Фæстаг цалдæр боны, куыд Уæрæсейы, афтæ нæхи информацион фæрæзтæ дæр куыд хъусын кæнынц, афтæмæй дзæвгар фæкъаддæр коронавирусæй рынчынты нымæц, фæлæ уый нæ нысан кæны, цæмæй не нæзиздзинадмæ уæлæнгайдæр цæстæй кæсын райдайæм, нæхицæй сисæм бæрндзинад.

Ахæм хъуыды загъта нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли дæр  знон, йæхæдæг сæрдариуæг кæмæн кодта, уыцы сæрмагонд штабы рабадты.

Президент куыд загъта, афтæмæй «нырма дæр ис, коронавирусæй чи фæрынчын, ахæмтæ. Фæлæ нæ медицинон кусджытæ, вирус йæ тæккæ карзыл куы уыд, уæд куыд тох кодтой, ныртæккæ дæр афтæ зæрдиагæй æмæ бæрндзинад æнкъаргæйæ кæй тох кæнынц, ууыл гуырысхо кæнæн нæй. Уыдоны удуæлдай архайд куы нæ уыдаид, уæд, дзырд дæр ыл нæй, фылдæр проблемæтыл сæмбæлдаиккам.

Президент штабы уæнгтæ æмæ бæрндзинадхæссæг кусджытæн цы хæслæвæрдтæ радта, уыдоны æхсæн уыд, низ иууыл карздæрæй кæуыл бандæвта, уыцы рынчынты фарст. Бибылты Анатоли бахæс кодта республикæйы Æнæниздзинадхъахъхъæныны министр Тотчиты Георгийæн, коронавирусæй иууыл уæззаудæр формæйы чи фæрынчын, уыдонæн 25 февралмæ номхыгъдтæ саразын, цæмæй реабилитаци рацæуой Уæрæсейы санаториты.

Ист æрцыдысты алыгъуызон фæкъуындæгдæргонд гæрæнтæ дæр, фæлæ куыд Президент, афтæ штабы иннæ уæнгтæ дæр загътой сæ хъуыдытæ ацы фарсты фæдыл æмæ бахастой алыгъуызон рекомендацитæ вирус дарддæр цæмæй мауал парахат кæна, уый тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.