Ныр 3-аг аз фæд-фæдыл Дзауы районы уагъд æрцыд Ирыстоны хъайтар Сиукъаты Таймуразы номарæн республикон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ацы хатт тохтæ уагъд цыдысты Дзауы поселочы центры гом сценæйыл. Ерысты хайадисджыты архайд фенынмæ турнирмæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли дæр. Паддзахады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй йын тынг æхсызгон у, хъайтары ном кæй нæ рох кæнынц, уый.

«Уый стыр хъуыддаг у, хъайтары рухс номыл турниры афтæ бирæ хайадисджытæ кæй ис. Мæхæдæг дæр æвзонгæй цыдтæн уæгъдибар хъæбысхæстæй. Мæ тренертæ уыдысты Сиукъаты Таймураз æмæ Тедеты Мурат. Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын йæ организатортæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Ерысты хайад райстой 107 æвзонг богалы. Сæйраджыдæр турниры призтыл тох кодтой, 14 азы онг кæуыл цыд, уыцы æвзонг хъæбысæйхæцджытæ. Сæ тыхтæ фæлвæрдтой куыд Дзауы, афтæ Къуайса, Ленингор æмæ Цхинвалы минæвæрттæ.

Турнир ссис æрвылазон. Йæ сæйраг организатор у Сиукъаты Таймуразы æмгар Хъоцыты Тамерлан. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йын ерыстæ ауадзынæн баххуыс кодтой РХИ-йы Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды службæгæнджытæ сæ командир Плиты Игоры сæргълæудæй æмæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг.

Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн раарфæ кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг, парламентон комитеты сæргълæууæг Джиоты Инал  æмæ спорты фарстыты фæдыл Президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

Уый фæстæ айзæлдысты РХИ-Паддзахад Алани æмæ Уæрæсейы Федерацийы паддзахадон гимнтæ æмæ турнир официалонæй гомыл нымад æрцыд.

Музыкалон хайы та зарыд Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Къæбысты Маир.

Карз спортивон тохты фæстæ фæбæрæг сты турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ. Уыдон иууылдæр æрцыдысты хорзæхджын.

Дыккаг бон та Сиукъаты Таймуразы номарæн турниры сæ тыхтæ фæлвæрдтой самбисттæ. Ерысты хайад райстой Цхинвал, Знауыры Дзау, Ленингор, Дзæуджыхъæу, Беслæны æмæ Сунжæйы минæвæрттæ.

Турнир байгом кæныны церемонийы сын раарфæ кодтой Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Магкоты Уырызмæг, Знауыры районы админиситрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Инал æмæ Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь. Наниты Игорь хорз зыдта Сиукъаты Темойы.

«Сиукъаты Темоимæ куыстон милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды. Уæззау уавæрты-иу немæ куы уыд, уæд-иу мах фидарæй уырныдта, алцы дæр хорз кæй уыдзæн, уый. Уымæн æмæ æрвылхатт дæр уый уæззау уавæрты иста иууыл растдæр уынаффæ», – банысан кодта Наниты Игорь.

Ерысты хайад райстой 100 самбистæй фылдæр. Ам дæр ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты куыд Кады грамотæтæй, афтæ зæрдылдарæн призтæй дæр.

РОГ АТЛЕТИКÆ

Ныр 5-æм аз фæд-фæдыл Цхинвалы уагъд æрцыд Рог атлетикæйы федерацийы президенты Кубок рамбулыны сæраппонд республикон турнир. Хайад дзы райстой 17 скъолайы командæтæ.

Ерысты официалонæй байггом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарæф кодтой раздæры зындгонд спортсментæ Наниты Лев æмæ Хæбæлаты Алексей.

Турниры хайадисджытæ сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой 6 дисциплинæйы.

Ядро æппарынæй чызджыты ‘хсæн рамбылдта Голойты Агуындæ, лæппуты ‘хсæн та – Тадтаты Ричард.

100 метрмæ згъорынæй иууыл цырддæр уыдысты Тедеты Олеся æмæ Босыкты Вадим. 400 метрмæ хуыздæр бæрæгæнæнтæ равдыстой Тедеты Олеся æмæ Хаситы Зауыр. 800 метрмæ згъорынæй финишмæ фыццæгтæ æрбалыгъ-дысты Джиголаты Аланæ æмæ Томайты Дмитри.

Дæргъмæ гæпп кæнынæй иууыл хуыздæр сæхи равдыстой Багаты Аланæ æмæ Диакъонты Сергей.

Куыд рог атлетикæйы дунеон ерысты, афтæ та ацы ерысты дæр уæлдай цымыдисондæр рауад эстафетæ 4х100 м. Ам иууыл хуыздæр сæхи равдыстой скъола-интернаты минæвæрттæ, 2-аг бынат бацахста 2-æм скъолайы командæ æмæ 3-аг та ссис гимнази «Альбион».

Уый фæстæ тæрхонгæнджытæ æрæвнæлдтой командæты баллтæ нымайæнмæ, цæмæй сбæрæг кодтаиккой ерысты фæстиуджытæм гæсгæ турниры сæйраг Кубок чи рамбылдта, уыцы командæйы ном.

Радон хатт та иууыл цæттæдæр разынд гимнази «Альбион»-ы командæ, кæцы хорзæхджын æрцыд РХИ-йы Рог атлетикæйы федерацийы президенты Кубокæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.