Кæронмæ бахæццæ зынгхуыст хъайтар Козаты Левы номарæн республикон турнир мини-футболæй. Ерыстæ 6-æм аз фæд-фæдыл ауагътой РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ æхсæнадон организаци «Зиу». Ацы хатт та турниры призтыл тох кодтой 15 командæйы. Козаты Лев фæмард 2008-æм азы августы мæйы Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнгæйæ. Уый уыд футболист. Хъазыд республикæйы сæйраг футболон командæ Цхинвалы «Спартак»-ы. Уæд командæйы сæйраг тренер уыд Мæргъиты Вячеслав. Уый ныр æххæст кодта турниры сæйраг тæрхонгæнæджы хæстæ.

«Лев курдиатджын футболист уыд. Уый фидар удыхъæды хицау кæй уыд, уый æвдыста хъазæн фæзы. Тынг æхсызгон мын у ахæм турнир уагъд кæй цæуы, уый. Федтам бирæ цымыдисон хъæзтытæ», – банысан кодта Мæргъиты Вячеслав.

Хъæзтытæм сæ хъус дардтой Козаты Левы хиуæттæ. Финалон хъазтмæ æрбацыд Левы фыды æфсымæр Козаты Вячеслав. Уый йæхæдæг дæр уыд зындгонд футболист æмæ йын уый йæ чысылæй фæстæмæ бауарзын кодта футбол.

Турнир райдыдта 5-æм ноябры. Уый уагъд æрцыд Олимпион системæмæ гæсгæ. Абон уагъд æрцыдысты финал æмæ 3-аг бынат бацахсыны тыххæй хъæзтытæ. Бронзæ майданыл хъазты хуыздæр сæхи равдыстой 2-æм астуæккаг скъолайы футболисттæ æмæ 2:1 хыгъдæй рамбылдтой гимнази «Альбион»-ы командæйы. Цымыдисон рауад финалон хъазт дæр, цыран фембæлдысты 5-æм скъолæ æмæ гимнази «Рухс»-ы командæтæ. Ам та арæхстджындæр архайдтой 5-æм скъолайы футболисттæ æмæ 4:1 хыгъдæй фæуæлахиз уæвгæйæ фыццаг хатт систы турниры сæйраг призы хицæуттæ.

Турниры уæлахиздзаутæ æмæ призертæ схорзæхджын кæныны церемонийы йæ хайадисджытæн раарфæ кодтой РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Кокойты Георги, РХИ-йы Генералон прокуроры хæдивæг Битеты Сергей, æхсæнадон организаци «Зиу»-ы минæвар Гæбæраты Эдуард æмæ футболон скъолайы директор Битеты Зауыр. Ерысты уæлахиздзаутæ æмæ призертæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæ æмæ кубоктæй. Турниры фæуæлахизуæвæг командæйæн ма сæрмагондæй кубок радта Генералон прокуроры хæдивæг Битеты Сергей.

Хорзæхтæ ма лæвæрд æрцыдысты ерысты хуыздæр хъазджытæ Бибылты Андрей, Къæбысты Давид æмæ Галуанты Асланæн.

Ерысты кæронбæттæны йæ хайадисджытæ æмæ организатортæ бацыдысты Лев цы бынаты фæмард, уырдæм æмæ йын дидинтæ сывæрдтой йæ цыртыл.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.