы номыл ахæм ерыстæ уагъд кæй цæуынц. Бузныг зæгъын мæ фæнды йæ организатортæн. Геннади уыд сыгъдæгзæрдæ лæппу. Нæ спортивон æхсæнад дзы уыд сæрыстыр. Мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй ацы турнир суа дунеон», — банысан кодта Евгений Матвеев.

Ерыстæ уагъд цыдысты дыууæ боны дæргъы. Сæ фæстиуджытæм гæсгæ йæ уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ, кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Хуриты Батрадз