Бестауты Алымбеджы райгуырдыл сæххæст 85 азы

Спорты хуызтæй Ирыстоны иууыл тынгдæр кæмæн кад кæнынц, уый у хъæбысхæст. Нæ уыд ахæм ирон лæппу, кæцы-иу йæ гæрзтæ нæ рабаста æндæр лæппуимæ йæ тыхтæ хъæбысхæстæй сфæлварынмæ. Тыхджындæр богалтæн уæлдай стырдæр кад уыдис адæмы ‘хсæн. Афтæ у абоны бон дæр. Ирыстоны зæхх дунейæн бирæ номдзыд богæлттæ радта. Æгас дунейыл сæ нæмттæ кæмæн айхъуыстысты, уыдонæй сæ иу у уæгъдибар хъæбысхæстæй ирæтты æмæ уæрæсейæгты æхсæн дæр дунейы фыццаг чемпион, 1956 азы Мельбурны Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер, 1956 азы Дунейы кубокы фыццаг рамбулæг, 1957 азы дунейы чемпион, æндæр бирæ ерысты призер æмæ уæлахиздзау, ССР Цæдисы сгуыхт тренер Бестауты Алымбег.

Алымбег райгуырд 1936 азы Знауыры районы Дидмухайы хъæуы. Скъолайы дæр ам ахуыр кодта. Хъæбысхæстмæ дæр йæ фыццаг къахдзæфтæ ам акодта. Банысан кæнын хъæуы,  Дидмуха æмæ Мугуты хъæуты фæсивæд кафын æмæ зарын бирæ кæй уарзтой, фæлæ уæлдай æвзыгъддæр уыдысты хъæбысхæстмæ. Æмæ сын сарæзтой, хъæбысæй кæм хæцыдаиккой, ахæм сæрмагонд бынат. Уыцы бынаты сын абоны спортивон залтау гауызтæ æвæрд нæ уыд, фæлæ-иу дзы ныккалдтой хырхæй лыстæг фадæнтæ æмæ-иу уым æвзæрстой сæ хъарутæ.

Фæзындысты-иу сæм сыхаг Аунеу æмæ Дуаны хъæуты лæппутæ дæр æмæ-иу сын хæцын бацайдагъ суанг изæрмилтæм.

Ацы хъæуты бирæ мыггæгтæ цард æмæ сæм уыд тыхджын лæппутæ. Уыдонæй уыд ахæмтæ, кæцытæн нæ уыд æмсæр ныхмæлæууæг, нæдæр сæхи хъæуты, нæдæр сæ сыхаг гуырдзиаг хъæуты. Уæлдайдæр та Гæбæраты Серги æмæ Герсанæн.

Бестауты лæппутæм дæр уыд бирæ тыхджынтæ, фæлæ дзы Алымбегæн æмбал нæ уыд.

Фæстæдæр Серги æмæ Герсан хъæбысæй хæцынмæ цыдысты Цхинвалмæ. Ардæм-иу сæ тых æвзарынмæ æрцыдысты Гуырдзыстоны алы къуымтæй, фæлæ-иу дзы Серги æмæ Герсанæн аккаг ныхмæлæууæг нæ уыд. Фæстагмæ хайад исын райдыдтой республикон ерысты дæр æмæ-иу æрбаздæхтысты уæлахиздзаутæй.

Алымбег тынг бирæ уарзта Серги æмæ Герсаны тохтæм кæсын. Ахуыр сын кодта сæ фæлтæрддзинад. Афтæ бирæ сæ уарзта æмæ-иу æй йæ къах нал хаста уыдоны цурæй. Уæлдайдæр та Сергийы цурæй.

Сергийæн йæ ном дунейыл куы айхъуыст, уæд æй ноджы тынгдæр бауарзта. Серги уайтагъд фæхатыд Алымбеджы цымыдис спорты ацы хуызмæ æмæ чысыл Алымбегæн амонын райдыдта хъæбысхæсты сусæгдзинæдтæ. Кодта йæ тренировкæ дæр. Афтæмæй Алымбег йæ рæстæг фылдæр æрвыста Сергиимæ. Йæ фыд Барис æмæ йæ мад  Гæбæраты Бабуца-иу Сергийæн хъазгæйæ дзырдтой:

– Нæ чысыл лæппу махæй дæу фылдæр уарзы æмæ сымах уæд. Уæд-иу Серги йæ мидбылхудгæ загъта: «Уадзут æй, мæ чысыл хæрæфыртæй ахæм лæппу рауайдзæн æмæ йæ хорзы кой дунейыл айхъуысдзæн».

