Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Гарзджын тыхты Генералон штабы хистæр –  Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Виктор Федоровы.

Паддзахады сæргълæууæг зæрдыл æрлæууын кодта Донбасы æмæ Украинайы цауты æнæстабилон æхсæнадæмон уавæры тыххæй.

«Уæрæсейы Президент бадзырд радта операци ауадзыны тыххæй. Мах уый банымадтам æнæмæнгхъæуæгыл, раст у, адæмы хъæуы ирвæзын кæнын æмæ сæ сабыр цардмæ æркæнын. Уыимæ иумæ, мах хорз æмбарæм, Гуырдзыстонимæ баст уавæр нæ кæй тыхсын кæны. Мах уынæм бæрæг змæлдтытæ Гуырдзыстоны территорийыл, кæд арæнтæм æввахс нæ, уæддæр. Фæлæ уый мах тыхсын кæны», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли  банысан кодта, зæгъгæ, ахæм зын рæстæджы Республикæ Хуссар Ирыстон Хъахъхъæнынады министрад æнæ къухдариуæггæнæгæй ма хъуамæ баззайа.

«Абоны бон Хъахъхъæнынады министры не ‘ндавы æфсад, хæстон цæттæдзинад. Уый бæрæг у йæ архайдтытæй, фылдæрбæрцæй – æнæархайдæй. Уымæ гæсгæ æз райстон уынаффæ Гассеты Ибрагимы Хъахъхъæнынады министры бынатæй ссæрибар кæнын æмæ йæ хæстæ дæуыл сæвæрын», – загъта Президент Виктор Федоровæн.

Уый ма йæ Барамындæй ссæрибар кодта Хъахъхъæнынады министры хæдивæджы бынатæй Гасситы Æхсары.

«Æфсад ма хъуамæ баззайа æнæ къухдариуæггæнæгæй. Уыимæ иумæ уагъд нæ цæуынц рæнхъон сконды хъомыладон æмæ патриотон куыст, уымæ гæсгæ æз райстон ахæм уынаффæ», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент ма æрдомдта 26 февралы афицерон сконд æрæмбырд кæнын, цæмæй сæрмагондæй фембæла дæлхайæдты разамынад æмæ командиртимæ æмæ сын фехъусын кæна йæ уынаффæ.

«Уыимæ иумæ, мах бабæрæг кæн-дзыстæм Хъахъхъæнынады министрады территори, бацæудзыстæм дæлхайæдтæм, казармæйон уавæры чи ис, уыдоны фæтк æмæ уавæр фендзыстæм, æмæ дарддæр кусдзыстæм. Домын дæ, цæмæй æфсады уавæр сахуыр кæнай æмæ мын уый тыххæй фехъусын кæнай», – загъта уый.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.