РХИ-ЙЫ ПРЕЗИДЕНТ БИБЫЛТЫ АНАТОЛИЙЫ ÆРВЫЛАЗОН ПРЕСС-КОНФЕРЕНЦИ

Ног азы къæсæрыл – 26 декабры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн комкоммæ эфиры уыд æрвылазон пресс-конференци. Уый хатдзæгтæ сарæзта 2018 азы бакæнгæ куыстæн æмæ банысан кодта 2019 азы перспективæтæ.

Мадзалы райдиан Бибылты Анатоли раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн, загъта сын сабырдзинады, æнцойады æмæ дидинæфтаугæ республикæйы цæрыны фæн-диæгтæ.

Дарддæр Президент дзуаппытæ лæвæрдта, залыуæвæг журналистты фарстатæн æмæ республикæйы районты цæрæг æмбæстæгты телефонон æмæ видеофарстатæн дæр.

Инвестпрограммæйы фæдыл фарстæн дзуапп кæнгæйæ, Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ,  2018 аз республикæйæн æвзæр аз нæ уыд. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы азæй дарддæр Инвестпрограммæ сæдæ процентæй æххæст никуы æрцыд. Ома, ацы азы Инвестпрограммæйы баны-сангонд куыстытæ иууылдæр æххæст æрцыдысты. «Ныртæккæ та куыст цæуы техникон документацийыл, уый дæр фæуыдзæн ацы дыууæ бон», – бамбарын кодта Президент.

Уый банысан кодта республикæйы æддагон политикæйы æнтыстытæ дæр.

«Æддагон политикæйы фадыджы дæр ахадæн куыст цыд. Ахæмтæ, куыд Сербимæ мæ балц æмæ Хæлардзинад æмæ æмгуыстады тыххæй сразыдзи-надыл къухтæ æрфыссын, Сирийы Арабаг Республикæйы æрдыгæй нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинады банымад. Кæй зæгъын æй хъæуы, дарддæр дæр куыст цæуы æмæ цæудзæн дунеон аренæйы Республикæ Хуссар Ирыстон позици сфидар кæныны тыххæй. Дарддæр дæр мах архайдзыстæм, цæмæй нын æндæр бæстæтæ дæр банымайой нæ бæстæйы хæдбардзинад», – загъта Бибылты Анатоли.

Республикæйы цæрджыты  фæрныгады тыххæй та Президент загъта, зæгъгæ, фæфылдæр сты куыстмыздтæ, сывæллæтты пособитæ. Экономикæйы фадыджы дæр арæзт æрцыд бæрæг къахдзæфтæ, ныридæгæн кусы «Чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн  хатырон кредиттæ дæттыны» тыххæй закъон. Ацы аз кредиттæ лæвæрд æрцыд 21 милуан сомы, фидæнмæ нæ нæ къух куыд амона, ома, нæхи сæрмагонд фæрæзтæ куыд фæфылдæр уой, уымæ гæсгæ уыцы суммæ фæфылдæр уыдзæн.

Хуссар Ирыстонмæ цадæггай цæуын райдыдтой инвестортæ дæр. Фæзынд нæм серьезон инвестортæ. Ног инвесторты руаджы фæзындзæн фылдæр куысты  бынæттæ дæр. Уымæй дарддæр ма хъалонты хуызы республикæйы бюджетмæ бацæудзæн фылдæр æфтиæгтæ. Æрæджы бакондæуыд сæны завод. Ацы завод бакæныны тыххæй инвестор бавæрдта 70 милуаны бæрц инвестицитæ.

Бæстæйы сæргълæууæг Хицауады куыст банымадта æвæрццагыл æмæ бузныджы ныхæстæ загъта Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы адресыл, йæ куыстмæ йын бæрнон ахаст кæй ис æмæ министрты разылæугæ хæстæ куыд æххæст цæуынц, уымæ лæмбынæг йæ хъус кæй дары, уый тыххæй.

Дарддæр Президент куыд банысан кодта, афтæмæй 2018 азы Хуссар Ирыстонæн нысаниуæгджын цау уыд – Уæрæсейы Газпромимæ сразыдзинадыл къухтæ  фыст æрцыд.

«Абоны бонмæ газæй ифтонг у æрмæстдæр горæт Цхинвал. Республикæйы районты нæй æрдзон газ. Тагъд райдайдзысты хъæутæм газы хæтæлтæ уадзын», – фехъусын кодта Президент. Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы куыстытæ кæндзысты бынæттон кусджытæ, Газпром та йæхимæ бæрндзинад исы йæ кондадон базæты хуссари-рыстойнаг специалистты бацæттæ кæныны тыххæй.

