РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Дзауы поселочы æмæ районы цæрджытимæ. Фембæлд уагъд æрцыд парти «Иугонд Ирыстон»-ы регионалон хайады инициативæмæ гæсгæ.

Президент æрæмбырдуæвджытæн радзырдта,  абон республикæ цы проблемæтыл æмбæлы, уыдоны тыххæй, афтæ ма сæ аскъуыддзаг кæныны плæнтты тыххæй.

«Æз уын дзурын республикæйы фидинаг хæсты, фыццаг рады цы хъæуы саразын, уыцы хæслæвæрдты тыххæй, цæмæй сымах зонат, нæ хицауад цы архайы æмæ фидæны йæ разы цы хæстæ æвæры, уый», – загъта Президент.

Сæйрагдæр хæстæй сæ иу у инвестортæ æрбакæнын бюджет баххæст кæныны сæраппонд. Уый та йæ рады фадат ратдзæн бирæ социалон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын. Президенты ныхæстæм гæсгæ, абон ис æппæт уавæртæ дæр Хуссар Ирыстоны экономикæйы æхцатæ бавæрыны тыххæй, цалдæр инвесторы ныридæгæн кусынц сæ проекттæм гæсгæ, ноджы ма бирæтæ равдыстой сæ цымыдисдзинад.

«Сæхæдæг амалиуæггæнджытæ радзырдтой, зæгъгæ, сын раздæр дæр фадат уыд Хуссар Ирыстоны экономикæйы æхцатæ бавæрынæн, фæлæ бæрæг хай сæхи куыд уа. Æмæ-иу уыдон фæстæмæ аздæхтысты. Фæлæ абон ис æппæт уавæртæ дæр æхцатæ бавæрын æмæ бизнес рæзын кæнынæн. Иунæг домæн – хъалонтæ фидын, кусгæ бынæттæ аразын республикæйы цæр-джытæн æмæ сын афоныл куыстмызд фидын», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Президент радзырдта сывæллон райгуырцы рæстæджы иурæстæгон æххуыс фæфылдæр кæныны тыххæй.

«Раздæр фыст цыд фондз мин сомы æртыккаг сывæллонæн. Ног азæй ацы суммæ фæфылдæр уыдзæн дыууæ хатты. Уыимæ 10 мин сомы райсдзысты æрмæст æртыккаг сывæллоны райгуырды фæстæ нæ, фæлæ бинонтæн дыккаг сывæллон куы райгуыра, уæд дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Уый дзуаппытæ радта æрæмбырдуæвджыты фарстытæн, кæцыты цымыдис кодтой куыстмызд фæфылдæр кæнын, куыстæй сифтонг кæнын, цæрæнуат сæндидзын кæнын. Дзауы районы цæрджыты цымыдис кодта цæугæдон Леуахийы хидысæрты уавæр дæр.

«Æз зонын районы цæрджыты цы тыхсын кæны, уый. Бахæс кодтон экспертизæ ауадзын æмæ специалисттæ куыд зæгъой, афтæ сараздзыстæм. Кæд ын сфидаргæнæн ис, уæд æй сфидар кæндзыстæм, кæд бахъæуа, уæд ног хид сараздзыстæм. Эксперттæй дзуапп райсдзыстæм æввахс рæстæджы», – загъта Бибылты Анатоли.

Районы цæрджытæ ма цымыдис кодтой советон рæстæджы æфснайæн лагъзы адæмæй цы æхцайы фæрæзтæ уыд, уыдоны райсыны уавæрмæ дæр. Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ, бавæрдтыты бæрц абоны æхцайы курсмæ ракæнгæйæ, бæрæг у – 380 ми-луан сомы. Фарстыл уынаффæ цæуы иууыл бæрзонддæр æмвæзадыл, бафыстыты механизмыл куыст цæуы.

Æрæмбырдуæвджытæ ма се ‘нæразыдзинад равдыстой æнæзакъонæй зæххытæ, уæлдайдæр та хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытæ радтыны тыххæй дæр.

Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, зæххы фадгуытæ радтыны факттæ сахуыр кæндзысты. Уый цæвиттонæн æрхаста, зæгъгæ, ныридæгæн паддзахадмæ раздæхтой 15 гектары зæхх.

 

  

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.