2-æм октябры 55 азы сæххæст легендарон хъæбысæйхæцæг, Олимпион хъæзтыты дыууæ хатты чемпион, Европæ æмæ дунейы бирæ хæттыты чемпион Хæдæрцаты Махарбегы райгуырдыл. Уый райгуырд Цæгат Ирыстоны Суадагы хъæуы 1964 азы. Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ 1981 азы ссис Ташкенты юридикон факультеты студент. Ацы горæты цард æмæ тренировкæ кодта йæ хистæр æфсымæр Аслан. Юристы дæсныйад райсыны фæстæ æрæздæхт Ирыстонмæ æмæ йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны Паддзахадон университеты экономикон факультеты. 1998 азы ссис экономикон зонæдты кандидат Мæскуыйы паддзахадон университеты диссертаци бахъахъхъæнгæйæ.

Йæ фыццаг тренер уыд йæ хистæр æфсымæр Аслан. Уый  дзы кæд æртæ азы хистæр йеддæмæ нæ уыд, уæддæр ссис йæ куырыхон зондамонæг, уæгъдибар хъæбысхæсты дæсныдзинады æмæ техникæйы сусæгдзинæдтæ йын амонгæйæ. Йæ диссаджы фæразондзинад æмæ техникæ Махарбегæн фадат лæвæрдтой бирæ азты дæргъы хуыздæрты хуыздæр уæвынæн. Гауызмæ йæ алы рахызт дæр уыд æцæг цау, сце-нæмкæсджытæн æцæг бæрæгбон. Уымæн уыд йæхи стиль æмæ тактикæ. Йæ тохты хицæндзинад уыд уый мидæг æмæ уый алыхатт дæр йæ ныхмæлæууæгмæ цыд æввахс æмæ йæ афтæмæй атакæ кодта. Йæ диссаджы физикон бæрæггæнæнтæ йын æххуыс кодтой цыфæнды уавæрты дæр рамбулынæн. Зынгæ спортсменæн йæ бон уыд атакæ кæнын æгæрыстæмæй-иу ын йæ ныхмæлæууæг йæ къах куы æрцахста, уæддæр. Махарбеджы-иу абарстой знæт тигримæ. Тыхджын фæсонтæ, фидар къæхтæ, бæзджын æрфгуытæ, карз бакаст  æппæт уыдон тасдзинад æвзæрын кодтой йæ ныхмæлæууæгæн. Йæ хæлæрттæ куыд дзырдтой, афтæмæй уый царды у бынтон æндæргъуызон. Сабыр æмæ æфсæрмдзæстыг, афтæмæй йæ зонынц йæ бинонтæ, йæ хиуæттæ æмæ йæ хæлæрттæ.

Хæдæрцаты Махарбегыл 17 азы дæр нæма цыд,  уый  1981 азы æвзæнгты ‘хсæн Советон Цæдисы чемпион куы ссис, уæд. Уый фæстæ йын райдыдта æндæр цард. Йе фсымæр Аслан æмæ йæ хæлар Фадзайты Асланимæ ацыд Узбекистанмæ. Номхуындæй уыцы рæстæджы уым куыста Хæдæрцаты æфсымæрты фыццаг тренер Беккуызарты Константин. Уымæн Дедеккаты Хъазбегимæ фæзынд æппæт уавæртæ дæр чемпионтæ хъомыл кæныны тыххæй. 1986 азы ацы дыууæ тренеры æртæ хъомылгæнинаджы систы дунейы чемпионтæ: Фадзайты Арсен – æртыккаг хатт, Аслан – дыккаг хатт æмæ Махарбег та – фыццаг хатт. Советон Цæдисы æртæ хатты чемпион, бæстæйы Кубокы хицау, дунейы æмæ Европæйы фондз хатты чемпион, дыууæ хатты Олимпион хъæзтыты чемпионыл бирæ фыст æрцыд дзыллон информацийы фæрæзты. Суадагы хъæуæй богалы тыххæй очеркты автортæ нысан кодтой, йæ хистæр æфсымæр Асланы æндæвдады тыххæй. Хæдæрцаты Аслан уæлахиз кодта йæ рæстæджы иууыл зынгæдæр хъæбысæйхæцджытыл æмæ сфæлхатт кодта Александр Медведы рекорд, кæцы фæуæлахиз дунейы чемпионатты иу-уыл уæззаудæр дыууæ уæзы категориты. Уымæн дæр йæ къухты æфтыдысты стыр æнтыстытæ куыд уæгъдибар хъæбысхæсты, афтæ ма грекъаг-римаг хъæбысхæсты дæр. Фæлæ 1984 азы Олимпиадæмæ нæ ацыд политикты фæндонмæ гæсгæ.

