Бендеры хъæуы фыццаг чи æрцард æмæ йæ хæдзары пецæй арвы хъæбысмæ фæздæг чи суагъта, уый зонæг абон ничиуал у. Уый хыгъд абон бæлвырд у, хъыгаг æцæгдзинад – Бендеры хъæуы мæлын, æдзæрæг кæнын чи нæ уагъта, уыцы фæстаг цæрæг Къудухты Сосе кæй амард æмæ йæ мæлæтимæ кæй амард, кæй федзæрæг хъæу дæр. Ахуыссыд фæстаг цæрæджы къонайы зынг, æрнымæг, ныххуыдыг, хæдзары æддаг дунеимæ чи баста, æддаг дунейæн æй чи зонын кодта, цæрдхъом æй чи дардта, уыцы къонайы фæздæг.

Хъæуы рагисторийæ

О, æдзæрæджы ном сбадт Сосейы фæстæ хъæуыл. Æмæ кæд хъæуы абоны цардыл дзурæн нал ис, æмæ йын нал ис йæ фидæны дæр снывæнæн, уæддæр уæвыд, хаста хъæуы ном æмæ нæ фæнды йæ ивгъуыд царды тыххæй радзурын. Фыццаджыдæр уал мæ фæнды йæ номы тыххæй зæгъын. Цымыдисон у йæ равзæрд. Ахæм топонимтæ дунейы бирæ ис, зæгъæм: Африкæйы, Украинæйы, Ираны. Уыцы бендертæн ирон хъæу Бендеримæ исты иудзинад ис, уый бæлвырдгæнæг не стæм, бæлвырд у уый æмæ «бендер» кæй у персаг дзырд æмæ кæй нысан кæны «хæххон фæндаг», «хохы æрхизæн» æмæ йæ ном æцæгæйдæр дзуапп дæтты йæ æрдзы равæрдæн.

Раджы заманы Цхинвалæй Бендермæ комкоммæ фæндаг нæ уыдис, кæд æввахс у, уæддæр. Хъуамæ йæм цыдаис Гурыл æртиссæдз километры бæрц. Ныртæккæ фæндаг Бендермæ цæуы Громыл. Громæй мидæмæ цæгаты ‘рдæм хуыйны Медзыдайы ком, суанг Ардисы хъæуы онг. Громæй Бендермæ у 17-18 километры бæрц. Адæм ахæм дард фæндагыл цыдысты фистæгæй, бæх кæмæн уыд, уыдон та – бæхтыл. Фæндаг уыдис тæссаг, тылдысты дзы æд бæхтæ.

Иу заманы ацы хъæуы цардысты цыппар мыггаджы: Къудухтæ, Адзитæ, Дзæгъиатæ æмæ Хохотæ. Адзитæ æмæ Хохотæ уыдысты фæйнæ хæдзары, цыппар хæдзары та – Дзæгъиатæ, иннæтæ уыдысты Къудухтæ.

Бендеры адæм раздæр цардысты æндæр ран. Лекъуаны, афтæ хуыйны уыцы хъæу. Бендерæй у цыппар километры дарддæр. Лекъуан та йæ уымæн схуыдтой æмæ дзы бадтысты Лечъы абырджытæ æмæ уырдыгæй лæбурдтой гуырдзымæ æмæ сын сæ фос давтой. Къудухтæ уыдысты Беккуызартæй æмæ цардысты Цæгат Ирыстоны Холсты хъæуы, Мызурмæ æввахс. Уыдысты 8 æфсымæры, сæ иуæй иннæ хъæбатырдæр, ныфсхастдæр. Æфсымæртæй сæ иу æнæус уыдис æмæ сдзырдта Зæлойты чызгыл. Зæлойтæ не сразы сты. Æфсымæртæм уый хардзау æркаст æмæ сфæнд кодтой чызджы аскъæфын. Зæлойтæ сæ чызгæн тарстысты æмæ йæ хъахъхъæдтой, донмæ дæр æй иунæгæй нæ уагътой, фæлæ уæддæр æфсымæртæн сæ бон бацис йæ аскъæфын. Зæлойтæ фæфæдис кодтой, хæст сын бацай-дагъ æмæ кæрæдзи фæцагътой, æфсымæр-тæй фæмард ис 6. Чызг æмæ йæ кæимæ скъæфтой, уыдонæй дæр иу лæппу, фæмард. Баззадис ма дзы дыууæ – Дзаппар æмæ Гуыдты. Уым цæргæйæ сын нал уыдис æмæ сæхи раппæрстой Хуссар Ирмæ æмæ æр-бынат кодтой Лекъуаны хохрæбын фæзы. Хъæуы цы чысыл суадæттæ уыдис, уыдон иуранмæ æмбырд кодтой æмæ дзы сырæзтис чысыл цæугæдон, Дондыппыр, зæгъгæ.

