Хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы сæргълæууæг Цхуырбаты Татьянæйы хъæппæрисæй уæззау рынчын сывæллæттæн кафе «Vincenzo»-йы сорганизаци кодта мадзал. Уым онкологи, сывæллæтты церребралон æндзыгниз æмæ æндæр уæззау низæй рынчын сывæллæттæ æмæ сæ ныййарджытæ фембæлдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты  министр Тотчиты Георгиимæ.

Адджын фынджы фарсмæ сывæллæтты ныййарджытæ ныхас кодтой президентимæ, дзырдтой канд сæ сывæллæтты æнæниздзинады тыххæй нæ, фæлæ ма сæ цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныны тыххæй дæр. Бибылты Анатоли бузныг загъта ныййарджытæн сæ быхсындзинады тыххæй æмæ банысан кодта уыдон се ‘ппæт дæр кæй сты раппæлыны аккаг. «Сымах уе ‘ппæт дæр стут цæвиттойнаг. Уæ сывæллæттæ сты алкæмæй тыхджындæр æмæ хæларзæрдæдæр. Мах уыдзыстæм уæ фарсмæ. Паддзахад алыварсон æххуыс кæндзæн сахъатджын æмæ уæззау рынчын сывæллæттæн», –  банысан кодта президент.

Рынчын сывæллæтты хатт фæхъæуы республикæйæн æддæмæ дæр акæнын. Уый ныййарджытæн æвзæрын кæны бæрæг зындзинæдтæ. Уыцы фарстатæ, сæйраджыдæр, баст сты финансон фæрæзтæ сын кæй нæ фаг кæны, уыимæ, уымæн æмæ ахæм сывæллæттæн хос кæныны тыххæй хъæуы тынг бирæ фæрæзтæ.  Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, паддзахад уæззау рынчынтæн цы æхцайы фæрæзтæ дих кæны, уыдон 2019 азæй фæфылдæр уыдзысты 125 милуан сомæй 150 милуан сомы онг. «Ацы аз ма лæмбынæг хъусдард аздæхтам социалон бафыстытæм. Дыккаг сывæллоны райгуырдæн кæд раздæр 5 мин сомы фыстæуыд, уæд ныр та райсдзысты дæсгай минтæ. Сымахæн æцæгæйдæр хъæуы æххуыс æмæ уын дарддæр дæр æххуыс кæндзыстæм цыфæнды уавæрты дæр», – банысан кодта паддахады сæргълæууæг. Рынчын сывæллæтты ныййарджытæ стыр бузныг загътой паддзахады сæргълæууæгæн йе ‘ххуыс æмæ хъусдарды тыххæй.

Сывæллæттæн ногазон арфæ ракодта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги дæр. Уый ныййарджытæн ныфс бавæрдта, зæгъгæ, Уæрæсейы территорийыл хос кæныны рæстæджы цы проблемæтыл сæмбæлынц, уыдон тыххæй сæ бон у æмæ бахатой РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ.

Фембæлды кæрон министр ныййарджытимæ лæмбынæгдæрæй  аныхас кодта æмæ сæ бафарста цы проблемæтыл æмбæлынц, уыдоны тыххæй.

Цхинвалы скъола-интернаты гом æрцыд коррекцион кълас. Ныййарджытæй сæ иуы ныхæстæм гæсгæ нæ республикæйы ахæм сывæллæттæн нæй профессионалон ахуыргæнджытæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ уым кусынц хуымæтæджы ахуыргæнджытæ æмæ, зæгъгæ, уый раст нæу. Уымæн æмæ ахæм сывæллæттæн хъæуы специалисттæ. «Æнæмæнг у ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæнын. Коррекцион къласы сывæллæттæ нæ рæзынц социалон æгъдауæй. Уыдон уым хуымæтæджы æрвитынц сæ рæстæг æмæ уый раст нæу».

