8 азы размæ, 2008 азы 26 августы Хуссар Ирыстоны хæствæллад адæммæ бирæ хъизæмæртты фæстæ æрыхъуыст æхсызгон хабар – Уæрæсейы Федерацийы Президент Дмитри Медведев йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинадтæ банымайыны тыххæй барамындыл. Уый фæстиуæгæн Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй нымад æрцыдысты дыууæ суверенон æмæ хæдбар паддзахады – Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз.

Дыууæ республикæйы æхсæнадон-барадон банымады уац арвынæрдау айхъуыст дунейыл æмæ йæ бирæтæ иугъуызон нæ айстой, растыл æй нæ банымадтой. Фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, ныр æстæм хатт Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхаз 26 августы бон нысан кæнынц уæрæх. Ацы бон дыууæ республикæйæн дæр ссис иууыл нысаниуæгджындæр æмæ ахсджиагдæр бæрæгбон.

2008 азы августы фондзбонон хæсты гуырдзиæгты куы «æрсабыр» кодта, уый фæстæ, 26 августы, Уæрæсейы Федерацийы уæды Пезидент Дмитри Медведев, хуссарирыстойнаг æмæ абхазаг адæмы фæндон бахынцгæйæ, ИНО-йы Уставы уагæвæрд, паддзахадты ‘хсæн хæларадон ахастыты фæдыл дунеон барады принципты тыххæй 1970 азы деклараци, ЕÆÆО-йы Хельсинкийы 1975 азы актыл æмæ æндæр дунеон документтыл къухдариуæггæнгæйæ, йæ къух æрфыста Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы банымайыны тыххæй барамындыл.

Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерацийы уæды Президент Дмитри Медведевы уыцы барамынд уыд хъысмæтскъуыддзаггæнæн, 19 азы дæргъы  ирондзинад, ирон æвзаг, сæрмагонд паддзахады хæдбардзинад бахъахъхъæныны сæрыл тохты ирон адæймаджы туг арф цы зæххы ахъардта, уыцы зæхмæ  æрцыд сабырад.

Нымад хæдбардзинадмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны фæндаг уыд вазыгджын æмæ дæргъвæтин, фæлæ йæм цыд дунеон барадон нормæтæ хъахъхъæнгæйæ, кæцыйы бындур уыд  йæ адæмы фæндон æмæ сæрибардзинадмæ йæ тырнындзинад.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад бирæнымæц удтæй æрцыд æлхæд, ирон адæмы æнусон бæллиц цæмæй сæххæст уыдаид, уый тыххæй бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой республикæйы цæрæг адæм, бирæтæ сæ сæр нывондæн æрхастой уыцы бæллиц цæмæй сæххæст уыдаид, уый тыххæй, бирæ тыхтæ бахардз кодтой политиктæ, хæстонтæ, дипломаттæ дæр.

Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы хæдбардзинæдтæ банымайыны хъуыддагмæ стыр хайбавæрд бахастой уæрæсейаг æхсæнадон-патриотон тыхтæ, уыдон кæддæриддæр уыдысты дыууæ æвзонг республикæйы интересты фарс, 2004 азæй 2008 азмæ та активонæй архайдтой, цæмæй Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад банымадтаид Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазы паддзахадон хæдбардзинадтæ. Бирæтæ йæ хорз хъуыды кæнынц, Хуссар Ирыстонæн æххуысы фарстаты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы хъæлæсæппæрст куыд цыд, куыд ист цыдысты нæ республикæйы цæрджытæн æххуысы тыххæй уынаффæтæ, уыцы уынаффæты фарс цахæм тыхтæ уыд. Æппæт уыдæттæ ныфс лæвæрдтой  Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ хæдбардзинады сæрыл тохы.

Абоны бон Республикæ Хуссар Ирыстон тынг хорз æмбары Донецк æмæ Луганскы адæмон республикæты адæмы уавæр, уый сæ йæхиуыл бавзæрста æмæ уыцы аспекты банымадта уыцы республикæты хæдбардзинæдтæ. Уымæй уый рахæцыд Хуссар-Скæсæн Украинæйы цæрæг уырыссаг адæмы фарс сæ сæрибардзинады сæрыл тохы, уыимæ РХИ-йы адæм равдыстой Уæрæсейы патриотон тыхтимæ сæ солидарондзинад.

Гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды алы хатт иу-гъуызон аргъ скæнæн нæй Уæрæсейы къухдариуæгады ролæн, растдæр зæгъгæйæ, та УФ президент Борис Ельцин куы уыд, уыцы рæстæджы, уымæн æмæ Ельцин арæзта, Ныгуылæны бæстæтæ йын цы дзырдтой, æрмæстдæр уый. Фæлæ Владимир Путин æмæ Анатоли Медведевы къухдариуæгадæй Уæрæсе Европæйы раз сæркъулæй йæ зонгуытыл нал лæууы, уый йæ къахыл слæууыд, айтынг кодта йе уæнгтæ æмæ дунеон аренæйы йæ раздæры бынат бацахста. 2008 азы августы  Уæрæсе скуы-нæгæй бахъахъхъæдта хуссайраг ирæтты, агрессоры тыхæй сабырадмæ æркæнгæйæ, æмæ нын банымадта нæ паддзахадон хæдбардзинад.

2008 азы августæй фæстæмæ, уæлдайдæр та Хуссар Ирыстоны территорийыл Уæрæсейы Федерацийы 4-æм æфсæддон базæ æмæ Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы Арæнхъахъхъæнæг управлени куы сты, уæдæй нырмæ  Хуссар Ирыстоны æдас-дзинады æмвæзад схызт ног гъæдджын æмвæзадмæ. УФ-йы æфсæддон базæйы æфсæддонтæ хъахъхъæнынц Хуссар Ирыстоны æргом агрессийæ, уæрæсейаг æмæ хуссар-ирыстойнаг арæнхъахъхъæнджытæ иумæ фидар кæнынц æмæ хъахъхъæнынц Хуссар Ирыстоны паддзахадон арæн.

Хуссарирыстойнаг адæм хорз æмбарынц, нæ бæстæйы сабыр æмæ сæрибар цардæн уæвæн ис æрмæстдæр Стыр Уæрæсейы фæрцы, уымæн æмæ нæ хуссайраг сыхаг нырма дæр «йæ дæндæгтæ цыргъ кæны»  нæ зæхмæ. Абон Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ бон у Уæрæсейы фæрцы æдæрсгæйæ аразой сæ паддзахад, рæзын кæной æхсæнады царды æппæт сферæтæ, дунеон аренæйы хъахъхъæной сæ паддзахады интерестæ.

Хуссар Ирыстоны æддагполитикон сферæйы нысаниуæгджын æнтыстытыл банымайæн ис Уæрæсейы Федерациимæ ног ахастыты рæзтæн. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн арæзт æрцыд историон нысаниуæджы документ – 2015 азы 18 марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонид æмæ Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин сæ къухтæ æрфыстой дыууæ бæстæйы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырдыл.

Бадзырды нысан у  Хуссар Ирыстоны адæмы царды æмвæзад фæхуыздæр кæнын, сабырад æмæ æдасдзинад хъахъхъæнын. Уый ма гаранти дæтты социалон уавæртæ фæхуыздæр, стæй царды æндæр къабæзтæ райтынг кæнынæн дæр.

Бадзырды фæлгæтты рæзынц интеграцион бастдзинæдтæ хъахъхъæнынады фадыджы, æдасдзинады  иумæйаг  тыгъдад  аразыны  хъуыддаджы, барадон системæйы. Арæзт æрцыдысты æмæ дарддæр дæр арæзт цæуынц дыууæ паддзахады министрадтæ æмæ ведомствоты ‘хсæн уæлæмхас сразыдзинæдтæ, кæцытæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн фадат дæттынц дыууæ бæстæйы территорийыл дæр сæхи максималонæй æдасæй, сæрибарæй хатынæн. Ацы сразыдзинæдтæ здæхт сты Хуссар Ирыстоны цардуагон уавæртæ æмæ царды гъæд фæхуыздæр кæнынмæ. Æхсæнпаддзахадон сразыдзинæдты фæстиуæгæн дыууæфарсон æмкуысткæнынадæн арæзт æрцыд фидар барадон бындур. Уæрæсейаг федералон ведомствотæ кусынц хуссар-ирыстойнаг партнертимæ кусæгон къордты форматы. Интенсивон куыст цæуы республикæйы закъондæттынад фæхуыздæр кæныныл, Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты программæтæ саразыныл. Банысан кæнын хъæуы уæлдæр æмæ бæрзонд æмвæзадыл фембæлдтыты ахсджиагдзинад, уыимæ иумæ конкретон нысæнттæ æмæ фæндæттимæ Хуссар Ирыстонмæ УФ-йы министрты кусæгон балцыты дæр.

