Республикæ Хуссар Ирыстоны Информаци æмæ мыхуыры комитеты дунеон   пресс-центры проект «Æргом Хицауады фæлгæтты» уагъд æрцыд пресс-конференци. Ацы хатт та ардæм хуынд æрцыд РХИ-йы Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Дзассеты Васили. Куыд зонæм, афтæмæй журналисттимæ ахæм пресс-конференцитæ уадзынц Республикæйы Паддзахадон хицауиуæгады къухдариуæггæнджытæ.

Пресс-конференци байгом кодта Информаци æмæ мыхуыры комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Джуссойты Нелли. Мадзалы райдианы Дзассейы фырт куыд банысан кодта, афтæмæй цы комитеты сæргъ лæууы, уым ын кæд нырма бæрæг аххосæгтæм гæсгæ стыр æнтыстытæ йæ къухы не ‘фты, уæддæр йæ разы лæууынц бирæ плæнттæ, кæцытæн ахсджиаг нысаниуæг ис республикæйы размæцыды хъуыддаджы. Уый уæлдай ахсджиагдæрыл банымадта энергосистемæ рæзын кæныны фæдыл республикæйы разамынады уынаффæ. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй йæ реализаци кæныныл нысан цыдис Инвестпрограммæйы фæлгæтты, фæлæ фæрæзтæ, сæйраджыдæр, æндидзынады процессмæ здæхт кæй цыдысты, уымæ гæсгæ банысангонд программæмæ хаст не ‘рцыдис. Фæлæ уæддæр проект бакуыст æрцыдис. «Мах ссардтам, гидро-электростанцтæ аразыныл чи кусы, ахæм компани. Уый у «Энергоцентр». Проблемæ уыдис уый мидæг, цы хуызы радтаиккам мах паддзахадон гарантитæ, кредит нæ бон бафидын кæй суыдзæнис, уый тыххæй», – загъта комитеты сæрдар. «Уый куыд банысан кодта, афтæмæй Мæскуымæ сæ кусæгон балцы рæстæджы уыдонæн уыдис фембæлд фæдзæхстадон компани «ЭСКАР»-ы къухдариуæгадимæ, кæцы гарант уыдзæн хуссарирыстойнаг фарс æмæ кредит чи хъуамæ радта, уыцы банчы ‘хсæн. «Апрелы мæйы кæрон ма Мæскуыйы ауагъд æрцыд фембæлд институт «Гидропроект»-ы къухдариуæгади-мæ, кæцыйы рæстæджы экспертон хатдзæг æвæрд æрцыд, мах кæй бакуыстам, уыцы проектæн, кæй бæззы спайда кæнынæн æмæ йæ кæй срекомендаци кæндзы-сты, нæ программæ финанс кæныныл чи кусынц, уыцы институттæн. Нæ гидроэнергетикæ рæзын кæныны фæдыл дарддæр куыст цæудзæн «Гидропроект»-ы институтимæ. Ацы институтимæ куыст цæудзæн гидроэлектростанцты проектон сметæйыл дæр.

Журналисттæн Дзассеты Васили куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы мæйы фыццаг æмбисы фæдзæхстадон компани «ЭСКАР»-ы директорты советæн уыдзæнис рабадт, цыран уынаффæ ист æрцæудзæн ацы проекты фæдыл. Цахæм уыдзæн уыцы уынаффæ, уый нырма бæрæг нæу, фæлæ куыд баныфсæвæрдтой, афтæмæй уый уыдзæнис æвæрццаг. Æмæ Дзассейы фырт куыд загъта, афтæмæй æвæрццаг уынаффæ ист куы æрцæуа, уæд уæрæсейаг банг райдайдзæн ацы  проекты финанскæнынад æмæ æрæвналдзыстæм гидроэлектростанцы арæзтадмæ. Йæ арæзтад аххæсдзæн иууыл фылдæр дыууæ азы.

«Хъæуæг ифтонггæрзтæ цæттæ кæндзысты уæрæсейаг куыстуæтты, фæлæ ацы проект æххæст кæнынмæ хъуамæ баконд æрцæуой нæ куыстуæттæ дæр. Ацы программæйы хайад исын стыр фадæттæ байгом кæндзæнис нæ сæудæджерадон куыстуæтты раз. Уый, фыццаджыдæр, хауы заводтæ «Эмальпровод» æмæ «Вибромашинæ»-мæ.

Заводтæ «Эмальпровод» æмæ «Вибромашинæ» цы продукци уадзынц, уыдон ахсджиаг сты, фæлæ республикæйы куыд æмбæлы, афтæ реализаци нæ цæуынц, – загъта Дзассейы фырт. “Эмальпровод”-ы архайы, профнастил кæм уадзынц, ахæм цех, гъæдджын хомыс ын ласт цæуы Уæрæсейы Федерацийæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ Уæрæсе махæн æрвиты къаддæр аргъыл, йæхи куыстуæттæн æй цы аргъыл æрвиты, уымæ абаргæйæ. Уый ма куыд загъта, афтæмæй завод «Электровибромашинæ» цы сæйраг продукци уагъта, уый ныр фæлхасгæнджытæ афтæ тынг нал агурынц. Ныр уый йæ продукци фæивы æмæ уадзы згъæр конструкцитæ, æндидзынгæнæн куыстытæ кæй цæуынц нæ республикæйы, уыцы нысанæн. Заводæн æлхæд æрцыдысты ифтонггæрзтæ, кæцытæ, хъыгагæн, нырма æвæрд не сты. Фæлæ сæ продукци райдайдзысты уа-дзын, гидроэлектроарæзтæдтæм куы æрæвналæм, уæд.