«Ацы здæхты ныртæккæ куыст цæуы. Газпром агуры, ацы системæйы кусын æмæ хорз специалисттæ суæвын кæй фæнды, ахæм æвзонг адæймæгты. Хуссар Ирыстоны куыстмызд-тæм абаргæйæ, ам мызд уыдзæн ахадæндæр», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Цæрæнуаты проблемæйы тыххæй Президент загъта, зæгъгæ, нæ республикæйы дарддæр дæр арæзт цæудзæн цæрæнуат. Æртæ азмæ паддзахад хъуамæ аскъуыддзаг кæна цæрæнуаты проблемæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы цы хæдзæрттæ арæзт цæуынц, уыдон нæ фаг кæнынц, цæрæнуатмæ рады чи лæууы, уыдонæн. Хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн ипотекæйы кредиттæй спайда кæнын сæ бон кæй нæу, уый тыххæй паддзахад хæсджын у, цæмæй араза социалон цæрæнуат. Цхинвалы арæзт æрцæудзæн  75 фатерон цæрæн хæдзæрттæ æхсæз. Фыццаг рады цæрæнуатæй ифтонг цæудзысты æвæрæз бинонтæ, æмæ цæрæнуат кæмæн нæй, ахæмтæ. Афтæмæй цæрæнуаты проблемæ хайгай скъуыддзаг æрцæудзæн.

Президент куыд банысан кодта, афæмæй цæрæнуатмæ номхыгъдты ахæм адæймæгтæ ис, кæцытæн ис, кæм цæрой, уый. Уыдонæй бирæтæн цæрæнуат ис Цæгат Ирыстоны дæр.

«Кæд искæй Цхинвалы цæрын фæнды, уæд ауæй кæнæт, Дзæуджыхъæуы йын цы цæрæнуат ис, уый æмæ Цхинвалы балхæнæт хæдзар», – загъта Президент æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «цæрæнуаты фæдыл цы къамис арæзт æрцыд, уый тынг лæмбынæг кусы. Рæстагонæй куынæ архайæм, уæд нæ къухы ницы фæстиуæг бафтдзæн».

Бæстæйы сæргълæууæг иууыл риссагдæр проблемæйыл нымайы, 2008 азы гуырдзиаг агрессийы фæстиуæгæн цы хæдзæрттæ бахъыгдард сты, уыдон абоны онг æндидзыдгонд кæй не ‘рцыдысты, уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны онг æндидзыдгонд æрцыдысты 155 бæстыхайы агъуысты æмæ 45 хæдзары, уыдонæй 15 хæдзары сты районты. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ацы куыст дарддæр  æрцæудзæн фидæн азы дæр.

«Ныфс мæ ис, гуырдзыйы агрессийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны бахъыгдард æмæ ныппырхгонд хæдзæртты проблемæ дыууæ азмæ скъуыддзаг кæй æрцæудзæн. Ацы проблемæ республикæйы цæрджытæн у иууыл риссагдæр», – бахахх кодта Бибылты Анатоли.

Уый куыд загъта, афтæмæй уыцы пырх хæдзæрттæ баззадысты 2008 азæй фæстæмæ. Фидæнмæ дæр сæ араздзысты æмæ ацы проблемæйы темæ хъуамæ æхгæд æрцæуа дыууæ азмæ. Хæдзæрттæ иу æмрæстæджы кæй нæ сырæздзысты, уый цæрджытæ сæхæдæг дæр хъуамæ æмбарой. Араздзысты  сæ номхыгъдты радмæ гæсгæ.

Дарддæр бæстæйы сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй 2020-2022 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт цы объекттæ хъуамæ æрцæуой, уыдон номхыгъдыл нырма куыст цæуы. Уымæй дарддæр плангонд цæуы Цхинвалы уынгтæ æмæ фæндæгты цалцæг кæнын.

«Мах горæты хъуамæ æркæнæм йæ уагмæ, цæмæй горæт уа рæсугъд, алы уынг дæр уа асфальтгонд, цæмæй рæсугъд уой æрмæст горæты центр нæ, фæлæ горæты районтæ дæр. Фæнд цæуы  сывæллæтты æнæнизгæнæн центр саразын дæр. Абоны онг дæр нын нæй сывæллæтты улæфæн лагертæ. Мах æнæмæнгæй хъуамæ саразæм сывæллæтты æнæнизгæнæн лагерь, уымæй дæр æмбæлон æмвæзадыл, кæцыйы улæфдзысты, æрмæст нæ республикæйы сывæллæттæ нæ, фæлæ сириаг, абхазаг æмæ Донецк æмæ Луганскы  Адæмон  Республикæты сывæллæттæ дæр.

