Нæ хъæууон хæдзарад  зындгонд аххосæгтæм гæсгæ фæстæмæ алæууыд æмæ 90-æм азты зæгъæн уыд, раууатмæ кæй æрцыдис. Республикæйы разамынад къорд азты дæргъы архайы, фæлвары, цæмæй йæ къахыл слæууа. Фермерон хæдзарадтæн лæвæрд цæуынц хатырон уавæртыл кредиттæ, исынц æндæр хуызы æххуыстæ дæр, фæлæ уавæр уадиссаг не ‘ггуырсы йæ бынатæй, кæд хицæн фермертæн ис æнтыстытæ, уæддæр. Цæмæн афтæ у, уый фæдыл хъуыддагон ныхас цыд РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры уагъд чи ‘рцыд, уыцы тымбыл фынджы. Уырдæм æрбацыдысты РХИ-йы экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, Парламенты депутаттæ, Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты экономикæйы хайады зонадон кусæг Дзабиты Вячеслав, фермертæ, арендатортæ, Цæгат Ирыстонæй дзы хайад райстой хъæууон хæдзарады специалисттæ Абайты Аслан æмæ Базырты Аскел.

Тымбыл фынг уагъта Цæбиты Валентинæ. Уый æрдзырдта, Хуссар Ирыстоны цы хъомысджын куыст цыдис фосдард æмæ зæххы куыст райтынг кæныныл, фылдæр кæй цардыстæм нæхи æркæнгæ хæлцадон продукттæй. Фæлæ, зæгъгæ, абон сæ разы цы цæлхдуртæ æвзæры, цæмæннæ æндидзы хъæууон хæдзарад, уый тыххæй ис алыгъуызон хъуыдытæ. Тымбыл фынг ауадзыны нысан дæр у, цæмæй кæрæдзимæ байхъусæм æмæ алчи дæр ахсджиаг фарсты фæдыл зæгъа йæ хъуыдытæ æмæ ныхасы бар радта Дзабиты Вячеславæн:

– Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ халсар æмæ дыргъгуыст хъæууон хæдзарады иннæ къабæзтæй бирæ пайдадæр у. Уымæн ирд цæвиттон Ставрополь æмæ Краснодары крайтæ дæр. Уыдон раздæр кæд нæмыгон культурæтæ тыдтой, уæд ныр фылдæр кæнынц дыргъгуыст. Афтæ у Цæгат Ирыстоны дæр. Махмæ та фермертæ байтауынц нæмыгон культурæтæ æмæ стæй сæ мæнæу цы фæкæной, уый нал фæзонынц. Хорз уаид, æмæ куы скусид хойрагисæн куыстуат æмæ уым куы ссиккой сæ мæнæу, уый стыр ахъаз уаид фермертæн æмæ адæм та æлхæ-никкой æркæнгæ хойрагæй дзул. Уый уыдзæнис экологион æгъдауæй сыгъдæг æмæ хæрзаддæр.

Дзабийы фырт ма хорзыл банымадта сæнæфсиры куыстмæ, стæй халсæртты тауынмæ чи æрæвнæлдта, уыцы хæдзарадты архайд.

