Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло республикæйы хицауады сæрдары хæдивæджы бынатмæ снысан кодта Икъаты Русланбеджы. Уый тыххæй фехъусын кодтой аппаратон æмбырды рæстæджы.

Вице-премьер Бокойты Эльбрус, кæцы йæ хъус дардта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады фарстытæм, йæ куыст адарддæр кæндзæн регионы къухдариуæггæнæджы уынаффæгæнæгæй.

«Мах ацы темæйыл рагæй уынаффæ кæнæм. Бокойты Эльбрус цы здæхтыл йæ хъус дардзæн, уый уыдзæн серьезон. Уый нын фадат ратдзæн куыст фæхуыздæр кæнынæн, заказ, æххæст кæныны, арæзтады фæдыл куысты организацийы ног хуызмæ рахизынæн. Икъаты Русланбегæй та курæг дæн ацы хъуыддаг сахуыр кæнын, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады уавæр, арæзтады цы программæтæ реализаци кæнæм, уыдонæн анализ скæнын. Æнæмæнгхъæуæг у æввахс рæстæджы ацы фарстытæ контролы бын сисын», -банысан кодта Сергей Меняйло йæ комментарийы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.