Журналистты цымыдис кодта республикæйы цæрджыты пенсион ифтонгады фæдыл фарст дæр.

Президент ныфс бавæрдта, 2019 азы нæ республикæйы пенситæ кæй фæфылдæр уыдзысты, уымæй.

Уый куыд загъта, афтæмæй ацы аз хицауад самал кодта 76 милуан сомы. Уыцы фæрæзтæ хардз æрцæудзысты пенситæ фæфылдæр кæныныл.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы сæрмагонд фæрæзтæ дих кæныны приоритет лæвæрд æрцыд социалон сферæйæн. Нысан æрцыд ахæм пенситæ, кæцытæ нæ республикæйы ныры онг нæ уыдысты.  Зæгъæм, сахъатджын (инвалид) сывæллонмæ 18 азы онг чи зилы, ахæм куыстхъом æгуыст адæймæгтæн, кæнæ фыццаг къорды гуырцæй сахъатджын сывæллæттæ, уыдон фидæн азæй исдзысты 3900 сомы. Æдзух кæсын кæмæ хъæуы, фыццаг къорды уыцы сахъатджынтæн дæр никуы фыстой пенси, фæлæ сын ныр сæ пенситæм бафтаудзысты иу мин сомы.

Фидæн аз дæр фæнд цæуы, сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон бафысты бæрц 10 мин сомæй 16700 соммæ схизын кæнын. Фыццаг сывæллоны райгуырды æмæ дыккаг сывæллоны райгуырды тыххæй иурæстæгон  бафыстытæ дæр фæфылдæр сты.

«Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ бюджетæн уый стыр æнтыст у», – бахахх кодта Бибылты Анатоли.

Кæд социалон пенсийы бæрц уыд 2900 сомы, уæд ныр схиздзæн 3250 соммæ.

80 азы кæуыл сæххæст, æмæ зæронды тыххæй пенси чи иста, уыдонæн дæр сæ пенситæм бафт-дзæн иу мин сомы. Фæфылдæр уыдзысты æндæр пенсион бафысты-ты бæрцтæ дæр. Зæгъæм, фыццаг къорды сахъатдзинадимæ зæронды пенси уыд 7320 сомы æмæ схиздзæн 8000 соммæ, дыккаг къорды сахъат-дзинады тыххæй пенси та кæд 6740 сомы йедтæмæ нæ уыд, уæд уыдзæн 7750 сомы, æртыккаг къорды сахъат-дзинады тыххæй пенси та уыд 3480 сомы æмæ уыдзæн 4000 сомы.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй пенситæ фæфыл-дæр сты, республикæйæн йæхи сæрмагонд æфтиæгтæ кæй фæфыл-дæр сты, уый руаджы. Кæд ивгъуыд аз паддзахадон бюджетмæ бацыд 1,08 миллиард сомы, уæд фидæнмæ та уыдзæн 1,3 миллиард сомы бæрц. Уый фæстиуæгæн фæнд цæуы медикаменттæ, санаторион-курортон хоскæныны æмæ æндæр социалон лæггæдты тыххæй хæрдзты бæрц фæфылдæр кæнын.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, ацы аз цæрæнуат самал кæнын, уæззау рынчынтæн хоскæнынæн баххуыс кæныны, спорты райрæзт æмæ æвæрæз бинонтæн æххуыс кæныны тыххæй парти «Иугонд Алани»-йы хæрзаудæн фондæй рахицæн æрцыд 28 милуан сомы.

Журналистты цымыдис кодта республикæйы медицинон лæггæдты гъæд, медицинон æмæ техникон ифтонгад  æмæ медицинон æххуыс райсыны сæраппонд рынчынты республи-кæйæн æддæмæ цæмæн бахъæуы акæнын, уый фæдыл фарст.

Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй лæмæгъ поликлиникæйон службæ æмæ  техникон проблемæты тыххæй иуæй-иу хатт  цæрджытæ нал феууæндынц бынæттон дохтыртыл.

«Нæ рынчындæттæ ифтонг сты нырыккон ифтонггæрзтæй. Фæлæ сын проблемæ вæййы техникæимæ, сæрмагондæй та реабилитацион машинæтимæ», – загъта Президент.

