Дзауы поселочы уагъд æрцыд Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнæг, спорты дæснытæм кандидат Санахъоты Геннадийы номарæн турнир боксæй. Тохтæ цыдысты поселочы актон залы, цыран сценæйыл æвæрд æрцыд ринг. Хайад сæ райстой 76 æвзонг боксеры Цхинвал, Дзау, Дменис æмæ РЦИ-Аланийы Горæтгæрон районæй. Ерысты хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, фыццаг рады мæ бузныг зæгъын фæнды турниры организатортæн ахæм рæсугъд ерыстæ нын кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй. Жаннæ Виссарионы чызг равдыста стыр фидардзинад. Хъæбул фесафын тынг зын у. Æмæ уыцы зындзинады фæстæ фæстæмæ кусай, архайай, адæмæн лæггад кæнай, уый стыр зæрдæйыл дзурæг у. Æмæ йын зæгъын стыр бузныг. Мæрдты бæсты кæд исты ис, уæд нын Геннади бузныг дзуры, уæлдайдæр та йæ мадæн, цæмæй йæ ном сæфт ма уа, уый тыххæй нæ бон архайын кæй у, уый тыххæй», – загъта Президент.

Ерыстæм æрбацыдысты Геннадийы хиуæттæ дæр. Æрæмбырдуæвджытæн бузныг загъта Геннадийы мад, РХИ-йы культурæйы министр Зассеты Жаннæ. «Адæймаджы иууыл стырдæр цырт у – адæм æй куынæ рох кæ-ной, уый. Стыр бузныг мæ фæн-ды зæгъын ардæм чи æрбацыд, уыдонæн, йæ хъомылгæнинæгты чи бацæттæ кодта, ерысты ор-ганизатортæн. Аргъ кæнут уæ сывæллæттæн, хъахъхъæнут сæ, кувут сын. Уымæн æмæ хъæбулы ныййарæджы куывд денджызы бынæй дæр  сисдзæн. Æвæццæгæн, æз æвзæр куывтон. Фæнды мæ, цæмæй уæ сывæллæттæн уа хорз æмгæрттæ, кæцытæ сæ никуы ныууадздзысты уæззау рæстæджы», – банысан кодта Зассеты Жаннæ.  

Тохтæм йæ хъус дардта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей. Уый стыр хайбавæрд бахаста, цæмæй хъайтары номыл уагъд æрцыдаит спортивон бæрæгбон. «Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын, ерыстæ ауадзæн нын чи баххуыс кодта, уыдонæн. Сæйраджыдæр та Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Аликæн. Мах хъуамæ ма рох кæнæм уыцы адæмы, кæцытæ сæ цард снывонд кодтой Райгуырæн бæстæы сæрибардзинады сæраппонд», – загъта йæ раныхасы Джиоты Андрей.

Ерысты фыццаг бон спортуарзджытæ бакастысты 35 тохмæ. Дыккаг бон та, 29 октябры уагъд æрцыдысты финалон фембæлдтытæ. Уыцы бон Геннадийыл сæххæст уыдаит 43 азы. Геннади уыд курдиатджын боксер. Рамбылдта æвзæнгты ‘хсæн Уæрæсе æмæ Казахстаны чемпионаттæ. Фæлæ 2004 азы хæстон архайдтытæ куы райдыдтой, уæд слæууыд Райгуырæн бæстæйы хъахъхъæнджыты рæнхъыты æмæ хъæбатырæй фæмард Тлиахъаны бæрзæнд хъахъхъæнгæйæ.

Турнирмæ æрбацыд Геннадийы тренер Евгений Матвеев. Уый стыр æхсызгонимæ æрæмысыд йæ хъомылгæнинаджы ном. «Геннади уыд сыгъдæгзæрдæ лæппу. Æнувыд – йæ Райгуырæн бæстæйыл. Нæ спортивон æхсæнад «Динамо» сæрыстыр уыд Геннадийæ», – загъта Евгений Матвеев.

Ерысты тренертæ бафæлвæрдтой сæ хъомылгæнинæгты цæттæдзинад. Турниры хайад райстой куыд фæлтæрдджын, афтæ нырма æрæджы боксæй архайын чи райдыдта, уыцы боксертæ дæр. Боксы скъолайы тренер Кокойты Мураты хъуыдымæ гæсгæ, турнир фæахъаз уыдзæн æвзонг спортсменты арæхстдзинад фæбæрзонддæр кæнынæн. Турниры фæстиуджытæм гæсгæ  хуыздæр боксертæ хорзæхджын æрцыдысты зæрдылдарæн лæвæрттæй. Сæрмагонд лæвæрттæ ма райстой кæстæр кары категорийы уæлахиздзаутæ. Санахъоты Геннадийы бинонты номæй сын лæвæрд æрцыд æвзист майдантæ сыгъдæг бынæтты хуызистытимæ. Геннадийы мад Зассеты Жаннæ ма схорзæхджын кодта ерысты организатортæ æмæ тæрхонгæнджыты. Турниры хуыздæр техникæйы тыххæй призтæ райстой Кокойты Лев æмæ Ян Яралов. Букуылты Георги æмæ Санахъоты Георгийæн та уæлахизмæ тырнындзинады тыххæй лæвæрд æрцыдысты грамотæтæ. Дзауы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Джиоты Алик куыд загъта, афтæмæй сæ рагæй фæндыд ацы турнир ауадзын. Æмæ ныр районы хорз боксертæ куы фæзынд, уæд сфæнд кодтой йæ ауадзын. Уый бузныг загъта паддзахады сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн йе ‘ххуысы тыххæй. Афтæ ма бузныгæй баззад районы администрацийы сæргълæууæг Джиоты Андрей, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан æмæ Парламенты депутат Чилæхсаты Владимирæй ерыстæ ауадзынæн сын алыгъуызон æххуыс кæй бакодтой, уый тыххæй.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.