Цхинвалы республикон комплексон спортивон скъолайы уагъд æрцыд Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæсты бындурæвæрæг Къораты Харитон æмæ йæ хъомылгæнинаг дунейы къласы спорты дæсны, СССР æмæ Европæйы чемпион  Цхуырбаты Андрейы номарæн турнир. Ерысты сæ тыхтæ фæлвæрдтой 170 богалы, куыд Цхинвалæй, афтæ Дзау, Къуайса æмæ Ленингорæй. Ерысты официалонæй байгом кæныны церемонийы æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй алы ерыстæ дæр ахсджиаг сты, уымæн æмæ сæ архайынц рæзгæ фæлтæр.

«Ацы турнир у æрвылазон. Уый фæрцы æвзонг хъæбысæйхæцджытæ зондзысты ацы спорты хуыз нæ республикæйы кæй фæрцы фæзынд, цы традицитæ дзы ис, уыдон», – банысан кодта Зассеты Сергей

Президенты номæй æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кодта спорты фарстыты фæдыл паддзахады сæргълæууæджы æххуысгæнæг Джиоты Руфин.

«Президенты номæй бузныг зæгъын ерысты организатортæ – Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей, уæгъдибар хъæбыс хæсты республикон скъолайы директор Тедеты Мурат, ацы скъолайы ахуыры хайы  сæргълæууæг Бестауты Мурат æмæ тренертæн иууылдæр», – загъта Джиоты Руфин.

Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты кубоктæ æмæ майдантæй.

Уæгъдибар хъæбысхæсты республикон скъолайы директор Тедеты Мурат куыд фехъусын кодта, афтæмæй сын ерыстæ ауадзынæн баххуыс кодта политикон парти «Иугонд Ирыстон».

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.