Дзæуджыхъæуы уагъд æрцыд дыууæ хатты Олимпион чемпион, легендарон богал Андиаты Сосланы номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты 97 кг уæзы категорийы æвзист майдан рамбылдта хуссарирыстойнаг богал Дзæгъиаты Сослан. Тренер Коцты Тамерланы хъомылгæнинаг финалы хæцыд Джиоты Жорикимæ. Райдианы хуыздæр архайдта Сослан, æмбылдта 4:0 хыгъдæй, фæлæ фæстагмæ афæллад æмæ уыцы хабарæй спайда кодта Джиойы фырт æмæ йын бантыст ерысты уæлахиздзау суæвын.

Ирон хъæбысæйхæцджытæй ма сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой Гобаты Артем (57 кг), Тауитты Чермен (62 кг), Уалыты Эльбрус (65 кг), Уалыты Чермен (74 кг), Найфонты Артур (86 кг), Уалыты Радик (79 кг), Чертхъоты Гурам (92 кг), Хуыбылты Ален (125 кг). Æвзист призертæ систы Хæдæрцаты Алик (65 кг), Бетанты Дэвид (79 кг), Мæхъиты Зауыр (86 кг) æмæ Хуыгаты Алан (125 кг). Бронзæйон хорзæхтæ та бафтыдысты Сабанты Александр (61 кг), Сечъынаты Георги (70 кг), Бæтъиаты Алик (79 кг), Джиоты Саламат (79 кг), Наниты Славик (92 кг), Багаты Алан (92 кг), Тæпсиаты Тамерлан (86 кг), Коцойты Тамерлан (97 кг), Джыгкайты Тамик (97 кг), Хынцæгты Сосланы (125 кг) къухты.

ТУРНИР ШАХМАТТÆЙ

Адæмы иудзинады боны цытæн Цхинвалы уагъд æрцыд командон турнир шахматтæй. Хъæзтытæ уагъд цыдысты паддзахадон университеты шахматон клубы. Ерысты хайад райстой 9 командæйы. Уыдон уыдысты куыд республикæйы районтæй, афтæ ма сæйраг призыл тох кодтой Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Стъараполы крайы командæтæ.

Турнир байгом кодта РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги. Æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны цытæн раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы сæргълæууæг Сергей Скворцов.

Алы командæйы сконды дæр уыд æртæ адæймаджы. Ерысты сæ цæттæдзинад фæлвæрдтой æрыгон шахматисттæ дæр.

«Тынг æхсызгон нын у РЦИ-Аланийы командæ нæ ерыстæм кæй æрцыд, афтæ ма дзы Стъараполы крайы горæт Армавиры командæ дæр хайад кæй исы, уый. Се сконды хъазынц тыхджын шахматисттæ. Бæрæг фæтыхджындæр сты нæ республикæйы æвзонг шахматисттæ дæр. Уымæ гæсгæ, ерыстæ рауадысты тынг цымыдисон», — банысан кодта РХИ-йы шахматты федерацийы президент Саулохты Георги.

Ерысты фавориттыл нымад цыдысты Хусссар Ирыстоны Паддзахадон университеты æмæ РЦИ-Аланийы командæтæ. Уыдон фыццаг хатт нæ фембæлдысты кæрæдзиимæ. Раздæр-иу уыдон ‘хсæн тох цыд преми Нарты фæткъуыйы лауреат Челехсаты Хъазбегы турниры сæйраг приз рамбулыныл. Цæгатирыстойнаг шахматисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй алы хатт дæр хорз зæрдæйы равгимæ æрцæуынц Ирыстоны хуссар хаймæ. Командæйы лидертæй сæ иу у РЦИ-Аланийы Адæмон артист Къуыллыты Сергей.

«Тынг æхсызгон нын вæййы Хуссар Ирыстон нæ ерыстæм кæй фæхонынц, уый. Банысан кæнын мæ фæнды уый дæр, æмæ хуссарирыстойнаг шахматистты цæттæдзинад бæрзондæй-бæрзонддæр кæй кæны. Æвæццæгæн, Саулохты Георгийы хуызæн адæймаг цæгаты дæр куы уыдаит, уæд шахматты размæцыдыл хорз бандæвтаит», — загъта Къуыллыты Сергей.

Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ алы командæ дæр иннæтимæ акодта фæйнæ иу хъазты. Партитæ иууылдæр акæнгæйæ иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта ХИПУ-йы командæ æмæ ссис турниры сæйраг призы хицау. Дыккаг бынат бацахста РЦИ-Аланийы командæ æмæ æртыккаг бынатыл та ацыдысты Стъараполы крайы минæвæрттæ.

Сывæллæтты ‘хсæн та иууыл цæттæдæр разындысты шахматон скъола «Белая ладья»-йы чызджыты командæйы хъазджытæ.

Ерысты уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

СÆХХÆСТ КОДТА СПОРТЫ ДÆСНЫЙЫ НОРМАТИВ

Цхинвайлаг спортсменкæ Бикойты Анастасияйы ном бацыд РХИ-йы спорты историмæ, куыд фыццаг спортсменкæ, кæцы ленккæнынæй сæххæст кодта спорты дæсныйы норматив. Ахæм æнтыст уымæн йæ къухты бафтыд Казаны уагъдцæуæг ерысты «Кубок ректора ПГУФКСиТ»-ы. Æдæппææй хуссарирыстойнаг спортсментæ рамбылдтой 5 сыгъзæрин, 10 æвзист æмæ 9 та бронзæ майданы.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.