Дыууæ æфсымæры, Дзапар æмæ Гуыдтимæ сæ  ныфс нæ бахастой лекъæгтæ æмæ сарæзтой ахæм бадзырд, зæгъгæ, донæй иннæ фарсмæ, уыдоны ‘рдæм исты куы рахиза, уæд дзы сæрибар стут. Æнæуый сæ нæ джиздардтой.

Беккуызарты дыууæ æфсымæры Лекъуа-ны сарæзтой мæсыг. Сарæзтой хицæн хæ-дзæрттæ, хицæн сыхтæ – Дзапартæ æмæ Гуыдтитæ. Бирæ сын уыдис хуымзæххытæ, скодтой фос æмæ бæркадджын цард кодтой. Æлдар сын нæ уыдис, хъалон никæмæн фыстой. Уæдмæ нæлгоймагдых систы æмæ сæм лекъ бакæсын дæр нал уæндыдысты. Уæд иу бон донæй ахызтис саби æмæ адзæгъæл ис. Сабийы æрцахстой æмæ йæ ныккæнды ныппæрстой. Æфсымæртæ уыдысты хос кæрдынмæ æмæ куы æрцыдысты, уæд сын сылгоймæгтæ загътой, зæгъгæ саби ахызтис фалæмæ. Уæд æфсымæртæ æхсæвы бахъуызыдысты æмæ сабийы радавтой. Ахастой йæ Бендермæ. Уым цардысты Дзæгъиатæ æмæ сын сабийы сæ кæрты суагътой, сæхæдæг æрæмбæхстысты æмæ сусæгæй кастысты. Саби ныккуыдта æмæ йæ кæуынмæ Дзæгъиаты бинонтæ ракастысты æмæ сабийы куы федтой, уæд бамбæрстой, цыдæр хабар кæй æрцыд. Æррæвдыдтой йæ æмæ йæ хæдзармæ бакодтой. Бирæ нал фесты уым лекъæгтæ, уымæн æмæ се уонджы мигъ уыдис Беккуызарты æфсымæртæй. Уæдмæ Уырыс Гуыр-дзыстоны æрфидар сты æмæ лекъаг абыр-джытæ сæхи уырдыгæй айстой æмæ уыцы бæстæ иууылдæр Къудухтæн баззадис. Æцæг уæд нырма Беккуызартæй фыстой.

Уырысы æрцыдæй пайда кæнын райдыдтой Ерыстау æлдæрттæ æмæ Лекъуаны зæххытæ сæхи бакæнынмæ æрхъавыдысты. Адæм нæ састысты. Фæлæ Хъазахъхъы фæрцы Ерыстауты Мамазе боныфæстагмæ æрбаирвæзт Лекъуанмæ æмæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыд. Мæсыгы уæлæ хъæдын хæдзар саразын кодта æмæ-иу сæрд уым уыдис, зымæг та  – Каралеты. Æлдары фыдмитæн нал фæрæзтой, хъæубæстæ-иу цы муртæ æркодтой, уыдон та уый хордта æввонгæй æмæ йæм иу бон бахъавыдысты æмæ йæ амардтой. Æлдары мард куы айхъуыст, уæд уайтагъд хъазахъхъ уым æрбалæууыдысты æмæ адæмы нæмын райдыдтой, фыдгæн-джыты радтут, зæгъгæ. Чи сæ хъуамæ схъæр кодтаид æмæ уыдон дæр фыдмитæ кодтой. Адæмы хортæ сæ бæхтæн хæрын кодтой, сæ фос сын æргæвстой, хæдзæрттæм цыдысты æмæ хæрд, нозт цы ардтой, уыдон хастой. Фыдрасыг хъазахъхъæгтæ адæмы раууатмæ скъæрдтой. Адæм сæ чызджыты бамбæхстой алы рæтты. Æлдары чи амардта, уыдон уыцы  тухæнтæм кастысты æмæ мæстæй сæ зæрдæтæ сыгъдысты. Фæлæ æгас æфсадæн цы хъуамæ ракодтаиккой æмæ хуыздæрыл банымадтой сæхи барвæндæй раттын. Хъазахъхъ сæ æрцахстой æмæ сæ Калакмæ акодтой, уым сæ Сыбырмæ ахастой æмæ сæ йæ фыдыуæзæгмæ ничиуал æрыздæхт. Иугæр Советон хицауад куы фæуæлахиз, уæд Лекъуаны хъæуы адæм Бендермæ лидзын райдыдтой. Лекъуаны та дардтой сæ фос сæрдыгон, раздæрау пайда кодтой уыцы сæрвæттæй æмæ уыгæрдæнтæй.