Фермер Хъоцыты Зорик ныхас адарддæр кæнгæйæ, банысан кодта, дыргъ æмæ халсаргуыстæй хи фæдарæн кæй нæй. Сæйраг у хойраг æмæ æнæмæнгхъæуæг мæнæу тауын. Фæлæ уымæй дæр хъæз-ныг тыллæг райсæн нæй, уымæн æмæ зæххытæ смæгуыр сты. Рагацау мæрæн хъæуы анализ аразын, цæмæй базонæм, цы культурæ дзы хуыздæр æр-зайдзæнис, уый. «Мæ фæнд у ахæм: æрхонæм ахæм специалистты æмæ уæд хъуыддаг фæрæвдздæр уыдзæн. Уымæн æмæ уæд бæрæг цæудзысты халсарæн, нæмыгон культурæты байтыдтытæн чи бабæззой, уыцы зæххытæ», – загъта Хъоцыйы фырт. Йæ хъуыдымæ гæсгæ хъæууон хæдзарадыл райтынг кæнынæн æнæмæнгхъæуæг сты техникæйæ ифтонгад, зæххытæн анализ саразын, æхсыры завод, дзидзагуыстгæнæн комбинат. Афтæ куынæ уа, уæд хъæууон хæдзарадыл дзурын бынтондæр у æнæхъуаджы. Æхсырæрдыгъд фæфылдæр кæныны тыххæй та загъта, зæгъгæ, раздæр уый уыдис рентабелон, уымæн æмæ фосæн уæд цæттæ цыдис сенаж, алыгъуызон холлæгтæ, цæхæра æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, æхсырæрдыгъд дæр уыд бæрзонддæр. Ныр сын хæрын кæнынц комбихоллаг, фæлæ уым иууыл къаддæрæй хъуамæ уаид 7 компоненты æмæ дзы уыдон та не сты. Хъоцыйы фырты хъуыдымæ гæсгæ хъуамæ Хицауады ‘рдыгæй арæзт æрцæуид планон системæ, цæмæй сæ ныфс уа, цы продукттæ æркæной , уый сын реализаци кæй æрцæудзæн. Фосдард райтынг кæнынæн та, йæ хъуыдымæ гæсгæ, хуыздæр бæстæйæн нæй скæнæн. Фæлæ хъæууон лæгæн уæддæр сæйраг у куырой. Уæд нын уыдзæнис нæхи ссад, нæхи комбихоллæгтæ.

Фермер Джиоты Лаверы хъуыдымæ гæсгæ тынг хорз у, абон кæй æрæмбырд сты æмæ æргомæй кæй дзурынц хъæууон хæдзарад райтынг кæныны тыххæй. Кæй нал æндидзы, уавæр фæхуыздæр кæнынæн йæ аххосæгтæ кæй агурынц, уый дæр хорз рахæцæн у хъуыддаг феггуырсынæн. Лавер дæр æнæмæнгхъæуæгыл нымайы куырой скусын кæнын. «Уыдис ахæм рæстæг æмæ нæхи мæнæу куы ссадтам æмæ уыцы кæрдзын куы хордтам. Фыцгæйæ та иу йæ хæрздæф арвыл куы æмбæлд. Куырой, æрмæстдæр куырой у нæ домæн. Уæд нæ уавæр кæй фæхуыздæр уыдзæн, ууыл дзырд дæр нæй».

«Ирагросервис»-ы директор Наниты Витали дæр банысан кодта куырой саразыны æнæмæнгхъæуындзинад.

Парламенты экономикæйы, чысыл амалиуæгады æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Инал дæр хъæууон хæдзарад райтынг кæныны хъуыддаджы йæ ныхас бафидар кодта, æнæмæнгхъæуæг кæй сты механизатортæ бацæттæ кæнын. Йæхи техникæ алы районæн дæр куыд уа, уæд бирæ фæрæвдздæр уыдзæн сæ куыст. Иналы хъуыдымæ гæсгæ нæхи æркæнгæ хойрагæн æмбал нæй æмæ хорз уаид æрласгæ ссады æмрæнхъ дзулфыцæн комбинат куы кæнид нæхи æркæнгæ ссадæй дæр дзул.  Фермертæн хъацæнтæ самал кæнынæн хъæуы феххуыс кæнын. Куыройы тыххæй та фермерты тыхстдзинад хъæуы бахынцын.

Йæ ныхас ирон æмбисондæй райдыдта Бехъмары хъæуы цæрæг Шауердаты Виктор. «Чидæр, дам, арс уыдта æмæ йын йæ фæд агуырдта», – загъта уый. Катай кæнæм, нæ тыллæг цы хъуамæ фæкæнæм, уый тыххæй. Афтæмæй та хорз зонæм, нæ фæндаг кæй         хъуамæ ацæуа дзулфыцæн комбинат æмæ куыройыл. Уый куынæ уа, уæд хойраджы куыст ничи бакæндзæн. Æмæ, уæдæ, цæмæй нæ хъæуты цæрæг уа, уый тыххæй та хъæуы хойраджы куыст бакæнын.