Бадзырды фæлгæтты арæзт цæуы иууон хъахъхъæнынадон тыгъдад, æдасдзинады иу-уон тыгъдад. Хуссар Ирыстоны арæнтæм фæныхилын Уæрæсе нымайы, куыд йæхи арæнтæм фæныхилын æмæ хатдзæгтæ дæр уымæ гæсгæ араздзæн.

Уæрæсейаг дипломаттæ хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг ахастыты æнæхъуаджы нæ хонынц конструктивон æмæ партнерон ахастытæ, кæцытæ æнусты дæргъы арæзт цыдысты дыууæ паддзахады ‘хсæн. Уыдон ныхæстæм гæсгæ, реализацигонд æрцыд принцип «дыууæ паддзахады  иу тыгъдад». Дунейы нæй ахæм паддзахадтæ, кæцытæн ис ахæм æнгом ахастытæ, кæцытæ афтæ тынг æууæндынц кæрæдзийыл, куыд Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федераци.

Дыууæфарсон æмкуысткæнынад рæзы гуманитарон сферæйы алы къабæзты дæр. Уæрæсейы æрдыгæй уыцы куыст цæуы куыд федералон, афтæ регионалон æмвæзадыл дæр, практикон æгъдауæй паддзахадон структурæтæ æмгуыст кæнынц кæрæдзиимæ.

Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны ахсджиагдзинад æрмæст æндидзынад нæу. Ацы цауæн ис ахсджиаг историон нысаниуæг – 6 æнусы фæстæ Ирыстоны къухы ногæй бафтыд паддзахаддзинад, иннæ  ахсджиагдзинад та, Хуссар Ирыстоны зæххыл сабыр цард кæй æрбиноныг ис, уый у.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ 2008 азы августæй фæстæмæ æрмæст Хуссар Ирыстоны зæххыл нæ, фæлæ æгас Кавказыл дæр ис сабырдзинад, уымæн æмæ гуырдзиаг агрессоры тыхæй сабырдзинадмæ æркæнгæйæ, Уæрæсейы Федераци æндæр бæстæты агрессивон режимты рохтыл дæр æрхæцыд, уыдон бамбæрстой, алы тыхæн дæр кæй разыны, чи йæ æрсабыр кæна, ахæм тых æмæ æрсабыр сты.

Уæрæсейы Федераци нын нæ паддзахадон хæдбардзинад кæй банымадта æмæ нын кæй æххуыс кæны, уымæй Хуссар Ирыстонæн байгом бирæ фадæттæ æмæ фæрæзтæ æмæ уыдонæй хъæуы максималонæй спайда кæнын. Уымæн стар ахъаз дæтты æмæ йын хæрзвадат уавæртæ аразы, Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй дыууæ бæстæйы ‘хсæн цы бадзырд арæзт æрцыд, уый.  Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ  дунейы бæстæтæй дарддæр ма, æгæрыстæмæй, Уæрæсейы дæр кæй ис ахæм тыхтæ, кæцытæ дзурынц, ома, Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уый рæдыд хъуыддаг уыд, уымæн æмæ, зæгъ, уал азы дæргъы Республикæ йæ къахыл не слæууыд, уæлдайдæр та йæ экономикæ, фæлæ уый у Уæрæсейы ныхмæ информацион кампани, кæцы здæхт у, 2008 азы 26 августы Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгад цы уынаффæ рахаста, уый дискредитацимæ, уыимæ иумæ ма уыцы негативон тыхтæ архайынц, цæмæй Хуссар Ирыстоны равдисой ахæмæй, кæцыйæн йæ бон нæу, куыд паддзахад, афтæ уæвынад кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы ныхæстæн æппындæр ницы бындур ис, уымæн æмæ цалынмæ Уæрæсе Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад нæ банымадта, уæдмæ дæр РХИ-йæн уыд йæхи паддзахадон атрибуттæ æмæ 20 азы бæрц цард, кæд нымад нæ уыд, уæддæр хæдбарæй,  дунеон барадон нормæтæм гæсгæ. 2008 азæй фæстæмæ та куыд хæдбар паддзахад, афтæ рæзы, размæ цæуы.

