2016 азы нæ республикæйы регистраци æрцыдис Хæххон бынæтты лыжæтыл бырынæй спорты хуызы федераци. Ацы спортивон федерацийы президент у фæлтæрд спортсмен Тедеты Лери. Уый 16 азæй фылдæр архайы ацы спорты хуызы æмæ йæ фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстоны дæр райтынг уа. Лыжæтыл бырын уый йæхæдæг бирæ азты размæ сахуыр ис Цæгат Ирыстоны Цъæйы комы. Ныр ахуыр кæнын райдыдта скъоладзау фæсивæды. Уымæй уæлдай ма йæ фæнды, цæмæй Хуссар Ирыстоны дæр баконд æрцæуа хæххон бынæтты лыжæтыл бырæн курорт. Ирыстоны кæд ахæм бæрзонд хæххон бынæттæ бирæ ис, уæддæр æм уыдонмæ иууыл хуыздæр бынат фæкастис Цъоны комы. Ахæм курорт бакæныны тыххæй сæм цы плæнттæ ис, уый тыххæй ивгъуыд къуырийы РХИ-йы Фæсивæдон политикæ спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей æмæ Хæххон бынæтты лыжæйыл бырынæй спорты хуызты Федерацийы Президент Тедеты Лери фембæлдысты журналисттимæ.

Тедеты Лери:

Махмæ ацы хъуыддагыл бакусыны фæнд куы фæзындис, уæд лыжæтыл бырынæн хæх-хон бынат бирæ рæстæг агуырдтам. Фыццаджыдæр æй агуырдтам спутникы руаджы. Бынат куы ссардтам, уæд-иу æм ацыдыстæм йæ фенынмæ. Фæлæ уым мит тынг бирæ кæй уыд, уы-мæ гæсгæ иу ацыдæй æнæ сæрмагонд техникæйæ йæ басгарын зын уыд. Уый тыххæй бахатыдыстæм нæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты министрадмæ æмæ нын рахицæн кодтой митыл цæуæн техникæ. Афтæмæй ссыдыстæм, цы бынæттæ равзæрстам лыжæтыл бы-рынæн, уырдæм.. Нæхицæн уыцы бынæттæ нæ зæрдæмæ фæцыдысты, систам сын сæ къамтæ æмæ видео дæр, цæмæй сæ нæ къухдариуæгадæн æмæ æндæр специалисттæн дæр фенын кæнæм.

Цъæйы комы лыжæтыл цы бырæн бынæттæ ис, уыдонимæ сæ куы абарæм, уæд нæ бон зæгъын у, Цъоны цы бынæттæ федтам, уыдон дæр къаддæр кæй не сты, мæнмæ гæсгæ сты ноджы хуыздæр, уымæн æмæ уыцы бынæтты ис алыгъуызон уырдыг бынæттæ æмæ фæзилæнтæ.

– Сывæллæтты лыжæтыл бырын кæй фæнды, уыдон нымæц бирæ у? Семæ дарддæр куыд кусдзыстут?

– Мах кæй ахуыр кæнæм, уыдонимæ дарддæр дæр кусдзыстæм. Цæмæй сывæллæттимæ сæрды дæр куыст цæуа, уый тыххæй ис сæрмагонд тренажертæ, фæлæ уыдон сты тынг зынаргъ æмæ, хъыгагæн, махæн нырма уыдон самал кæнын нæ бон нæу. Æнæ ахæм тренажер-тæй та фæхъæуы иу сезонæй иннæмæ æнхъæлмæ кæсын. Регулярон æгъдауæй ахуыр кæнгæйæ  сывæллон тагъддæр æмæ хуыздæр сарæхсы лы-жæтыл бырын. Фæлæ нырма семæ кусдзыстæм, нæ уавæртæ нæ куыд амонынц, афтæ.

Нæ республикæйы Президент Тыбылты Леониды æххуысы руаджы уал мах нырма балхæдтам дæс сывæллонæн лыжæтæ æмæ сноуборды формæты комплекттæ. Уый махæн у стыр æххуыс, æндæра-иу мах Цъæйы бахъуыдис бирæ æхца бафидын.

Ацы ахуыртæ сывæллæттимæ, куыд зонут, уымæ гæсгæ  ныртæккæ уадзæм Цъæйы ко-мы. Акæнæм сæ уырдæм æмæ ма сын фидæм æрмæст сæ фæндаггаг æмæ ауындзгæ канатон фæндагыл хæрдзтæ.

Фыццаг хатт уал акодтам иу къорд æвзонг адæймаджы  ахуыр кæнынмæ, стæй нæ го-рæты скъола-интернаты 7-8 кълæсты ахуыргæнинæгты, уый фæстæ та акодтам 11-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæй 14 ахуыргæнинаджы. Уыдон се ‘ппæт дæр баззадысты райгондæй, æгæрыстæмæй-иу сæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Уымæн æмæ-иу сæм диссаг фæкастысты уыцы стыр бырæн фæзилæнтæ.

Нæ республикæйы лыжæты æмæ сноуборды спорты хуызтæ куыд райтынг уыдзысты, уый тыххæй ма йæ хъуыдытæ загъта РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

 – Равзæрстат сæрмагонд бынат лыжæтæ æмæ сноуборды трассæйæн? Радзур-ма нын уæ дарддæры архайды тыххæй?

– Хæххон бынæтты лыжæтыл бырынæй спорты хуызты федераци ацы куыстмæ йæ хъус лæмбынæгæй æрдардта.  Махæн нæ комитетæн, дæр, нæ бон куыд у, афтæмæй сæ фарсмæ лæууæм.

Абон уал мах сæйраджыдæр, кусæм ацы спорты хуыз райтынг кæныныл æмæ йын йæ нысаниуæгыл, афтæ ма нæ республикæйы спортивон цардæн фидæны куыд ахъаз фæуыдзæнис, уый æмбарын кæныныл.