Нæмыгон культурæты æрконд нæ республикæйы æнæмæнгхъæуæгыл чи нымайы, уыцы фермерты хъуыдыимæ сразы хъæууон хæдзарады министр Пухаты Лев дæр. Йæ раныхасы уый банысан кодта, цæмæй нæмыгон культурæтæ хуыздæр кæм æрзайой, ахæм зæххытæ хицæн æрцæуой. Уый ма загъта, комбайн кæй балхæндзысты, уый тыххæй дæр.

Фермертæ домдтой, цæмæй æлхæд æрцæуа ахæм техникæ, хæххон уавæрты сын къух чи радта. Тымбыл фынджы ма дзырд цыд хъæууонхæдзарадон техникæ фæфылдæр кæныныл.

– Бирæ хорз хъуыдытæ æрцыд загъдгонд нæхи æркæнгæ продукттæ уæй кæныны фæдыл. Уыдонæн сæ гъæд у бирæ хæрзгъæддæр. Дзырд дæр ыл нæй уый тыххæй махæн нæ къух кæй аразынц нæ климатон уавæртæ, – загъта йæ раныхасы экономикон рæзты министр Кокойты Геннади дæр. Уый ма æрдзырдта, нæ диссаджы цыхт æмæ царв æрвыст кæй цыдысты йæ рæстæджы Гуырдзыстонмæ.  Хæрзгъæд халсæрттæ æмæ мæнæу задис уæды рæстæджы нæ республикæйы. Уый цæвиттонæн æрхаста Дриаты Гамлет æмæ Джиоты Лаверы хуызæн фермертæ нæм 15 адæймаджы бæрц куы уа, зæгъгæ, уæд сæрибарæй ифтонг кæй цæудзæнис нæхи æркæнгæ ссадæй дзулфыцæн комбинат. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, æрмæст хойрагæн нæу пайда нæмыгон культурæты байтыд, фæлæ ма бæзгæ у фосæн дæр. Уымæй арæзт цæуы комбихоллаг, кæрчытæн хицæн цæуы йæ цъæмæл. Уæдæ нæмыгон культурæтæ тауын æнæмæнгхъæуæг у хъæууон лæгæн, фæлæ йæ реализаци кæнын æвзæрын кæны зындзинæдтæ.

Тымбыл фынджы хайадисджытæ ма дзырдтой дзидзагуыстгæнæн комбинаты тыххæй. Уый куынæ уа, уæд дзырд дæр нæй фосдард райтынг кæныныл. Уымæ гæсгæ фермерты домæн уыд дзидза-урсаджы завод саразын.

Цæгатирыстойнаг уазæг Базыраты Аскел æрдзырдта, цахæм минералон хъацæнты руаджы ис ноджы хъæздыгдæр тыллæг æркæнын. Сæйраг хойрагкуыст кæнын кæй у, уыцы хъуыдыимæ разы уыд Аскел дæр. «Алкæйы хъуыды дæр бахынцгæйæ, æз æрцыдтæн ахæм хатдзæгмæ, æмæ æмткæй цы фарстытæ æвзæры, уыдон куы аскъуыддзаг уой, уæд бирæ хуыздæр уыдзæнис йæ сомбон Хуссар Ирыстонæн. Уымæн æмæ йæ климатон уавæртæ фадат дæттынц канд хæрзгъæд тыллæг æркæнын нæ, фæлæ ма хæрзгъæд халсæрттæ æркæнынæн дæр.

Тымбыл фынджы хайадисджытæ иууылдæр æнæмæнгхъæуæгыл банымадтой куырой скусын кæнын, саразын хъæуы дзидзагуыстгæнæн æмæ æхсыры завод. Фермерты хъуыдымæ гæсгæ уæд ис æрмæстдæр ахæм уавæрæй рахизæн. Кæд сæххæст уыдзæн сæ бæллиц, уый та рæстæг фенын кæндзæн.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.