Экономикон рæзты Республикæ  рæстæгмæ цы проблемæтыл æмбæлы, уыдон та сты сабырадон царды проблемæтæ, кæцытимæ сæмбæлынц æппæт паддзахадтæ дæр, уымæй дæр уыцы проблемæты иутæ махæй хуыздæр аскъуыддзаг кæнынц, иннæтæ та – махæй æвзæрдæр.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы знæгтæ та Хуссар Ирыстоны милмæ сисыны бæсты хъуамæ акæсой дарддæр дæр, цæмæй феной, раздæры Советон Цæдисы республикæтæй бирæтæн, кæцытæн, Хуссар Ирыстонимæ абаргæйæ, кусæгон æмæ æрдзон ресурстыл куынæ дзурæм, уæд уыд размæдзыддæр паддзахаддзинад, абоны онг дæр сæ бон нæу аскъуыддзаг кæнын, сæ размæдзыды сын цы хъыг дары, уыцы проблемæтæ. Уыдонæй бирæтæ абон дæр гæвзыккæй уæвынад кæнынц æмæ сты ныппырхæввонг. Хуссар Ирыстоны та фæстаг азты йæ куырыхон æмæ арæхстджын къухдариуæгады фæрцы æрцыд стыр позитивон ивындзинæдтæ, кæцытæ дзурæг сты  республикæйы размæцыдыл.

Уыимæ ма абон нæ паддзахады раз лæууы фидæны рæзты ориентиртæ дырысæй банысан кæныны хæслæвæрдтæ, иууыл вазыгджындæр проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй, Уæрæсейы æххуыс бахынцгæйæ, республикæйы цы ресурстæ ис, уыдон æр-бамбырд кæнын æмæ сæ арæхстджын æмæ эффективонæй спайда кæнын. Уыимæ иумæ, Уæрæсейы Федерациимæ экономикон æмархайдæн саразын хъæуы эффективон механизмтæ, инвестицитæ бахæссын хъæуы экономикæйы уыцы къабазмæ, кæцы фæахъаз уыдзæн йæ райрæзтæн, аиуварс кæнын хъæуы уыцы проектты, кæцытæ Хуссар Ирыстоны уавæрты эффективон не сты. Æппæт уыдæттæ сæххæст кæнгæйæ, Хуссар Ирыстон уыдзæн дидинæфтаугæ æвзонг паддзахад, кæцыйæн ис паддзахады æппæт атрибуттæ, æппæт æууæлтæ, æмæ кæцы абон кусы йæ паддзахаддзинад сфидар кæныныл, йæ адæмы хæрзиуæгæн.

Мæ уацы кæронбæттæны ма мæ ноджыдæр банысан кæнын фæнды уый, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци бæрæг историон рæстæджы банымадта, фæлæ уымæн фидар бындур æвæрд æрцыд  Ирыстон æмæ Уæрæсейы ахастыты стыр, æнусты дæргъы фæлтæрддзинадыл. Уыцы ахастытæ рæстæгæй фæлтæрд æрцыдысты, уыдон активонæй рæзынц æмæ дарддæр дæр рæздзысты æмæ фидар кæндзысты, афтæмæй дыууæ бæстæйы æркæндзысты иу фæндагмæ, уымæн æмæ Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстонæн сæ фæндаг иу у æмæ йыл кæронмæ иумæ хъуамæ цæуæм!

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.