Æмæ, æцæгæйдæр, Серги цæстуарзонæй амонын райдыдта хъæбысхæсты теори æмæ практикæ Алымбегæн. Дзырдта-иу ын, зæгъгæ, цахæмфæнды тыхджын богалимæ куы хæцай, уæддæр хъуамæ дæ ныфс ма асæтта, хъуамæ ма тæрсай. Дæ февнæлд хъуамæ уа рæвдз. Хъуыды кæнай, дæ ныхмæлæууæгыл куыд фæуæлахиз уай, ууыл. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр йæ курдиат райхæлд, Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Йе стыр уæлахизы фæндаг уырдыгæй райдыдта.

1953 азы Ставраполы уагъд цыдис æвзæнгты æхсæн ССР Цæдисы чемпионат. Хайад дзы райста Алымбег дæр æмæ йæ къухы бафтыд стыр æнтыст. Йæ ныхмæлæуджытæй алкæуыл дæр фæуæлахиз. Финалы та фембæлд азербайджанаг тыхджын богал С. Аивазянимæ æмæ уый дæр сæвæрдта йе уæнтыл. Æмæ ссис ССР Цæдисы чемпион.

1954 азы дæр ын æмсæр тохгæнæг нæ разынд æмæ дыккаг хатт ссис ССР Цæдисы чемпион. Уæд та финалы фембæлд сомихаг тыхджын богал Мовсесианимæ.

1955 азы Польшæйы сæйраг горæт Варшавæйы уагъд цыдысты æвзæнгты æхсæн хæ-ларадон хъæзтытæ. Ацы бæрнон ерысты йæм финалы æрхауд фысымты тыхджын богал Кучинский æмæ кæд Бестауы фырт активондæрæй архайдта, уæддæр уæлахиз радтой польшæйаг богалæн.

Уыцы аз ма Минскы уагъд цыд ССР Цæдисы чемпионат. Ацы бæрнон ерысты Алымбеджы ныхмæлæууæг финалы уыд тыхджын богал Дадашев, фæлæ йыл ирон богал фæуæлахиз æмæ ссис бæстæйы чемпион.

1956 азы Австрийы сæйраг горæт Мельбурны уагъд æрцыдысты XVI-æм Олимпион хъæзтытæ. Ардæм Алымбег йæхи тынг хорз бацæттæ кодта, фæлæ æнæнхъæлæджы фембылд япойнаг тыхджын богал Касахарайæн æмæ бацахста æртыккаг бынат, райста бронзæ майдан. Уыцы аз ма Турчы горæт Стамбулы уагъд цыдис уæгъдибар хъæбысхæстæй дунейы чемпионат. Ам дæр та Алымбег фембæлд тыхджын Касахараимæ. Бестауы фырт æй афтæ бафæллайын кодта æмæ æхсæзæм бынат дæр нал бацахста. Алымбегæн уый уыд йæ иууыл стырдæр æнтыст. Уæд ссис дунейы чемпион. Уæдмæ ирон адæмæй дунейы чемпион ничима уыд.

НОМДЗЫД БОГАЛ

Уыцы аз ма Мæскуыйы уагъд цыдис ССР Цæдисы адæмты спартакиадæ. Ам хъахъхъæдта Мæскуыйы кад æмæ бацахста дыккаг бынат.

Бестауты Алымбег дунейы чемпион дыккаг хатт ссис 1957 азы. Уый ма æнтысгæйæ рамбылдта Дунейы Кубок æмæ бирæ хæттыты уыд  Дунейы турнирты уæлахиздзау

Алымбегæн йе спортивон æнтыстыты тыххæй лæвæрд æрцыд ССР Цæдисы спорты мастеры ном, дунеон къласы спорты мастеры ном æмæ ССР Цæдисы  спорты сгуыхт мастеры ном.

