Зындгонд куыд у, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы фæстаг 12 азы æххæстгонд цæуы бирæсывæллонджын бинонтæн æххуысы паддзахадон программæ. Уыцы азты дæргъы  Ирыстоны ныййарæджы капиталы тыххæй сертификаттæ чи райста, уыцы бинонтæн паддзахадон æххуысы хуызы дихгонд æрцыд 10,1 миллиард сомæй фылдæр.

Абоны онг Цæгат Ирыстоны 52 мин би-нонтæ систы ныййарæджы капиталы тыххæй сертификатты хицæуттæ. Уыдонæй ныридæгæн 27 мин бинонтæ спайда кодтой ныййарæджы капиталы фæрæзтæй.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ныййарæджы капиталы фæрæзтæ  хардз кæнæн ис цалдæр нысаныл: бинонты царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл, сывæллæтты ахуырадыл, мады фидæны пенсимæ бафтауыныл, инвалид сывæллæттыл æмæ уыдонæн хъæугæ товартæ æлхæнынæн. 2018 азы 1 январæй фæстæмæ бинонтæн ис капиталы фæрæзты иу хай æрвылмæ-йон социалон æххуысы хуызы исыны бар. Ныртæккæ Цæгат Ирыстоны ахæм æрвыл-мæйон социалон æххуысы бæрц у 9 372 сомы.

Пенсион фонды пресс-службæйы минæвæртты ныхасмæ гæсгæ, сертификат райсæг бинонтæн сæ фылдæр хай ныййарæджы капиталæй спайда кодтой сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Ахæм бинонтæ сты 26 минæй фылдæр (ома, æппæт бинонты 96 проценты бæрц). Уыцы нысанæн Пенсион фонд радих кодта 10 миллиард сомæй фылдæр. Зæгъæм, 9,8 мин бинонтæ уыцы фæрæзтæй сæхгæдтой сæ цæрæнуатон кредитты иу хай. 16,2 мин бинонтæ та ныййарæджы капиталы фæрæзты æххуысæй балхæдтой цæрæнуæттæ.

Уымæй уæлдай, бинонтæ Пенсион фондмæ æрбалæвæрдтой 1 мин курдиатæй фылдæр, цæмæй капиталы фæрæзтæ хардзгонд æрцæуой сывæллæтты ахуырадыл. Уыцы нысанæн Пенсион фонд радих кодта 73 милуан сомы бæрц.

8 бинонтæ та куырдиæттæ  балæвæрдтой, цæмæй капиталы фæрæзтæ бахардз кæной сæ инвалид сывæллæтты социалон адаптаци æмæ æхсæнадон интеграцийыл. Уый тыххæй та ведомство радих кодта 428 мин сомы.

Бирæ бинонтæн сæ сывæллæттæн уæлдæр ахуырад радтын баст вæййы стыр хæрдзтимæ. Уыдонæн сæ кæцыдæр хай сæхимæ райстой абитуриентты кæстæр ‘фсымæртæ æмæ хотæ. Уымæн æмæ сæ райгуырдимæ фæзынд фадат мадæлон капитал ахуырыл бахардз кæнынæн.

Афтæ 2019-æм азы 153 мадæлон капиталы сертификатæн се ‘хцайы фæрæзтæ схардз кодтой адæм сæ хистæр сывæллæтты ахуырыл. Æмткæй райсгæйæ та федералон закъон йæ тыхы куы бацыд, уæдæй нырмæ Цæгат Ирыстоны ахуырыл мадæлон капитал бахардз кодтой 1388 бинонтæ. Сæ иумæйаг хæрдзтæ схызтысты 104 милуан æмæ 700 мин соммæ. Профилон уагдоны бæрæггæнæнтæм гæсгæ, Цæгатирыстойнаг фæсивæд алы азты мадæлон капиталæй цы ахуыргæнæндæттæн бафыстой, уыдоны ‘хсæн сты Ирыстоны раззагдæр университеттæ æмæ институттæ.

Куыд зонæм, афтæмæй ныййарæджы капиталы тыххæй паддзахадон программæйы æмгъуыд адарддæр кодтой 2021 азы 31 декабры онг.

УФ-йы Президент Владимир Путин йе ‘рвылазон ныстуаны мадæлон капитал 616 мин сомы онг фæфылдæр кæндзæн, зæгъгæ, куы загъта, уæдæй нырмæ Пенсион Фонды хайадмæ цæуынц сæдæгай курдиæттæ, фæнды сæ хъуыддаг бæлвырддæр базонын. Паддзахады Сæргълæууæг ма бахаста мадæлты капитал фыццаг сывæллонæн дæр дæттыны фæндон.

Æнæ ‘рхъуыдыйæ нæ ныууагъта сывæллæтты пособитæ дæр. Сæ бæрц фæфылдæр уыдзæн, æмæ 3 азæй 7 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сабитæ ифтонг уыдзысты фиддонтæй. Фæлæ уал нырма ног фиддонты механизмы уавæртæ æмæ фадæттæ специалисттæн сæхицæн дæр зонгæ нæма сты, ногдзинæдтыл нырма хъæуы бакусын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.