Дзæуджыхъæуы уагъдцæуæг национ  театрты  VIII  дунеон  фестиваль «Сценæ æнæ арæнтæй»-ы номинаци «Сылгоймаджы хуыздæр роль»-ы фæуæлазизуæвæгыл нымад æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры артисткæ, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артисткæ Хуыгаты Альбинæ. Уый тыххæй ИА “Рес”-æн фехъусын кодта театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан.

«Альбинæ конкурсон спектаклы йæ роль афтæ ирдæй сæххæст кодта æмæ йæ  жюри æмхъæлæсæй банымадта ацы номинацийы фæуæлахизуæвæгыл», – загъта уый. Фестивалы хуссарирыстойнаг театры труппæ равдыста спектакль «Тугæйдзаг чындзæхсæв», кæцыйы Хуыгаты Альбинæ ахъазыд сæйрагдæр ролтæй сæ иуы.

Зындгонд ирон прозаик æмæ драматург Гаглойты Владимиры пьесæ «Сау халæттæм» гæсгæ æвæрд спектаклы режиссер-æвæрæг у Цæгат Ирыстоны сгуыхт артист Тъехты Уасил.

Национ театрты VIII дунеон фестиваль «Сценæ æнæ арæнтæй» уагъд цыдис 20 ноябрæй 25 ноябрмæ æмæ уыд йæ бындурæвæрæг, Уæрæсейы адæмон артист Хуыгаты Георы ном арынæн. Фестивалы хайад истой Цæгат Ирыстон, Хуссар Ирыстон, Абхаз, Кæсæг-Балхъар, Дагестан, Цæцæн æмæ Таджикистаны театралон коллективтæ. Сценæмæкæсджытæ æмæ жюрийы тæрхонмæ рахастæуыд 10 спектаклы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.