Гимназ «Альбион»-ы уагъд æрцыд зындгонд математиктæ Гасситы Отар, Коцты Карлен, Бестауты Юри, Плиты Руслан æмæ Бекъойты Эдуарды номарæн республикон турнир тагъд шахматтæй. Сорганизаци йæ кодтой РХИ-йы Шахматты федераци æмæ гимназ «Альбион». Турнир официалонæй байгом кæныны церемонийы ахуырдзаутæ æрбацæуæг адæмы цыбыртæй базонгæ кодтой зындгонд математикты биографитимæ. Ерыстæ уагъд æрцыдысты ныр дыккаг хатт. Шахматты федерацийы президент Саулохты Георгийы ныхæстæм гæсгæ, турнир ацыд бæрзонд æмвæзадыл.

«Афтæ бирæ шахматисттæ ахуырдзауты ‘хсæн турниры фыццаг хатт хайад райстой. Фидарæй мæ уырны, иннæ аз ноджы фылдæр кæй уыдзысты. Бузныг мæ фæнды зæгъын гимназ «Альбион»-ы къухдариуæгадæн. Ацы турнир ма ауагътам ивгъуыд аз дæр. Гимназы директор Гуыцмæзты Иринæимæ куыд бадзырдтам, афтæмæй турнир суыдзæн æрвылазон, – загъта РХИ-йы Шахматты федерацийы президент Саулохты Георги.

Ерысты хайад райстой 10 командæйы. Алы командæйы сконды дæр уыд æртæ хъазæджы. Турниры уагæвæрдмæ гæсгæ, уыдон дихгонд æрцыдысты дыууæ къордыл. Финалмæ хызтысты, сæ дæлкъордты фыццаг дыууæ бынаты чи бацахста, уыдон. Къордон партиты фæстæ финалы фембæлдысты гимназ «Альбион»-ы фыццаг командæ æмæ Къуайсайы скъолайы командæ. Æнтыстджындæрæй ахъазыдысты гимназы шахматисттæ, рамбылдтой 2:1 хыгъдæй æмæ систы ерысты уæлахиздзаутæ. Турниры 3-аг бынат та бацахста гимназы дыккаг командæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ гимназ «Альбион» нымад кæй у республикæйы иууыл спортивондæр ахуырадон уагдæттæй сæ иуыл. Йæ директор Гуыцмæзты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ, уыдон турнир уадзынц сывæллæтты интеллектуалон размæцыды нысанæн.

«Шахматтæй хъазт ахъаз кæны сывæллæтты интеллектуалон рæзтæн. Стæй ма рæзгæ фæлтæр хъуамæ зоной, республикæйы цы стыр математиктæ уыдис, уыдоны. Уыдон-иу æрвыл хуыцаубон дæр æрæмбырд сты æмæ-иу хъазыдысты шахматтæй», – банысан кодта Гуыцмæзты Иринæ.

Турниры кæрон РХИ-йы Шахматты федерацийы президент Саулохты Георги уыцы иурæстæджы ахъазыд ерысты хуыздæр 12 хъазæгимæ.

 

СПОРТИВОН ХЪÆБЫСХÆСТ

Мæскуыйы уагъд æрцыд хъæбысхæстæй Европæйы иууыл сæйрагдæр командон турнир «Кубок Алроса», зæгъгæ. Уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты  уæлахиздзау ссис Уæрæсейы æмбырдгонд командæ. Йе сконды архайдтой Сидахъты Зауырбег, Найфонты Артур, Санахъоты Ацæмæз æмæ Къозонты Зауыр. Уæрæсейы командæ финалы рамбылдта Азербайджаны, командæйы сконды  уыд Гостиаты Александр.

Хуриты Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.