Хæдæрцаты Махарбег 20 азы дæргъы нымад цыд планетæйы тыхджындæр хъæбысæйхæцджытæй сæ иуыл, æрмæстдæр иу хатт æнæ майданæй баззайгæйæ. Уникалон физикон бæрæггæнæнтæ, тыхджын физикон цæттæдзинад, тренерты удуæлдай куыст систы курдиатджын спортсмены æнтыстыты бындур. 22 аздзыдæй 1986 азæй райдайгæйæ, аст азы дæргъы уый алыхатт  дæр уæлахиз кодта дунейы чмпионатты. Рамбылдта 5 сыгъзæрин, 2 æвзист æмæ иу бронзæ майданы. Уый ссис дунейы фондз хатты чемпион 90 уæзы онг категорийы  (1986 азы – Будапешт, 1987 азы – Клермон-Ферран, 1989 азы – Мартиньийы, 1990 азы – Токио, 1991 азы – Варна).  Дунейы чемпионаты дыууæ хатты призер (1994 азы – Стамбул, 1995 азы-Атланта). Дунейы чемпионаты бронзæйон призер (1993 азы – Торонто. Олимипион хъæзтыты дыууæ хатты чемпион  (1988 азы – Сеул, 1992 азы  Барселонæ). Зынгæ хъæбысæйхæцæг йæ ном сыгъзæрин дамгъæтæй ныффыста советон, уæрæсейаг, дунеон æмæ Ирыстоны спорты историйы.

1986 азы райста Советон Цæдисы спорты сгуыхт дæсныйы майдан. 1990 азы ссис Цæгат Ирыстоны физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг. 1993 азы Махарбег нысан æрцыд Цæгат Ирыстоны куыстуат «Дарьял»-ы генералон директор. Хæдæрцаты фыртæн ис хорз политикон карьерæ. 1995 азы æвзæрст æрцыд РЦИ-Аланийы Парламенты депутатæй. 2011 азы декабры онг уыд УФ-йы Паддзахадон Думæйы депутат. Раразмæгонд æрцыд  «Иугонд Уæрæсе»-йы партийæ. 2014 азæй уыд Дзæуджыхъæуы мэр.

Хæдæрцаты Махарбег цæвиттойнаг у бинонты царды дæр. Йæ цардæмбалимæ хъомыл кæнынц дæс сывæллоны – æхсæз лæппу æмæ цыппар чызджы. Хистæр лæппуйыл цæуы 15 азы, кæстæр лæппутыл  æртæ фаззоны та райгуырдысты 2015 азы. Махарбегæн æрмæст спорты нæй хорзæхтæ, фæлæ ма æхсæнадон царды йæ активон архайды тыххæй дæр – 2001 азы йын лæвæрд æрцыд «Человек России»-йы кадджын ном, 2005 азы – «Человек 20 века», дыууæ хатты хорзæх-джын æрцыд «Знак почета»-йæ, хорзæхджын ма у Хæлардзинады орденæй дæр. Ис ын æхсæнадон банымады дунеон ассамблеяйы майдан æмæ диплом, афтæ ма дунеон хæрзаудæн фонд меценаты сыгъзæрин грамотæ.

   Абон Махарбег у горæт Дзæуджыхъæуы муниципалон зылды сæргълæууæг, РЦИ-Аланийы уæгъдибар хъæбысхæсты федерацийы президент.

Æрмæгыл бакуыста

ДЖИОТЫ Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.