РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, Финансты министр Хæбæлаты Азæ, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министр Григори Кулиджанов æмæ Пенсион фонды сæрдар Тасойты Азæ ауагътой пресс-конференци бынæттон дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн.

Пресс-конференци байгом кодта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдар Тыбылты Алан æмæ банысан кодта, зæгъгæ, куыстмыздтæ, пенситæ æмæ æндæр æххуыстæ кæй фылдæр кæнынц æмæ адæммæ æндæр æмæ æндæр фарстытæ кæй æвзæры, уымæ гæсгæ уагъд цæуы ацы пресс-конференци дæр.

Журналистты, фыццаджыдæр, цымыдис кодта республикæйы æмбæстæгтæй кæцы категоритæн фæфылдæр уыдзысты сæ пенситæ, уый.

Ацы фарсты фæдыл Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, пенсион ифтонгады тыххæй Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Мæскуыйы ноябры кæрон къухтæ цы Сразыдзинадыл æрфыстæуыд, уымæ гæсгæ пенситæ фылдæр кæнынц ахæм пенсиисджытæн, кæцытæ æдзух цæрынц респуб-ликæйы территорийыл, ис сын уæрæсейаг æмбæстагдзинад æмæ Уæрæсейы Федерацийы паспорт, фæлæ сын нæй Уæрæсейы æдзухон регистраци. Ахæм пенсиисджытæ та республикæйы ис 650 адæймаджы бæрц æмæ пенси исынц Уæрæсейы пенсион фонды Алагиры хайады.

Банысангонд категорийы пенсиисджыты пенсион ифтонгады иумæйаг суммæ кæд нæ хæццæ кæны Цæгат Кавказы Федералон окруджы пенсион ифтонгады астæуккаг æмвæзадмæ, уæд сæ пенси дыууæ азмæ этапгай фылдæр кæндзæн, цалынмæ Цæгат Кавказы Федералон окруджы пенсион ифтонгады астæуккаг æмвæзадмæ схиза, уæдмæ.

Нæ республикæйы æмбæстæгтæй ацы азы 30 ноябрмæ æрмæстдæр бынæттон, ома, хуссарирыстойнаг пенситæ чи исынц, уыдонæн та нысан цæуы иурæстæгон бафыст 10 мин сомы, куыд социалон æххуыс, афтæ. Уый фæдыл Тасойты Азæ куыд загъта, афтæмæй, уыцы суммæ пенсиисджыты банысангонд категорийæн фыст цæудзæн дыууæ этапы: ацы аз декабры райсдзысты 5 мин сомы æмæ æрбалæугæ азы марты мæйы дæр 5 мин сомы.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй сæ уæрæсейаг коллегæтимæ æмгуыст кæнгæйæ рабæ-рæг ис, не ‘мбæстæгтæй иуæй-иутæ пенси кæй исынц куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Уыдонæн-иу рæстæгон бафыстытæ не ‘мбæлы. Уый нæ, фæлæ ма, йæ ныхæстæм гæсгæ, фесафдзысты сæ хуссарирыстойнаг пенситæ дæр.

Куыстмызд кæй фæфылдæр уыдзæн, уый тыххæй дæр журналисттæ фарстытæ лæвæрдтой хицауады минæвæрттæм. Финансты министр Хæбæлаты Азæ куыд радзырдта, афтæмæй куыстмыздтæ фылдæр кæнынц РХИ-йы паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджытæн Уæрæсейы Федерацийы фæрæзты хыгъдæй æмфинанскæныны фæтк æмæ уавæрты тыххæй Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Мæскуыйы 5 декабры къухтæ кæуыл æрфыстæуыд, уыцы Сразыдзинадмæ гæсгæ. Ацы Сразыдзинадыл къухтæ æрфыстæуыд, РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид æмæ УФ-йы Президент Владимир Путин 2015 азы 15 марты сæ къухтæ кæуыл æрфыстой, уыцы Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды 7-æм статьяйы уагæвæрдтæ реализаци кæныны нысанæн. Ацы документ здæхт у Уæрæсейы Федерацийы хыгъдæй РХИ-йы паддзахадон æмæ муниципалон уагдæтты кусджыты куыстмызд этапгай фылдæр кæнынмæ, цалынмæ Цæгат Кавказы Федералон окруджы æмбæлон уагдæтты кусджыты куыстмызды æмвæзадмæ схизой, уæдмæ. Министры ныхæстæм гæсгæ сæ куыстмыздтæ фæфылдæр уыдзысты хъæууон хæдзарады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады, физикон культурæ æмæ спорты, дзыллон информацийы фæрæзты æмæ культурæйы къабæзты кусджытæн. Банысангонд къабæзты кусджытæн, дзыллон информацийы кусджытæй дарддæр иннæтæн фæфылдæр уыдзысты 23 проценты. Уый нымад цæудзæн къабазон тарифон хызæгтæ, уæлæмхас бафыстыты коэффициенттæ æмæ мызды бæрц хынцгæйæ.

