Æрмæст сыл цæст ахæсгæйæ дæр адæймаг дисы бахауы, нæ фыдæлтæн сæ бон уый бæрц диссаджы хæзнатæ сфæлдисын куыд баци. Кæд зын уавæрты æрвыстой сæ цард, æдзух сæ фыдæбон цыд сæ разæй, уæддæр сын уый нæ уыд къуылымпыйы хос. Æмбæрстой, цард иугъæдон кæй нæ уыдзæн, хуыз-дæр кæй кæндзæн æмæ хъуамæ дæ фæстæ та уадзай рæсугъд фæд. Æмæ нывæзтой сфæлдыстад, царды йæ биноныг кодтой, фæлтæрæй фæлтæрмæ сæ лæвæрдтой хуыздæргæнгæ æмæ нæм æрхæццæ сты абоны бонмæ. Æгæрон фæллæйттæ, æгæрон хæзнатæ сты, алы адæмæн нæй ахæм зынаргъ бынтæ. Уы-дон нын тыхджын æмæ фидар кæнынц нæ удварн æмæ уымæ гæсгæ сæрыстырæй лæууæм æндæр раззагон адæмты ‘хсæн. Уыдонмæ хауы музыкалон аивад дæр. Иуæй иннæ хуыздæр уадынгарзæй нывæзтой се ‘рвылбонон царды цинтæ æмæ мæстытæ, уæлахизтæ æмæ хуыздæр, рухсдæр сомбонмæ сæ тырнындзинад. Уыцы уадынгæрзтæм та хауынц уасæн, уадындз, удæвдз, лалым-уадындз, фидиуæг, хъисынфæндыр, хъырнæг-фæндыр, дыууадæстæнон, далафæндыр, гуымсæг, дала, къæрцгæнæнтæ, ирон хъандзал фæндыр.

Абоны бонмæ нæм цы æгъуыстаджы адæмон сфæлдыстад æрхæццæ, уыдонæй иутæ равзæрдысты ацы уадынгæрзтыл цæгъдгæйæ, иннæтæ та æрмæст дзыхы ныхас, кадæггæнджыты фæрцы. Ахæм дæсны кадæггæнæг æмæ зарæггæнæгыл нымад уыд Медойты Сабе дæр. Уый зындгонд уыд дзыллæты ‘хсæн, дзырдарæхст, бирæ туджджынтæ бафидыдтой йæ фæрцы, нал-иу æруагъта тугкалд, ирон æгъдæуттыл фидар кæй хæцыд, уый руаджы.

Медойты Сабе райгуырд Цæгат Ирыстоны Урсдоны 1822 азы зæхкусæг бинонты ‘хсæн. Фæстæдæр бинонтæ æрцардысты Чырыстоны хъæуы æмæ Сабе йæ царды фæстаг бонтæм фæцард уым. Хæрзкъаннæгæй Сабе Урсдоны хъуыста æмæ ахуыр кодта зындгонд адæмон кадæггæнджытæ Хъараты Гитъо (фæцард 147 азы) æмæ Лолаты Лолойы (140 азы) фæлтæрддзинадыл. Уыдон фæрцы йæ зæрдæмæ арф айста Нарты кадджытæ, зарджытæ æмæ кадджытæ. 1909 азы Дзагурты Г. Сабейæ цыбыр рæстæгмæ ныффыста Нарты кадджытæй 11, иу ахæм – зарджытæ, æртæ кадæджы, Даредзанты таурæгътæй иу, иу историон кадæг æмæ иу та – аргъау. Дзагуры фырт зыдта, Медойты Сабейæн йæ зæрдæйы арфы ноджыдæр дзæвгар фæллæйттæ кæй ис, æмæ сæ уымæ гæсгæ кæй хъæудзæн фыссын. Куыддæр ын фадат фæци, афтæ та йæм 1910 азы æрцыд, фæлæ, стыр хъыгагæн, Сабейы нал æрæййæфта удæгасæй.

Дзагурты Г. Сабейы зыдта чысылæй фæстæмæ æмæ йын афыста йе ‘ддаг бакаст. Уый уыд рæстæмбис, фæтæнуæхск. Кадæггæнæг-иу йæ хъайтарты миддунейы афтæ бацыд, æмæ уæд пайда кодта йæ уæнгты фезмæлд, ахаст æмæ дзыхы ныхасæй, кадæджы архайд зынд йæ цæсгомыл, ивта йæ хъæлæсы уаг. Иудзырдæй, йæ алы уацмыс дæр радæттаид стыр разæнгардæй. Ныхас кæныны æвзыгъддзинад æм кæй уыд, стæй поэтикон курдиат, уый фæрцы йæхимæ здæхта, чи йæм хъуыста, уыдон хъусдард.

Сабе хорз зыдта æртæ Нарты – Æхсæртæггатæ, Алæгатæ æмæ Борæты хабæртты, раст сбæлвырд кодта алы мыггаджы хъайтары дæр. Йæ кадджыты сæйраг темæ у Уæрхæг æмæ йæ фырттæ: Нарты равзæрд, сæйраг хъайтарты райгуырд, Уырызмæг Сатанайы куыд ракуырдта. Ноджы ма йæм уыдысты Сырдон æмæ æрыгон Ацæмæзы кадæг, Батрадзы мæлæт, Сосланы райгуырд æмæ йæ сæрын. Сабе пайда кодта ирон рагон дзырдтæй. Йæ репертуар сæ зæрдæмæ арф айстой йæ фырттæ Бæзза æмæ Уырысхан. Уыдон æнувыд куысты руаджы 19-æм æнусы кæрон грампластинкæйыл фыст æрцыдысты адæмон зарджытæ.

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.