Ныййарджытæй сæ иу та йæ сывæллонæн хос кæныны рæстæджы сæмбæлд йæ хыгъдмæ æхцайы фæрæзтæ ахынцыны проблемæйыл.  «Уыдис нын ахæм цау æмæ Мæскуымæ куы ацыдыстæм хос кæнынмæ, уæд нын рæстæгыл нæ ахынцыдтой æхцайы фæрæзтæ. Уымæ гæсгæ нæ бахъуыд æнхъæлмæ кæсын, дохтыртæ не сразы сты процедурæтæ уадзыныл цалынмæ æхцатæ не ‘рбацыдысты, уæдмæ». Паддзахады сæргълæууæг ныфс бавæрдта, ахæм фарстатæ скъуыддзаг кæй цæудзысты.

Ныййарджытæй сæ иу, Джиоты Ирмæ, бузныджы ныхæстæ загъта Президент Бибылты Анатоли æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр Тотчиты Георгийæн се ‘ххуысы тыххæй æмæ сæм бахатыд йæ сывæллонæн ын уæлæмхас æххуыс бакæныны тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ уымæн йæ чысыл чызг иу у туаггуыры аппаратмæ. «Уымæн раздæр æнæ аппаратæй йæ бон уыд улæфын дыууын минуты бæрц.  Ныр та æнæ аппаратæй улæфы цыппар сахаты. Уымæй дарддæр ма сывæллонæн хъæуы  алыгъуызон фæлтæрæнтæ. Æз сæ мæхæдæг аразын, фæлæ дохтырты ныхæстæм гæсгæ уыдон фаг не сты. Уымæн æнæмæнг сты сæрмагонд тренировкæтæ æмæ ахæм специалист та нæ республикæйы нæй». Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр ныфс бавæрдта сывæллоны æнæмæнгæй кæй арвитдзæн хос кæнынмæ. «Тынг æхсызгон нын у уый æмæ сывæллон хуыздæрæй-хуыздæр кæй кæны. Фæлæ йæ цалынмæ искæдæм арвитæм, уæдмæ мах хъæуы бакусын, цæмæй æнæ аппаратæй йæ бон улæфын уа æхсæз сахаты онг æмæ йæ уæд мах ныфсджынæй арвитдзыстæм уæлæмхас хос кæнынмæ. Ууыл мах бацархайдзыстæм нæ рынчындоны. Ныртæккæ йын агурæм æмбæлон æмвæзады специализацигонд центр, цæмæй йæ уырдæм арвитæм», – загъта Тотчиты Георги.

Хæрзаудæн фонд «Подари крылья»-йы сæргълæууæг Цхуырбаты Татьянæ бузныг загъта Президент Бибылты Анатолийæн æмæ ныййарджытæн, фембæлдмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. «Мах ныфс ис æмæ абон цы фарстатыл ныхас кодтам, уыдон се ‘ппæт дæр скъуыддзаг кæй æрцæудзысты. Ныййарджытæн сæ царды уымæй зындæр ницы ис æмæ йæ хъæбул куы фæрынчын вæййы.  Фæлæ æппæт дæр уыдзæн хорз. Абон ардæм æрбацыдысты, нæ фонд кæмæн æххуыс кæны, уыдон, фæлæ ис, уæззау рынчынты категоримæ чи хауынц, ахæм сывæллæттæ дæр, уыдон сты уатон рынчынтæ, кæцытæн сæ бон нæ бацис ацы мадзалы хайад райсын. Фембæлдмæ æрбацыдысты чи сынæниз, ахæм сывæллæттæ дæр. Уыдон сты æдзухон реабилитацийы», – радзырдта Цхуырбаты Татьянæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ фонд «Подари крылья» азы дæргъы баххуыс кодта 30 рынчын сывæллонæн.

Хæрзаудæн фонды минæвæрттæ мадзалы кæрон сывæллæттæн бакодтой ногазон лæвæрттæ.

КОКАЙТЫ Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.