Хæст…  Æдæппæт цыппар дамгъæйы, иунæг дзырд, фæлæ, æвæццæгæн, æппæты тæссагдæр. Уымæн æмæ йæ нысаниуæджы ис æрмæстдæр цæстысыг, тугкалд, фыдбонтæ æмæ… мæлæт. Адæймаджы мæлæт. Хæст байсы мингай адæймæгты цард, фæивы царды фæндæгтæ, схæццæ кæны æмæ фехалы адæймагады сабырад, скуынæг кæны, сау фæнык фестын кæны, алы адæймаг дæр цæргæ-цæрæнбонты цы хæрзиуджытыл фæфыдæбон кæны, уыдон.

1979 азы 25 декабры  райдыдта зæххыл æппæты æгъатырдæр хæстытæй сæ иу – Афгайнаг демократон республикæйы æмбæстагон хæст. Йæ судзгæ æвзæгтæ æрæнхъæвзтой нæ чысыл Ирыстонмæ дæр.

1980 азы октябры мæйы Гæбæраты Иналы бинонтæ афæндараст кодтой сæ фырт Константины Советон Цæдисы æфсады рæнхъытæм йе ‘мбæстагон хæс бафидынмæ. Уыцы рæстæджы ахæм цаутæ нысан кодтой хъæлдзæг фынджы уæлхъус. Æфсадмæ цæстысыгимæ ничи æрвиты, зæгъгæ-иу кафгæ æмæ заргæйæ афæндараст кодтой се ‘фсæддоны йæ фæндагыл. Уæд æппæт арфæты ‘хсæн уыд, зæгъгæ, дæ бинонтыл сæрæгасæй цы сæмбæлай. Фæлæ Константинæн йæ хъысмæт та æндæр фæндтæ нывæста…

Æфсæддон службæйы райдайæны фæстæ Константин сержанты номимæ æрвыст æрцыд Афганистанмæ. Службæ уал кодта Саманганы провинцийы 82869-æм æфсæддон хайы. Цæмæй йæ ныййарджыты зæрдæтæ ма ‘хсайдтаиккой, уый тыххæй Къоста арæх фыста фыстæджытæ. Æмæ кæм службæ кодта, уымæй дæр кæд бæлвырд уыд, цы уавæрты ис, уæддæр уый никуы батыхсын кодта йæ ныййарджыты, йæ зындзинæдтæ сын никуы раргом кодта, уыйхыгъд йæ алы фыстæджы кæрон дæр фыста: «Мæныл ма тыхсут, æппæт дæр у тынг хорз, тагъд уæм зындзынæн!».

Константинæн æнтыстытæ кæй уыд йе службæйы, ууыл дзурæг у, йæ ныййарджытæ арæх кæй истой арфæйы фыстæджытæ йе ‘фсæддон къухдариуæггæнджытæй, уый дæр.

«В июне 1981 года банда душманов устроила засаду на пути двух БМП. Экипажам удалось разгромить «духов», захватить трофейное ружие и вер-нуться невредимым в полк. Но уцелевшие бандиты открыли шквальный огонь по расположению полка. Завязался упорный  бой, в котором Константин с пулеметом в руках возглавил контратаку. Враг был отброшен с потерями. За эту операцию младший сержант Габараев Константин был представлен к Ордену Красной Звезды», – фыста Къостайы взводы командир Хамимкулов С. Къостайы ныййарджытæм арфæйы фыстæджы.

1982 азы апрелы мæйы, Къоста цы ротæйы службæ кодта, уый æрвыст æрцыд Ташкурганы горæтмæ æввахс Сардобайы фидармæ. Уыцы аз 19 сентябры горæтгæрæтты цыд карз хæстон тохтæ душмантимæ. Уæд Гæбæрайы-фыртæн уыд хæслæвæрд, хæстонтæн хæринаг æмæ дон фæхæццæ кæнын. Константин цы бронетранспортерæн къухдариуæг кодта, уый æнæнхъæлæджы ахуыссыд æмæ нал скуыста. Баззадысты знаджы хъæлæсы ирон лæппу йе ‘мбæлттæй цалдæримæ. Хæстон архайдтыты фæстæ Къоста, æмæ йемæ чи уыд, уыдоны  се ‘мхæстонтæ бæргæ фæцагуырдтой, фæлæ сын нал ссардтой сæ мæрдтæ дæр. Уæд уыдон нымад æрцыдысты æбæрæгæй сæфтытыл.