1959 азы Бестауты Алымбег каст фæцис Ленинграды Сырхтырысаджын æфсæддон институты физикон культурæ æмæ спорты хайад. Уыдис ын афицеры чин. Бирæ азты дæргъы куыста Советон Æфсады Централон Советы командæйы тренерæй. Фæсивæдæн уарзын кодта физикон культурæ æмæ спорт. Йæ хъомылгæнинæгтæй бирæтæ сты зынгæ хъæбысæйхæцджытæ. Йæхи фырт дæр уарзта спорт æмæ æфсæддон хъуыддаг, райста дæлбулкъоны чин.

Алымбегæн ма йæ бон бауыдаид йæ рат-тæг адæмы зæрдæтæ дарддæр йе ‘нтыстытæй рухс кæнын, фæлæ йын æгъатыр мæлæт йæ цард атыдта 1989 азы. Ныр Алымбегыл сæххæст уыдаид 85 азы.

Бестауты Алымбегæн спорты нæргæ кад кæй баззад, уый тыххæй йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд Советон Цæдисы спорты историйы.

Бирæ зындгонд адæймæгтæ сæрыстырæй дзырдтой æмæ абон дæр дзурынц Алымбеджы тыххæй. Уæрæсейы уæгъдибар хъæбысхæстæй Æфсæддон Централон Спортивон клубы сæйраг тренер Мæргъиты Анатоли афтæ зæгъы Бестауы фыртæй: «Алымбегимæ æз фыццаг хатт фембæлдтæн 1975 азы Гуырдзыстоны Спартакиадæйы Сухумы, уæд уый куыста тренерæй. Æз та уæд райдыдтон хъæбысæй хæцын. Уым мыл йæ цæст æрæвæрдта æмæ уый куынæ уыдаид, уæд чизоны хъæбысхæстимæ не сбастаин мæ цард. Афтæ рауад æмæ уыцы ерысты фæстæ мæн Алымбег фæхуыдта Æфсады Централон Спортивон Клубмæ, цыран кусын ныртæккæ дæр.

Уæгъдибар хъæбысхæстæй Уæрæсейы сгуыхт тренер Юри Кишиев та дзы афтæ зæгъы: – Æз хъæбысæй хæцын куы райдыдтон, уæд Алымбегæн йæ ном æгас дунейыл  нæрыдис. Хъыгагæн, уый раджы ацыд стыр спортæй, фæлæ йæ къухты стыр æнтыстытæ бафтыд.  Йæ тохы манерæ йын сфæлхатт кæнын æвæццæгæн никæмæн бантысдзæн. Уымæй хуыздæр йæ къæхтæй ничи куыста. Уый уыдис размæбырсæг хъæбысæйхæцæг, гауызыл уыд иттæг агрессивон, зæгъæн ис, æппæт  йæ тохтæ фæуд кодтой сыгъдæг уæлахизæй. Ахæм рæсугъд тох кодта æмæ дисы æппæрста æрмæст йæ хæлæртты æмæ спортуарзджыты нæ, фæлæ йæ ныхмæлæуджытæй дæр бирæты. Æппæтуæрæсейон, æппæтцæдисон æмæ дунеон ерысты хайад исгæйæ, Бестауты Алымбег йæ тохты фылдæр хатт фæуд кодта æмгъуыдæй раздæр. Йе ‘мдугонтæ иууылдæр хæст уыдысты иу хъуы-дыйыл, зæгъгæ, йæ æнтыстыты сусæгдзинад уыдис куыстуарзондзинад. Йæ девиз уыдис «Куыст гуырын кæны уæлахиз». Уый уыдис стæм куырдиат.

«Куыд адæймаг, афтæ дæр Бестауты Алымбегæн адæмы æхсæн уыдис стыр авторитет. Иумæйаг ардта алкæимæ дæр. Уыд иттæг хæрзæгъдау адæймаг, хорз æмбал, хуымæтæг æмæ хæларзæрдæ адæймаг. Уый æххуысмæ фæзындаид кæддæриддæр æххуысхъуаг адæймагмæ. Тренер уæвгæйæ уый уæлдай тынгдæр аудыдта йæ хъомылгæнинæгтыл.

Ныр, кæд дзæвгар рæстæг рацыд Бестауты Алымбеджы амæлæтыл, уæддæр æй чи зыдта, уыдонæй нæ рох кæны йæ диссаджы удыхъæд, йæ æгæрон адæймагдзинад. Йе спортивон æнтыстытæ та сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыдысты историйы.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.