Уый куыд загъта, афтæмæй республикæйæн æддæмæ кæй цæуынц рынчынтæ хос кæнынмæ, уый дохтырты аххос нæу. «Мах æй зонæм гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы экстремалон уавæрты куыд куыстой нæ дохтыртæ, хæсты рæстæджы ныккæндты цы операцитæ арæзтой, куыд ирвæзын кодтой нæ цæф лæппуты».

Хъыгагæн, мах нал æууæндæм нæ дохтыртыл, фæлæ уыдон цы диагнозтæ сæвæрынц рынчынтæн, уыдон вæййынц раст.

Бæстæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, респуб-ликæйæн æддæмæ, ома, Гуырдзыстонмæ, рынчынты  ацæуы-ны динамикæ бирæ фæкъаддæр. Ацы аз æрхызт 2013 азы æмвæзадмæ.

«Ацы тенденци баст у, рынчынты æндæр рæттæм нæ уадзынимæ нæ, фæлæ нæ адæм нæ дохтыртыл   æууæндын кæй райдыдтой, уыимæ», – бамбарын кодта Президент

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй абон хирургион хайады цы ифтонггæрзтæ ис, уыдон тынг хъомысджын сты. Æрæджы  лазерон ифтонгад балхæдæуыд урологийы хайадæн дæр. Ныр операцитæ арæзт цæудзысты лазеры руаджы.

Президент банысан кодта, Уæрæсейы Федерацийы нæ рынчынтæн лæвар кæй хос кæнынц, уый дæр.

Республикæйы территорийыл базальты заводы арæзтады тыххæй бæстæйы сæргъ-лæууæг загъта, зæгъгæ, æвзæрæй ницы ис, нæ республикæйы базальты фæскъау куы уадзой, уымæй.  Куыд банысан кодта, афтæмæй уый хæцы, республикæйы бюджетмæ хъалонтæ чи фида æмæ цæрджыты куыстæй чи ифтонг кæна, ахæм æдас куыстуаты фарс.

«Завод рацыд æппæт экспертизæтæ дæр, уыимæ куыстуат зианхæссæг кæй уыдзæн, уый тыххæй æппындæр ницы бæрæггæ-нæнтæ ис. Базальтон кондады ныхмæ чи цæуы, уыдон фæлварынц проектæй политикæ саразыныл. Уыдон сты брондонон полигон  аразыны ныхмæ дæр», – загъта Президент æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, адæм протесты нысанæн æмбырд кæнынц къухфыстытæ.

«Бирæтæм афтæ кæсы, ома, кæд иу ран ис брондон, уæд аразын нал хъæуы ног полигон, уымæй дæр ГОСТ-мæ гæсгæ арæзт куы ‘рцæуа, уæд. Иуæй-иу адæймæгты негативон зæрдæйы уагы тыххæй, цæрджыты хæрзиуæджы тыххæй цыфæнды хъуыддаг дæр сисынц сæ уæлныхтыл», – бамбарын кодта Бибылты Анатоли.

Ног азы кадрон ивындзинæдты тыххæй Президент загъта, зæгъгæ, министрты куысты æмгъуыдтæ баст сты, сæ куыст куыд æххæст кæнынц, уыимæ.

«Æз нæ дæн æнæхъуаджы искæй йæ бынатæй ссæрибар кæныны фарс. Чиновникы куыстæн фæстиуæг куынæ уа, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, райстæуыдзæн ма-дзæлттæ. Алы чиновник дæр дзуапп хъуамæ дæтта, йæ разы йын бæстæйы къухдариуæгад цы æвæры, уыцы домæнтæн, уыцы домæнтæ та сты æмбæстæгты фарстатæ скъуыддзаг кæнын æмæ йæ разылæууæг хæстæ æххæст кæнын. Æз дæн командон куысты фарсхæцæг. Искæцы адæймаджы йæ бынатæй сисынæй политикæ ма хъуамæ аразæм», – загъта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2019 азы бæрæг куыст цæудзæн Президенты Админист-рацийы оптимизацийы фæдыл.

Бибылты Анатоли банысан кодта Ленингоры райцентры уынгты хæрзарæзтады куыстыты динамикæ дæр.

«Ленингоры поселочы ацы аз кæронмæ бахæццæ сты коммуникациты ивыны куыстытæ. 2019 азы асфальт кæнын райдайдзысты уынгты дæр. Скъуыддзаг æрцæудзæн уынгты рухсытæ саразыны фарст дæр», – загъта уый.

Банысан кодта 2019-2020 азты Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзт кæй æрцæудзæн  Арцеумæ фæндаг дæр.