«Дзырд дзыллон информацийы кусджытыл куы цæуа, уæд уыдонæн зындгонд куыд у, афтæмæй фидаргонд не сты къабазон тарифон хызæгтæ. Дзыллон информацийы кусджытæн мызд фыст цæуы сфидаргонд куыст-мыздты бындурыл. Ацы къабазы кусджыты куыстмызд фæфылдæр уыдзæн 16 проценты», – загъта Хæбæлаты Азæ.

Куыстмызд фæфылдæр уыдзæн ацы азы январы мæйы райдианæй.

Финансты министр ма куыд загъта, афтæмæй Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды 7-æм статья нæ парахат кæны паддзахадон хицауиуæгады органты æмæ тыхон структурæты кусджытыл. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Республикæйы Президент Хицауады уæнг-тæн бахæс кодта, цæмæй сæ уæрæсейаг коллегæтимæ бакуыстаиккой банысангонд категориты кусджыты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны мадзæлттæ реализаци кæныны фадæттыл. Паддзахады сæргълæууæг ма ахæм хæслæвæрдтæ радта, хуссарирыстойнаг пенситæ чи исынц, уыцы пенсиисджыты, РХИ-йы бюджетæй сывæллæттæн æххуыс чи исынц, уыцы æмбæстæгты æмæ Хуссар Ирыстоны специалон ахуыргæнæн уагдæтты бюджеты бындурыл боныгон чи ахуыр кæнынц, уыцы студентты социалон æгъдауæй хъахъхъæныны мадзæлтты тыххæй дæр.

Ацы здæхты бакæнгæ куысты фæстиуæгæн УФ æмæ РХИ-йы æхсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы æмсæрдæрттæ райстой уынаффæ, кæцымæ гæсгæ бæлвырд æрцыдысты банысангонд категориты æмбæстæгтæн иурæстæгон æххуыс бакæныны тыххæй æхцайы фæрæзты бæрцтæ. Паддзахадон хи-цауиуæгады кусджытæ иурæстæгон æххуыс райсдзысты 35 мин сомы. Тыхон структурæты кусджытæ та 47 мин 700 сомы. Банысангонд суммæтæй урæд æрцæудзысты фиддонтæ. Фыст та цæудзысты дыууæ этапы: ацы аз æмæ 2017 азы марты мæйы.

«Паддзахадон хицауиуæгады кусджытæ ацы аз декабры мæйы райсдзысты 17 мин 500 сомы, иу ахæм та – æрбалæугæ азы марты мæйы. Тыхон структурæты кусджытæ та – ацы аз декабры райсдзысты 23 мин 850 сомы, иу ахæм та – æрбалæугæ азы марты мæйы», – загъта министр.

Сывæллæттæн æххуысты тыххæй радзырдта Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты ми-нистр Григори Кулиджанов. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 16 декабры Æхсæнхицауадон къамисы райсгæ уынаффæмæ гæсгæ 16 азмæ кары сывæллæттæн социалон æххуыс РХИ-йы бюджетæй чи исынц, уыдонæн нысан цæуынц иурæстæгон ба-фыстытæ алы сывæллонæн дæр 6 мин сомы. Ацы бафыстытæ дæр, куыд иннæтæ, афтæ æххæст цæудзысты дыууæ этапы: ацы азы декабры æмæ 2017 азы марты мæйы. Не ‘мбæстæгтæй сывæллæттæн Уæрæсейы кæнæ æндæр паддзахады æххуыстæ чи исынц, уыдонмæ, министры ныхæстæм гæсгæ, иурæстæгон бафыстытæ не ‘мбæлынц. Уый ма куыд загъта, афтæмæй кæд сывæллоныл 17 азы сæххæст, фæлæ дарддæр ахуыр кæны астæуккаг иумæйагахуырадон скъолайы, уæд æм иурæстæгон бафыст æмбæлы.

Хуссар Ирыстоны астæуккаг æмæ уæлдæр профессионалон ахуыргæнæн уагдæтты бюджеты бындурыл боныгон чи ахуыр кæнынц, уыцы хуссарирыстойнаг студенттæн иурæстæгон æх-хуыс цæуы 4 мин сомы. Уый дæр фыст цæудзæн, иннæ бафыстытæ куыд уыдзысты, афтæ, ома, ацы азы декабры мæйы æмæ 2017 азы марты.

Журналистты ма цымыдис кодта, паддзахадон структурæты чи кусынц æмæ дыгай бынæттæ чи ахсынц, уыдонæн сæ куыстмыздтæ куыд фылдæр кæндзысты æмæ сын иурæстæгон æххуыс куыд лæвæрд цæудзæн уымæ. Уый фæдыл финансты министр банысан кодта, зæгъгæ, архайæг закъондæттынадмæ гæсгæ паддзахадон службæгæнджытæ сæ куысты æмрæнхъ гæнæн ис æмæ кæной сфæлдыстадон, педагогон æмæ зонадон архайд. Уымæ гæсгæ сын ныхдуртæ нæй сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæнынæн, кæнæ иу-рæстæгон бафыстытæ райсынæн.

Фембæлды кæрон Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады разамынад дарддæр дæр архайдзæн республикæйы цæрджыты фæрныгад бæрзонддæр кæныныл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.