Бендер дих кодта цалдæр сыхыл, фыды-фыртгай сæ хуыдтой Дзапартæ, Къозмантæ, Дурмитæ, Гудзитæ, Ладзетæ, Додотæ, Джиуæртæ, Беппитæ, Татитæ, Дзуалитæ æмæ Дзæгъиатæ. Уыдон уыдысты тынг уазæгуарзон, æххæст кодтой фыдæлты æгъдæуттæ, уыдис сæм диссаджы фæсивæд. Хъæуæн уыдис сæхи тæрхонгæнджытæ: Къудухты Годжиа, Цуджи æмæ Батырадз.

Хъæуы уыдис куырыхон, дзырддзæугæ зæронд лæгтæ дæр: Къудухты Цъицъе, Шаликъо, Ерманоз, Уанкъа, Сикъо, Баграт, Дзæгъиаты Аршак æмæ Адзиты Датикъо. Бендермæ куы фæцæйхæццæ кодтой, уæд комæн фаллаг фарс цардис Адзиты Датикъо. Йæ цард стыр цымыдисон рауад Датикъойæн. Уый уыдис тынг хорз адæймаг. Уыдис ма йын æфсымæр дæр, йæ ном Ерди, зæгъгæ. Ердийæн бинонтæ нæ уыдис, уыдис фæн-дырдзæгъдæг. Датикъойæн та йæ зæнæг уыдысты 5 лæппу æмæ 5 чызджы. Иухатт Ерди фæндырдзæгъдæг уыдис Калачы æмæ йыл уым бахæцыд гуыбынниз. Йæхæдæг æмæ йе ‘фсымæр аирвæзтысты, фæлæ дæс сывæллоны æмæ мад дæр амардысты. Тынг фæхъынцъым кодтой хъæубæстæ, фæлæ сæм æввахс бацæуын ничи уæндыд. Сæхæдæг дæр сæ æввахс нæ бауагътой, исты сыл куы бахæца, уый аххосæй. Афтæмæй сæхæдæг фæкъахтой ингæнтæ æмæ сæ баныгæдтой. Баззадысты æфсымæртæ иунæгæй. Сæ зæрдæтæм ныхъхъуыстой. Фæлæ уалдзæджы сæхи бацæттæ кодтой, байтыдтой сæ зæххытæ, фæззæджы сæ тыллæг бафснайдтой æмæ арвыстой æгас комбæстæм хонæг, цæмæй сæм æрцæуой æмæ сын сæ мæрдтæн рухс зæгъой. Адæм æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, ныр Датикъо кæд фæивид йæ царды уаг, фæлæ раздæрау уыдис æрхæндæг. Адæм сагъæстыл фесты, цы бакæной, сæ зынаргъ адæймаджы цардмæ куыд раздахой æмæ йæм æрхатыдысты хъæубæсты кадджындæр зæрæдтæ, цæмæй йæхицæн бинонтæ æркæна æмæ уый дæр сразы.

 

