Знон, Хуссар Ирыстоны информации æмæ мыхуыры комитеты информацион центры ауагъд æрцыдис пресс-конференци. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны хæххон лыжæтæй спорты федерацийы сæргълæууæг Тедеты Лери æмæ Самарайы горæты канатон фæндæгты сæйраг специалисттæ Андрей Баканов æмæ Андрей Рыбаков.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдары хæдивæг Харебаты Мая. Уый фæстæ ныхасы бар лæвæрд æрцыд Тедеты Лерийæн.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, абон цы фарстыл ныхас кæндзыстæм – Хуссар Ирыстоны лыжæтыл бырæн комплекс саразыныл, ууыл кусæм дыууæ азы бæрц.

Бакодтам уал развæлгъау куыстытæ. Хуссар Ирыстоны бирæ бынæттæ басгæрстам хохыл ахæм комплекс кæм саразæм, уый тыххæй. Равзæрстам Цъоны хъæумæ хæстæг бынат. Уымæн æмæ ардæм у æнцонбафтæн, рæсугъд бынат. Хорз фадат дзы ис цæмæй дзы арæзт æрцæуа лыжæтыл бырæны цалдæр бынаты. Уыцы нымæцы лыжæтыл бырын кæм ахуыр кæнæм, ахæм бынæттæ дæр. Цæмæй улæфджытæ баулæфой зæрдæйы фæндиаг, райсой-иу æхцондзинад, уый тыххæй ма дзы арæзт æрцæудзæнис хæрæндон.

– Зæгъут-ма, цæмæй уæ хъуыдытæ æххæст æрцæуой уый тыххæй уæм йе ‘ххуысы къух чи фæдардта?

– Кæд нырма комплексыл куыстытæ сты сæ райдианы, уæддæр нын чи баххуыс кодта, æмæ нын ныфс чи æвæры уыдон, цъус не сты. Уырны мæ арæзтæрцæуæг объектæн йæ нысаниуæг чи бамбара, уыдон дæр нын баххуыс кæндзысты.

Цахæм бынат бацахсдзæнис æндæр, хæххон лыжæтыл бырæн бынæтты ‘хсæн Цъоны комплекс?

– Лыжæтыл бырæн комплекс арæзт куы æрцæуа уæд, уырны мæ ардæм улæфынмæ æрмæст Хуссар Ирыстонæй нæ цæудзысты, фæлæ ма Уæрæсейы, раздæры цæдисы республикæтæй дæр. Уымæн æмæ йæ бынат у тынг хорз, раст цыма къахдзоныгътыл бырынæн арæзт æрцыдис, уыйау.

– Цæмæй лыжæтыл бырæн комплекс скуса уый тыххæй цас бахъæудзæнис æхцайы фæрæзтæ?

– Комплекс саразынæн ис цалдæр варианты. Алы вариантæн дæр ис йæхи бæрц, æхцайы фæрæзтæ. Кæцы вариант равзардзыстæм æмæ аразын райдайдзыстæм уый бæрæг нæма у, уымæ гæсгæ æхцайы фæрæзтыл нæма дзурдзыстæм.

– Æндæр ахæм комплекстимæ Цъоны арæзт чи æрцæуа, уый конкуренци кæндзæнис?

– Алцы дæр куыд фæнд æмæ хъуыды кæнæм, афтæ арæзт куы æрцæуа уæд, æрмæст конкуренци нæ кæндзæнис, фæлæ уыдзæн иуæй-иутæй хуыздæр. Уæлдайдæр та йе ‘рдзон рæсугъддзинад, йæ сатæг уæлдæфæй.

– Куы сырæза æмæ куы скуса, уæд уæ хъæудзæнис кусджытæ-инструктортæ. Уыцы фарст та куыд скъуыддзаг цæудзæнис?

– Уыцы фарстытæн дæр æнæ аскъуыддзаггæнгæ нæй. Уымæн æмæ æнæ уыдон комплекс кусгæ дæр нæ кæндзæнис. Уавæр зонæм æмæ кусæм ныридæгæн, ууыл дæр. Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй ахæм дæсныйад райсын кæй бафæнда, уыдон æрвитдзыстæм Уæрæсейы уæлдæр æмæ астæуккаг ахуыргæнæндæттæм. Уымæй дарддæр ма, къорд азты ахæм, лыжæтыл бырæн комплекстæ кæм ис уырдæм, æрвитдзыстæм цалдæрмæйон къурсытæм. Цы комплексыл хъуыды кæнæм уый куы скуса, нæ финансон фадæттæ куы фæхуыздæр уой, уæд гæнæн ис æмæ бакæнæм, уæлдæр ранымад дæсныйæдтæ кæм цæттæ кæнæм, ахæм скъола дæр.

– Канатон фæндæгтæн сæ дæргъ цас уыдзæнис?

-Уыдон уыдзысты цалдæр. Æппæты егъаудæрæн йæ дæргъ уыдзæнис 6 километры. Бынатмæ схизынæн цы канатон фæндаг арæзт æрцæудзæнис, уый бæрзæнд та уыдзæнис иу километры бæрц.

– Иу рæстæджы комплекс цал адæймаджы райсдзæнис?

– Иу мин адæймагæй фылдæр.

– Ахæм комплекс ма ис Мамысоны æфцæгыл. Исты бастдзинæдтæ уын уыдзæнис уыимæ?

– Ницы иудзинад нын ис, фæлæ мæ уырны, кæрæдзийæн æххуысæй дарддæр ницы уыдзыстæм.

– Ахæм комплекс саразынæн бынат Цъоны цæмæн равзæрстат?

– Уæлдæр куыд банысан кодтам афтæмæй ацы хъуыддагыл кусæм дыууæ азы бæрц. Уыцы рæстæг басгæрстам цалдæр комы. Цы бынат равзæрстам уый æрмæст хæрзвадат нæу,  ма диссаг у йæ рæсугъддзинадæй  дæр.

– Загътат, зæгъгæ, цæттæгæнæн куыстытæ æххæст кæнут. Кæд сæ фæуыдзыстут æмæ комплекс аразын кæд райдайдзыстут?

– Ныр цæттæгæнæн куыстытæ фæхæццæ кæнынц кæронмæ. Арæзтадон куыстытæм æрæвналдзыстæм 2019 азы марты мæйы. Уавæрæй пайда кæнгæйæ мæ стыр бузныг зæгъын фæнды Президент Бибылты Анато-лийæн. Ныридæгæн дæр нын бакодта æмæ дарддæр кæны материалон æххуыс. Се ‘ххуысы тыххæй ма мæ бузныг зæгъын фæнды Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, Хуссар Ирыстоны фæсивæд æмæ спорты комитеты сæрдар Зассеты Сергей æмæ æндæртæн.

Кæронбæттæны ма раныхас кодтой самарайаг специалисттæ Баканов Андрей æмæ Рыбаков Андрей.

  Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.