23 азы дæргъы Гæбæраты Инал æмæ йе ‘мкъай Адæ дæр сæ фырты нымадтой æцæгæлон зæххыл æбæрæгæй сæфтыл. Дзынæзтой, йæ уындмæ  бæлгæйæ, иучысыл бæстондæр хабар фехъусынмæ.

2005 азы майы мæйы уæрæсейаг газет «Побратим»-ы мыхуыры рацыд очерк «Восстание в тьюрме Бадабера». Уыцы æрмæджы фыст уыд Гæбæраты Къостайы хъайтардзинады тыххæй. Уæд газет æрбафтыд Гæбæраты бинонтæм æмæ 23 азы фæстæ базыдтой, куыд æмæ цы уавæрты фесæфт сæ фырт, уый.

Æрмæджы фæдыл газеты редакцимæ æрбацыд Къостайы мад Ада Семенова. Уый радзырдта, 23 азы дæргъы куыд агуырдта йæ фырты. «23 года я ничего не знала о сыне. Писала запросы в воинскую часть, где служил мой сын, в разные инстанции по вопросам афганцев. Выезжала в Афганистан, Пакистан. Встречалась с работниками посольств, главарем бандформирований Хекматьяром, расспрашивала местных жителей в Бадабере, показывала фотографии сына. Кто-то говорил что видели его в лагере военнопленных, но никто не мог подтвердить версию. И только из публикации в вашей газете я узнала о постигшей его участи…», – дзырдта Ада газеты редакцийы.

Ада уæд базыдта, 1982 азы сентябры мæйы Тамкурганы хæстон операцийы рæстæджы Константин цы бронетехникæйыл уыд, уый кæй нал скуыста, уымæ гæсгæ Къоста æмæ йе ‘мхæстонтæ бахаудысты знаджы æхсты бын. Къоста фæцис уæззау цæф, йæхимæ æрцыд Пакистаны æфсæддон хосгæнæн хайы. Фæстæдæр æй ракодтой Бадаберы ахæстонмæ æмæ уым уыд цыппар азы дæргъы. Ацы ахæстоны ахæсттæ цы хъизæмæрттæ æвзæрстой душманты ‘рдыгæй, уыдон нымад сты душманты æппæты æгъатырдæр æфхæрдтытыл. Цыппар азы дæргъы Гæбæрайы-фырт дæр æййæфта уыцы æфхæрдтытæ, фæлæ фидар, æнæбасæтгæ удыхъæды хицау уæвгæйæ, быхста æппæтæн дæр æмæ йæхицæн ныфс æвæрдта, кæй аирвæздзæнис, уымæй.

Бадаберы ахæстоны уыцы рæстæджы уыд 52 ахæсты, уыдонæй 40 – афгайнаджы æмæ 12 та – советон хæстоны. Æппæт физикон æфхæрдтыты æмрæнхъ Къостайæ домдтой, цæмæй йæ къух систаид чырыстон диныл æмæ райстаид пысылмон дин. Уæд, зæгъгæ, æрцæудзынæ  сæрибар. Фæлæ сæрыстыр ирон лæппу уый йæ сæрмæ не схаста æмæ дарддæр цард ахæстоны хъизæмайраг цардæй. Константинæн сæрибардзинадмæ фæндагæн уыд æндæр плæнттæ – иу къорд ахæсттимæ фæнд кодтой хæстон абырст. Æрвылбон дæр сæ фæнд сæххæст кæнынмæ кодтой ног къахдзæф, ардтой амæлттæ æмæ сын куыдфæстагмæ бантыст.