Бындуронæй фæивта сæ цард

Бендерæгтæн сæ цард бындуронæй фæивта Октябры революцийы фæстæ. Ног дуджы комулæфт бахæццæ дæрддаг хъæумæ дæр æмæ ныллæууыдысты сæ цард аразыныл. Сарæзтой колхоз 13 коммунары номыл æмæ йæм стыр разæнградæй цыдысты адæм. Дардтой фос æмæ ахстой цыхт, бирæ сын уыдис мыдтæ, тыдтой нартхор, хъæдур æмæ сæ дих кодтой колхозонты куыстбонтæм. Хъæуы арæзт æрцыдис скъола дæр. Фæлæ Бендеры хъæуы цæрджытæ уадиссаг нысаниуæг нæ лæвæрдтой сылгоймаджы ахуырдзинадæн. Дзырдтой-иу, зæгъгæ, чызг куы бахъомыл уа, уæд æй чындзы арвит, йæ ахуырдзинад ницы пайда у. Бендеры чызджытæй фыццаг ахуырдзинад райста Къудухты Инессæ. Уыцы хъæуы раздæр уыдис райдиан скъола, фæлæ 1955-56 азты ам байгом æнæххæст астæуккаг скъола. Йæ фыццаг директор уыдис Къудухты Шаликъо, хæстæй инвалидæй æрцыд. Уый фæстæ дзы директорæй куыстой Тедеты Евген, Къудухты Георги, Илья, Тыджыты Люся, фыссæг æмæ драматург Уанеты Владимир, Цхуырбаты Барис, Гобозты Ясон, Адзиты Сергей, Санахъоты Лавер æмæ æндæртæ. Ахуыр дзы кодтой æртиссæдз сы-вæллоны. Хæххон хъæуы уый егъау нымæц у.

Бендерæгтæ куыстуарзаг уыдысты. Сæ сæйрагдæр куыст уыд фосдард. Фæстагмæ скодтой хуымзæххытæ дæр æмæ æлхæнгæ ницы кодтой, сæхимæ задис æппæт дæр. Фæлæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ уый уæззау фæлварæн ссис бендерæгтæн дæр. Уыцы рæстæджы хъæу баисты 65 хæдзары. Иу стæм хæдзарæй дарддæр алчи дæр йæ хæдзардарæджы афæндараст кодта  уыцы уæззау фæндагыл. Бендеры хъæуæй цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ фæндагыл араст сты 60 адæймаджы. Бирæ хæдзæрттæй дзы арастис 2-3-гай бæлццæттæ æмæ баззадысты хæсты быдыры. Ахæмтæ уыдысты æфсымæртæ   Къудухты Къоста æмæ Харитон, æртæ æфсы-мæры Уазно, Зарбег æмæ Гино, Лавер æмæ Беттор.

Бендерæгтæй бирæтæ активон хайад истой ног царды сæрыл тохты. Абон  дæр адæмы æхсæн сæ нæмттæ цæрынц революционертæ Къудухты Сосыкъо, Ади, Сослан, Михо, Тохтæ, Артъем, Ногæ æмæ Сикъойæн.

Кувæг адæм уыдысты бендерæгтæ дæр. Куывтой Цъыриайы Уастырджийæн. Ацы бынат ис Бендер æмæ Лекъуаны ‘хсæн иу фæзбынаты, мæсыгы хæлдтытæ дæр дзы ис æмæ уыцы бынат хуыйны Цъыриа. Куывтой ма Ломисы Уастырджийæн. Ломисы кувæндон та ис Ахалиса æмæ Бендеры ‘хсæн бæрзонд ран, ис дзы мæсыг æмæ уæлмæрд дæр. Куывтой ма Санибайæн дæр Дауджыты бон. Фæлæ сын Лекъуаны дæр уыдис Хуссары дзуар, сырхы дзуар æмæ Фæсхъæуы дзуар.

Куыд ма загътам, афтæмæй раздæр Бендермæ рæстмæ фæндаг нæ уыдис. Бæхтæ-иу æд бæлццæттæ фæтылдысты. Фæлæ 1979 азы уæды фæндæгты хайады хистæр Мæргъиты Алыкси æмæ Бендеры хъæуккаг Къудухты Къолийы хъæппæрисон архайды руаджы уырдæм арæзт æрцыдис фæндаг.

Ацы хъæуæй бирæ зындгонд адæймæгтæ рацыд. Йæ ном хорз зындгонд у хæдтæ-хæгскъæрæг Къудухты Елиозæн – хæсты рæстæджы бабын ис. Къудухты Илья бирæ рæстæджы дæргъы фæкуыста горæтæх-хæсткомы сæрдарæй Цхинвалы, стæй та – электрохызæджы хистæрæй, куыста ма Электровибромашинæйы директорæй. Бирæ азты дæргъы Калачы  ирон театры актерæй фæкуыста Къудухты Къоли. Ацы хъæуæй рацыдысты зарæггæнджытæ Къудухты Валери æмæ Вася дæр…

О, уыдис Бендеры хъæу. Ныр нал ис æмæ нæ, хъыгагæн, уый тыххæй дзурын хъæуы ивгъуыд афоны…

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.