Цхинвалы уагъд æрцыд зындгонд шахматист, тренер, поэт, журналист æмæ æхсæнадон архайæг, шашкæтæй Советон Гуырдзыстоны чемпион Гобозты Валерийы номарæн 2-аг турнир. Ерысты официалонæй  байгом кодта æмæ йын йæ хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы шахматты федерацийы президент, Валерийы хъомылгæнинаг Саулохты Георги. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæ тренер стыр хъусдард здæхта рæзгæ фæлтæрæн шахматтæ бауарзын кæнынмæ.

«Тынг хорзæй хъуыды кæнын, 90-азты уæззау рæстæджыты уый куыд цæттæ кодта ахуырдзауты. Æмæ-иу кæд хатæны уазал уыд, уæддæр-иу æрвылхатт дæр уагъта тренировкæтæ. Нæ республикæйы шахматты размæцыды хъуыддаджы уымæн йæ хайбавæрдæн саргъгæнæн дæр нæй», – загъта уый.

Уый фæстæ ХИПУ-йы ирон филологийы факультеты студенттæ æрæмбырдуæвджытæн бакастысты Валерийы фыст æмдзæвгæтæ.

Турнирмæ æрбацыдысты Гобозты мыггаджы минæвæрттæ дæр.

«Тынг æхсæзгон мын у,  нæ республикæйы шахматтæ афтæ популярон кæй сты, уый. Валери удæгас куы уыдаит æмæ куы федтаит ацы спортивон бæрæгбон, уæд ын тынг æхсызгон уыдаит», – банысан кодта Гобозты Станислав.

Турниры организатортæ æмæ йæ хайадисджытæн бузныджы ныхæстæ загъта Валерийы хо Ляля дæр.

«Валери бирæ куыста шахматты популяризацийы тыххæй. Йæхицæн тренер никуы уыд. Фæлæ йын уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ стыр æнтыст уыд 100-чырæгон шашкæтæй. 1977 азы ссис Советон Гуырдзыстоны чемпион дæр», – радзырдта Гобозты Ляля.

Турниры хайад райстой 20 адæймаджы. Уыдон дихгонд уыдысты дыууæ кары къордыл. Хистæр кары спортсменты ‘хсæн турниры призтыл тох кодтой 8 шахматисты, ахуырдзауты ‘хсæн та сæ арæхстдзинад æвдыстой 12 адæймаджы. Ерысты уагæвæрдмæ гæсгæ алы спортсмен дæр иннæтимæ кодта фæйнæ иу хъазты. Уæлдай цымыдисондæр рауадысты хистæр кары ‘хсæн ерыстæ. Фæстаг партийы онг турниры лидер уыд Гæбæраты Ацæмæз. Фæлæ æнæнхъæлæджы фæстаг хъазты фæхæрд æвзонг шахматист Танделаты Давидæн æмæ дыууæ дæр ацыдысты 3-аг бынатыл. Æмхуызон очкотæ ма æрæмбырд кодтой æмæ фыццаг бынат адих кодтой  Саулохты Георги æмæ Къæбысты Эдуард.

Ахуырдзауты ‘хсæн аккаг ныхмæлæууæг нæ разынд Танделаты Арсенийæн, 2-аг ссис Къæбулты Алан æмæ 3-аг бынатыл та ацыд Кокойты Мария. Уыдон иууылдæр хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæй æмæ призтæй.

«Ивгъуыд азимæ абаргæйæ, ацы аз нæ ерыстæ рауадысты ноджы цымыдисондæр. Алы хъазты дæр цыд карз спортивон тох. Турнир уаддзыстæм æрвылаз дæр июны мæйы. Ныр та мæ бузныг зæгъын фæнды ерысты ауадзынæн нын чи баххуыс кодта, уыдонæн –  Национ банчы сæргълæууæг Зассеты Феликс, РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет, республикон библитекæ æмæ Гобозты мыггаджы минæвæрттæн», – банысан кодта Саулохты Геори.

Шахматы федераци радон ерыстæ ауадзын фæнд кæны фæззæджы. Уæд уагъд æрцæудзæн республикæйы чемпионат.

Хуриты Батрадз      

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.