Ацы аз 10-æм сентябры зынгæ ирон поэт, прозаик æмæ йæ радтæг адæмы æцæг патриот Гуыцмæзты Алешы райгуырдыл сæххæст уыдаид 71 азы. Уымæн йæ рухс ном кæддæриддæр ссарынц Хуссар Ирыстоны дзыллæйад мысæн мадзæлтты, литературон изæрты.

Гуыцмæзты Алексийы фырт Алеш райгуырд Ирыстоны хуссар хайы, Цхинвалы районы Гуыцмæзты хъæуы. Астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст фæцис 1968-æм азы. Уæд йæ аивадон уацмыстæ дæр зынын райдыдтой мыхуыры фæрæзты. (Алеш фыццагдæр фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ æмæ йын мыхуыры рацыдысты газет «Советон Ирыстон»-ы). Скъо-лайы фæстæ кæд нæ бахаудта Хуссар Ирыстоны педагогон институтмæ, уæддæр фæстæмæ йæ уарзон хъæумæ нал сыздæхт. Æрцард Цхинвалы æмæ цæмæй йæхи фæдардтаид, уый тыххæй куыста заводы. Фидæны фыссæгæн æрæнцой нæ уыд, æппынæдзух йæ хъусдард здæхта сфæлдыстадон куыстмæ. Йæ бæллиц уыдис йæ ахуыр адарддæр кæнын æмæ 1972 азы ахуыр кæнынмæ бацыд Мæскуыйы Горькийы номыл литературон институтмæ.

Гуыцмæзты фырт куыста областы культурæйы хайады методистæй. Уый фæстæ нысан æр-цыд журнал «Фидиуæг»-ы прозæйы хайады редакторæй. Фæстæдæр æй снысан кодтой журналы бæрнон нымæрдарæй æмæ дзы фæкуыста йæ амæлæты бонтæм – 1992-æм азмæ. Курдиатджын фыссæг фæмард знаджы нæмыгæй æмæ йыл фæмаст кодта æгас Ирыстон. Уый æххæстæй 41 азы дæр нæ фæцард, фæлæ йæ фæстæ ныууагъта, ирон дзырдаивад кæмæй фæхъæздыгдæр, ахæм диссаджы сфæлдыстадон бынтæ. Алеш цы уацмыстæ ныффыста, уыдон кæд тынг бирæ не сты, уæддæр чиныгкæсæг рахаты арфхъуыдыгæнæг фыссæджы аив дзырд æмæ сын банкъары сæ фарн. Фыссæджы сисы бынæй рацыдысты ахæм уацмыстæ: «Æхсæвидар», «Урс фынтæ», «Дæ уды фарн», «Чиби йæ хъуг куыд уæй кодта», «Царды зыд», «Рохсанæ» æмæ «Уызынæджы чызг Уырызæ» æмæ æндæртæ.

Алешы фæндыд, цæмæй ирон дзырд кæддæриддæр уа нæргæ æмæ дунейы цæсты зындаид рæсугъд æмæ фæрнджынæй.

Алешы чи зыдта, уыдонæй зыдтой куыд хорз, хæларзæрдæ, рæстылдзурæг æмæ патриот адæймаг, афтæ. Гуырдзиаг-ирон конфликты рæстæджы дæр йæхи никуы бааууон кодта æмæ цардбæллонæй фæхъуыд а-дунейæ. Афтæ Ирыстон фесæфта ирон литературæйы ирддæр стъалытæй сæ иу – Гуыцмæзты Алешы.

Цхуырбаты Лариса

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.