Æрæджы мах цæгатирыстойнаг коллегæтимæ нæ къухтæ æрфыстам æмкуысткæнынады тыххæй бадзырдыл. Йæ фæл-гæтты ма нын уыдис ноджы къорд кусæгон фембæлдтытæ дæр, цыран базонгæ стæм зынгæ туроператортимæ, кæцытæм ис куысты фæлтæрддзинад. Не ‘мкуысткæнынады фæлгæтты æмæ цæмæй 2018-2019 азты Инвестпрограммæмæ исты объекттæ хаст æрцæуой туризмы хаххы фæдыл, уый тыххæй æрхуыдтам уæрæсейаг коллегæты. Мах сын фыццаг рады фенын кодтам Цъоны ком, цæмæй йын уыдон бынаты аккаг аргъ скæной. Уыдонæн сæ зæрдæмæ тынг фæцыдис, уымæн æмæ дзы федтой фидæны перспективæтæ. Фыццагдæр уал сæ зæрдæмæ фæцыдис бырынæн цы бынат равзæрстам, уый равæрд. Банысан кæнын ма  хъæуы уый, æмæ, кæд Цъæйы иу бырæн трассæ ис, уæд Цъоны та ахæм бынæттæ ис цалдæр, цыран сæ бон у кусой иу рæстæджы, нырма ногæй чи  ахуыр кæны, стæм профессионалон спортсментæ æмæ экстремалон уавæрты бырын чи уарзы, ахæмтæ дæр.

Цъоны комы ма хорз уый у æмæ дзы стыр мит вæййы апрелы мæйы дæр. Ныртæккæ дæр дзы миты бæрзæндæн у метр æмæ æрдæджы бæрц.

Нæ уæрæсейаг коллегæтæ ма хорзыл банымадтой электроэнергийы хахх дзы кæй цæуы æмæ йæм газы хахх дæр тынг дард кæй нæу уый, афтæ ма аразинаг фæндаджы уавæр дæр.

Цъоны комы тыххæй нæ коллегæтимæ нæ хъуыдытæ уыдысты иугъуызон, зæгъгæ, дзы ауындзгæ канатон фæндаг куы саразæм, уæд нæ куыст иу чы-сыл размæ ацæудзæн. Афтæ ма канатон фæндагæй пайда кæ-нын гæнæн ис куыд зымæджы, афтæ сæрды мæйты дæр алы кары адæймæгтæн дæр.

Нæ уырыссаг коллегæтимæ ма уыдыстæм æндæр фенддаг бынаты дæр. Фæлæ туризмы куыст райтынг кæнынæн сæйраг проблемæ у туристты æхсæвбынатæй ифтонг кæнын, æмæ нын ацы проблемæ Инвестпрограммæйы руаджы аиуварсгонд кæд æрцæуид.

– Ауындзгæ канатон фæндаг саразыны тыххæй инвестортæ æрхоныныл бацархайдтат?

– Ацы фарстыл мах хъуыды кодтам, дзырдтам ыл нæ республикæйы Хицауадимæ дæр. Канатон фæндаг аразынæн хæрдзтæ тынг бирæ лæууынц. Йæ хардз та бамбæрздзæн дзæвгар рæстæгмæ æмæ уымæ гæсгæ никæцы инвестор сразы уыдзæнис, мæнмæ гæсгæ, йе ‘хца-тæ ахæм ран бахардз кæныныл. Ацы проект ныббиноныг кæнын махæн æрмæстдæр нæ бон бауыдзæнис нæ республикæйы къухдариуæгады æххуысæй.

– Цъоны комы уын туристон базæ куы сцæттæ уа, уæд ма дзы спортивон мадзæлтты хуызтæй уæл-дай ноджы цавæр нысанæн пайда цæудзæнис?

– Ацы бынат æрмæст зымæгон спорты хуызтæй пайда кæнынæн нæ уыдзæн, фæлæ ма сæрдыгон рæстæджы уыдзæн пайда спортуарзджытæн æмæ йæ сæрибар рæстæг æрвитын кæй фæнды, уыдонæн дæр.

Цъоны комы тынг хорз уавæртæ ис, кæсаг ахсын чи уарзы, уыдонæн.

Ацы бынат хорз у, сæрд дзы сатæг уæлдæф кæй вæййы, уымæй, афтæ ма  спорты бирæ хуызтæй ахуыртæ уадзынæн куыд бы-нæттон спортсментæн, афтæ уæрæсейæгтæн дæр.

Зæгъдзынæн мидæггагон туризмы тыххæй дæр. Уый та æмбарын хъæуы афтæ, æмæ нæ адæмæй бирæтæн сæрды улæфынмæ æндæр ранмæ ацæуыны фадат нæ фæвæййы. Уымæ гæсгæ ахæм адæймæгтæн дæр æххуыс уыдзæнис, цæмæй экологион сыгъдæг ран баулæфой. Афтæ нын ацы бынат нæ куысты бабæздзæнис, цæмæй дзы уадзæм фæсивæдон фестивалтæ æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ.

Æз банысан кæндзынæн уый, æмæ спорты тыххæй кæддæриддæр хъæуы уæлдай хæрдзтæ дæр æмæ нын баххуыс кæнæд, йæ бон кæмæн куыд у, афтæ, уæлдайдæр та бизнесыл лæуд адæймæгтæ. Уымæн æмæ спорт у фидæны æнæниз фæлтæр схъомыл кæныны сæйраг фæрæз.

Уымæ гæсгæ махæй алчидæр хъуамæ æмбара, фæсивæды фарсмæ куы балæууæм, уæд уый бандавдзæн нæ фидæны размæцыдыл.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.