«Нырма уал цалцæг æрцæудзæн Гром –  Цъинагары фæндаг, уый фæстæ та – Арцеумæ фæндаг», – ныфс бавæрдта Президент Арцеуы хъæуы цæрджытæн æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, хъæуты цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнын у ахсджиаг фарстытæй сæ иу.

Гуырдзыстонимæ ахастыты тыххæй Президент куыд загъта, афтæмæй нын цалынмæ уыдон нæ паддзахадон хæдбардзинад банымайой, æмæ Хуссар Ирыстонæн цы фыдракæндтæ сарæзта, уыдоны тыххæй   хатыр   ракурой,  уæдмæ семæ ницы ахастытæн ис гæнæн.

«Фæстаг рæстæджы Гуырдзыстоны æм-бæстæгтæ арæх æрбацæуынц Хуссар Ирыстоны арæнмæ. Сæхи фæдарынц æнæуагæй, аразынц алыгъуызон провокацион акцитæ», – загъта Президент.

Уыимæ ма банысан кодта, зæгъгæ,  Хуссар Ирыстонæн æнцой нæ дæтты Гуырдзыстоны милитаризацийы хъуыддаг.

«Мах æй нæ зонæм, радон Саакашвилийæн йæ сæры цы фæмидæг уыдзæн. Гуырдзыстоны политикæйы нæй логикæ. Уымæн бæлвырдгæнæн у, Уæрæсеимæ хæлар кæй нæу, уый дæр. Йæ рæстæджы Гуырдзыстоны Уæрæсе фервæзын кодта туркаг цагъары уæвынæй, фервæзын æй кодта Персийæ дæр. Уæрæсейы империйы фæрцы Гуырдзыстонæн фæзынд йæхи паддзахад», – загъта Президент.

Æмбæрстгонд у, Гуырдзыстон нæ политикон реалитыл никуы сразы уыдзæн. Фæлæ махæн Уæрæсеимæ ис сразыдзинад, цыран дырысæй нысан æрцыд, иу фарсмæ исчи куы æрбабырса, уæд уый нымад цæудзæн иннæ фарсмæ æрбабырстыл дæр. Мах Уæрæсеимæ аразæм æдасдзинады иууон контур. Гуырдзыстоны иунæг адæймаг дæр йæ ныфс нæ бахæсдзæн нæ паддзахадон арæнтæм æрбабырсынмæ.

Хуссар Ирыстоныл транзитон фæндаджы тыххæй та бæстæйы сæргълæууæг ахæм дзуапп радта, зæгъгæ, нæ республикæ хæдбар паддзахад у æмæ нæ республикæйы уылты транзитон фæндаг куы цæуа, уæд Уæрæсе æмæ Гуырдзыстоны æмрæнхъ Хуссар Ирыстон дæр уыдзæн æмбар партнер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы проекты реализацийы фæлгæтты цы бадзырдтæ арæзт цæуа, уым Хуссар Ирыстон нысан цæудзæн, куыд хæдбар паддзахад, афтæ.

«Ис æртæ фарсы – Хуссар Ирыстон, Уæрæсе æмæ Гуырдзыстон, кæцытæн æмхуызон ахаст уыдзæн, Хуссар Ирыстон æмæ Гуырдзыстоныл Уæрæсемæ цы фæндæгтæ цæуы, уыдонмæ. Мах æркæсдзыстæм транзит бакæныны тыххæй фарстмæ, фæлæ бадзырдты хайад райсдзыстæм, куыд хæдбар паддзахад, æрмæстдæр афтæ», – фæндвидарæй загъта Президент.

Уæрæсейы æмбæстагдзинад фæхуы-мæтæгдæр фæткмæ гæсгæ райсыны тыххæй Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ,  «Уæрæсейы Федерациимæ нæ къухтæ хъуамæ æрфыссæм Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад фæхуымæтæгдæр фæтк-мæ гæсгæ райсыны тыххæй сразыдзинадыл. Ацы   проблемæ,  мæнмæ  гæсгæ,  тагъд  скъуыддзаг хъуамæ æрцæуа æмæ нын цыбыр рæстæгмæ фадат уыдзæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсынæн». Уый куыд загъ-та, афтæмæй ацы фарст абон нырма у проблемон, фæлæ йын ис аскъуыддзаггæнæн. Чысыл банхъæлмæ кæсын хъæуы.

Фарстатæй дарддæр Президентæн дзырдтой бузныджы ныхæстæ, æмæ ногазон арфæтæ дæр.

Районты цæрджытæ Президентæй домдтой фæндæгтæ, фæлладуадзæн уагдæттæ æмæ æндæр проблемон фарстатæ аскъуыддзаг кæнын.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.