1985 азы 27 апрелы, ахæстоны къухдариуæгады изæрыгон намазы рæстæджы, Къоста æмæ йе ‘мбæлттæ, уавæрæй спайдагæнгæйæ, райдыдтой сæ фæнд æххæст кæнын. Байстой уал ахæстоны хъахъхъæнджыты хæцæнгæрзтæ, æрхъула кодтой ахæстоныл, амынæты бакодтой ахæстоны кусджыты иууылдæр æмæ бæстæйы къухдариуæгадæй æрдомдтой ССР Цæдисы минæварады, Æхсæнадæмон Сырх дзуары æмæ Иугонд Нациты Организациты минæвæрттимæ фембæлд. Райдайæны бæстæйы къухдариуæгад ацархайдта сæ басæттыныл, фæлæ сын нæ рауад. Уыйхыгъд сын банкъардтой сæ хъомысад æмæ советон хæстонты иучысыл къорды ныхмæ конд æрцыдысты танктæ, артиллери, авиаци. Æрхъула кодтой ахæстоныл Пакистаны 11-æм æфсæддон  корпус æмæ душманты æфсæдтæ. Уыцы тохы советон æфсæдтæ равдыстой сæ хъайтардзинад, хæстон цæттæдзинад æмæ се ‘нæбасæтгæ тых. Иу суткæйы дæргъы цыд æнæмсæр тох, фæлæ ныхмæлæууæгæн йæ бон не ссис сæ басæттын. Дыккаг бон æвирхъау операцийыл къухдариуæггæнæг Бурханудрин Раббани бардзырд радта, цæмæй ахæстон сисой штурмæй. Хъыгагæн, уæдмæ советон ахæстты нымæц бæрæг фæкъаддæр, ныццагъд сты. Чи ма сæ баззад, уыдон бамбæрстой, сæ тых кæй асас-тис, æмæ ногæй ахæстонмæ бахауыны, фыдхъизæмæрттæ æвзарыны фæлтау равзæрстой мæлæт – спырх кодтой ахæстоны территорийыл уæвæг минæты æфтауцдон. Уæд информацион фæрæзтæ куыд хъусын кодтой, афтæмæй срæмыгъд уыд ахæм хъомысджын æмæ йæ фæстиуæгæн адæймæгты буары хæйттæ, æхсæнгæрзты æмæ арæзтæдты пырхæнтæ згъæлдысты цалдæр километры радиусы дæрддзæгæн. Штурмы рæстæджы ныццагъд сты ахæсттæ,  уыдонимæ Гæбæрайы-фырт дæр.

Фæстæдæр, Афганистаны паддзахадон æдасдзинады министрады 206-æм развæдсгарæн центр «Шир»-ы агент куыд сбæрæг кодта, афтæмæй штурмы рæстæджы фæмард 100-йæ фылдæр моджахеды, 6 фæсарæйнаг уынаффæгæнæджы, пакистайнаг хицауады 13 минæвары, Пакистаны 28 æфсæддон  афицеры, сæрмагонд сконды 250 ныхмæлæууæджы.

Ирон хъæбарыр лæппу кæд йæ ныййарджытæй ацыд, фæстæмæ сыл сæрæгасæй сæмбæлыны дзырдæй, бирæ ныфсытæ сын æвæрдта, тагъд сæм кæй зындзæнис, уæддæр сæм нал фæзынд. Ныууагъта сын æрмæстдæр иунæг хæрзиуæг – йæ кадджын ном хæсты быдыры, йе сгуыхтдзинæдты фæдыл йæ хорзæхтæ. Йæ чысыл царды цы хъизæмæрттæ бавзæрста, уыдон дæр ын, æгæрыстæмæй, æххæстæй нæ райхъуыстысты æхсæнадмæ.

Бадаберы ахæстоны æрцæуæг цауты фæстæ Афганистаны Исламаг партийы къухдариуæггæнæг Г. Хекматьяр радта бардзырд, цæмæй ССР Цæдисы æфсæдты амынæты мауал кæной, фæлæ сæ æхсой комкоммæ, кæм сæ ахсой, уым.

«Нал федтон мæ фырты… Нæ йын фендзынæн йæ ингæн, нæ йын авæрдзынæн йæ сыджытыл мæ арм дæр… Фæлæ цы хæстон архайдтыты иста хайад, кæм æмæ куыд фесæфт йе ‘взонг уд, уый тыххæй Ирыстон æмæ йæ уарзон ирон адæм куы базониккой, уый у мæ бæллиц…», – загъта Гæбæраты Константины мад Ада Семенова…

Уадз, Къоста æмæ уый хуызæн сæрæнгуырдтæн сæ ном сæфт макуы уæд сæ адæмы ‘хсæн. Сæ ном уæд æнусон æмæ рæзгæ фæлтæрæн та – цæвиттойнаг.

               ХУЫГАТЫ Миленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.