Бæгъиаты суары заводыл дзургæйæ уый банысан кодта, зæгъгæ, Инвестпрограммæйы фæлгæтты йæ бæстыхай æрцыдис капиталон цалцæг. Æвæрд дзы æрцыдысты ног ифтонггæрзтæ æмæ за-вод йæ куыст райдыдта, зынгæ рауæрæхдæр заводы рауадзгæ ассортимент. Фæлæ ам дæр проблемæ æвзары рауадзгæ продукцийы реализаци кæныны хъуыддаджы. Бирæтæ æрцæуынц æмæ сæ бафæнды бадзырдтæ саразын, цæмæй йæ ласой республикæйæн æддæмæ, фæлæ сæ фæндтæ гæххæтыл фыстæй баззайынц. Мах цæттæ стæм уый фæдыл чи кусынц, ахæм амалиуæггæнджытæн баххуыс кæнынмæ. Заводæн йæ фадæттæ бирæ сты, йæ бон у дыууæ хатты фæфылдæр кæна рауадзгæ продукцийы гуырахст. Мах кусæм не ‘мзæххонтæй республикæйæн æддейæ чи кусынц, ахæм амалиуæггæнджытимæ, цæмæй заводы продукци ласой республикæйæн æддæмæ, фæлæ уавæр нæ хуыздæр кæны. Йæ ныхæстæм гæсгæ æрæджы Владимиры областæй æрцы-  дысты æмæ сæ фæндон загътой, цæмæй ам бынаты æрбæстон кæной доны рауагъд сæхицæн, ома, сæ областы цæрджытæн. Мах сын нæ фæндон загътам, цæмæй нын баххуыс кæной нæ рауадзгæ продукцийы сæ областы реализаци кæнынмæ æмæ рахæцыдысты ацы фæндоны фарс.

Комитеты сæрдар æрдзырдта республикæйы транспорты уавæрыл дæр. Куыд банысан кодта, афтæмæй нæм цы транспортон фæрæзтæ ис, уыдон самалчындæуыд сæйраджыдæр 2008 азы хæсты фæстæ æмæ рæстæг куыд цæуы, афтæ уыдон ихсийынц, арæхдæр хæлынц, афтæмæй сæ дарын зындæрæй-зындæр кæны. Мах куыддæрты фæлварæм ацы проблемæ аскъуыддзаг кæнын, цæвиттон ивгъуыд аз нæ бæлццæттæласæн транспорт баххæст æрцыд фондз машинæйæ, кæцытæ ныр, сæйраджыдæр, кусынц нæ горæты маршруттыл. Ацы куыст дарддæр дæр кæнын хъæуы, цæмæй къуырцдзæвæнмæ ма æрцæуа, цадæггай ивын хъæуы зæронд транспорты ногæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ зындзинæдтæ æвзæрын кæны уый дæр æмæ хъæутæм цы бæлццæттæласæн транспорт цæуы, уыдоны бæлццæттæ тынг цъус кæй вæййы æмæ хæрдзтæ та бирæ кæй вæййынц. Æнæрвитгæ та нæй бæлццæттæласæн транспорт хъæутæм, цæмæй сæ цæрджытимæ бастдзинад ма лæмæгъдæр кæна. Уый у нæ республиæйы разамынады домæн дæр. Горæты бæлццæттæласæн транспортыл дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, хæс ис уый мидæг, цæмæй маршруттæ фæфылдæр уой. Æмæ маршруттыл цæуæг транспорты змæлды интервалтæ та къаддæр фæуой.

Комитеты сæрдар ахсджиагыл банымадта, нæ республикæмæ цы инвестортæ цæуой, уыдонæн хæрзвадат уавæртæ аразын.

Дзассеты Васили ма æрдзырдта республикæйы экономикæйы рæзты перспективæтыл, афтæ ма дзуаппытæ радта журналистты фарстытæн дæр.

Бахардзгонд электроэнергийы фидыны аргъ карзæй кæй лæууы, уымæ гæсгæ комитеты сæрдар æрсидт республикæйы æппæт цæрджытæм, цæмæй алчидæр рæстæгыл фида цы электроэнерги бахардз кодта, уый аргъ. Уымæй дарддæр ма уый æрдзырдта нæ хъæутæ дæр газификаци куыд цæудзысты æмæ хъæуон адæмы царды уавæртæ,  бирæ кæй фæхуыздæр уыдзысты, уыдæттыл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.