Къуыдаргомæй рацæугæ, зынгæ меценат Джуссойты Альберт æхсæнадон райдиантыл нысан æрцыд Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæджы уынаффæгæнæгæй.

Джуссойы фырты куысты биографи рай-дыдта Советон Цæдисы арæзтадон управлени «Главмоспромстрой»-йæ, цыран йæ карьерæ мастерæй схызт арæзтадон компанийы къухдариуæггæнæджы онг. 1989 азы Альберт «Главмоспромстрой»-йы бындурыл сарæзта фирмæ «Стройпрогресс». Компани архайдта сæудæджерадон æмæ æмбæстагон нысаниуæджы объектты арæзтадыл, афтæ ма æфсæнвæндаг æмæ автомобилон фæндæгты арæзтадыл Уæрæсейы æмæ фæсарæйнаг паддзахæдты территоритыл.

Джуссойты Альберт хорзæхджын у  Мæскуыйаг Сыгъдæг Даниилы майданæй, химион хæцæнгарз æдасæй бафснайыны æмæ скуы-нæг кæныны тыххæй Хъæбатырдзинады орденæй, федералон æмæ регионалон нысаниуæджы ордентæ æмæ майдантæй. Джуссойты Альберт æххуыс кæны Уæрæсейы Федерацийы регионты аргъуанты арæзтад æмæ  æн-дидзынады. Йæ бирæ азты хæрзаудæн хъуыд-дæгты тыххæй йын саккаг кодтой Уырыссаг Чырыстон Аргъуаны хорзæхтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.