Æрæджы Уанеты Захары номыл зонад-иртасæн институты цы  зонадон конференци ауагъдæуыд, уым дзырд цыд Ирыстоны историйы фарстатыл, нæ зындгонд ахуыргæндты цард æмæ архайдыл, сæ зонадон куыстытыл. Докладтæ дзы бакастысты: историон зонæдты кандидат Гаглойты Роберт; историон зонæдты кандидат, Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты этнологийы хайады сæргълæууæг Хъуылымбегты Роберт æмæ историон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы хистæр зонадон кусæг Джиоты Зæлинæ.

Гаглойты Роберт мадзал гом кæнгæйæ, банысан кодта, зæгъгæ, конференци у мемориалон æмæ  бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй, иу минут æмырæй алæйгæйæ, ссарой Тъехты Баграты, Уанеты Захары æмæ Гаглойты Юрийы рухс нæмттæ.

Уый фæстæ  йæ доклад райдыта англисаг философ Джон Милы ахæм ныхæстæй, зæгъгæ, «паддзахады хорз миниуджытæ баст сты, цы гоймæгтæ йæ аразынц, уыдоныл». Уыцы адæймæгты номхыгъдмæ Гаглойы фырт бахаста зындгонд ахуыргонд, Хуссар Ирыстоны археологон зонады бындурæвæрæг, историон зонæдты доктор, профессор, зындгонд æхсæнадон æмæ политикон архайæг, 300-æй фылдæр зонадон куыстыты, уыцы нымæцы 20-æй фылдæр монографийы автор, Хуссар Ирыстон æмæ Цæгат Ирыстоны зонæдты сгуыхт архайæг, Ирыстоны зонадон интеллигенцийы минæвæртты хуыздæртæй сæ иу, ирон археологийы патриарх, дзæнæттаг Тъехты Баграты, кæцыйæн æнтыстджынæй йæ бон бацис йæ зонадон архайдимæ  педагогон æмæ æхсæнадон архайд  баиу кæнын. Радзырдта йын йæ автобиографи, банысан  ын кодта йæ зонадон куыстытæ, йæ цардархайды, Ирыстоны археологийы цы арф фæд ныууагъта, æппæт уыдæттæ.

«Æнæ дызæрдыгæй уый уыд Кавказы бронзæйы дуг æмæ Централон Кавказы  истори ахуыр кæныны хъуыддаджы корифей. Уыимæ иумæ ма бындур æрæвæрдта сæрмæттæ-аланты дуджы æмæ астæуккаг æнусты  цыртдзæвæнтæ ахуыр кæнынæн», – загъта докладгæнæг æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæд йæ сæйраг куыст  уыд  Хуссар Ирыстоны территорийыл  археологон æрмæджытæ ахуыр кæнын, уæддæр 60 азæй фылдæр нысанмæздæхтæй æмæ æнтыстджынæй архайдта Кавказы бронзæйон æмæ рагæфсæн (раннежелезный) æнусы проблемæтæ иртасыныл дæр», – банысан кодта Гаглойты Роберт.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ивгъуыд æнусы 90-æм азты Хуссар Ирыстоны  ныхмæ Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы, Хуссар Ирыстоны территорийыл, сæрмагондæй та Тлийы зæппадзты рагон бронзæйы дугæй цы артефекттæ ссардæуыд, уыдон рæстæгмæ æвæрынмæ æрвыст æрцыдысты Цæгат Ирыстоны Национ музеймæ.

Гаглойты Роберты ныхæстæм гæсгæ, Тъехты Баграт 1992 азæй фæстæмæ цард Цæгат Ирыстоны æмæ уыцы азæй суанг 2015 азмæ хъахъхъæдта уыцы артефактты, уымæй дæр 5-6 азы цард, артефактты асыччытæ цы хатæны æвæрд уыдысты, уым. «Кæд диссаг у ацы хъуыддаг, уæддæр афтæ уыд!» – загъта ахуыргонд æмæ бахахх кодта, зæгъгæ, «ирон адæмы кад чи бæрзонд кæны, уыцы адæймаг Ирыстоны хæйттæй кæцыйы фæнды цæра, уæддæр  ын йæ удæгасæй  хъуамæ алыварсонæй æххуыс æмæ кад кæнæм! Алыгъуызон дифирамбтæ цæмæ фæзынынц зындгонд архайæджы амæлæты фæстæ? Афтæ ма хъуамæ уа!!!».

«Историон зонадмæ Уанеты Захары хайбавæрд»-ы тыххæй уыд Хъуылымбегты  Роберты доклады темæ. Уый конференцийы хайадисджыты базонгæ кодта зынгæ ирон историк Уанеты Захары зонадон архайдимæ, радзырдта йын йæ автобиографи, банысан кодта хуссаирыстойнаг адæмы историон рæзтмæ Уанейы фырты хайбавæрд.

«Уанеты Захар уæды рæстæджы зонадон бæрæггæнæнты бындурыл йæ зонадон куыстыты равдыста хуссайраг ирæтты историон рæзт», – банысан кодта Хъуылымбегты Роберт. Радзырдта йын йæ рухсадон куыстытæ  æмæ Октябры революцийы размæ йæ революцион архайды тыххæй.

Докладгæнæджы ныхæстæм гæсгæ, Уанеты Захар йæ зонадон куыстыты равдыста,  20-æм æнусы геноциды фæстæ Хуссар Ирыстон куыд æндидзыдта, уый.

«Уанеты Захар Хуссар Ирыстоны  Адæмон хæдзарады советы (Совнархоз) сæрдар уæвгæйæ, областы æмбæлон органты раз фарст æрæвæрдта Хуссар Ирыстоны сæудæджерады рæзты тыххæй, сæрмагондæй акцент сæвæрдта хъæды сæудæджерады рæзтыл», – радзырдта докладгæнæг.

Хъуылымбегты Роберт йæ доклады куыд банысан кодта, афтæмæй Уанеты Захар уыд Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты бындурæвæрæг, радзырдта йын уыцы бынаты йæ æнтыстджын куысты тыххæй, афтæ ма равдыста Сталиниры паддзахадон институты къухдариуæггæнæг уæвгæйæ Захары архайд.

«Уанеты Захары зонæдты гуырахст уæрæх уыд. Уый ныффыста ахсджиаг иртасæн куыстытæ алы рæстæджытæм хауæг Ирыстоны историйы тыххæй. Уый æрмæст стыр ахуыргонд нæ уыд, фæлæ ма уыд уæздан, хæдæфсарм адæймаг дæр. Йæ зонадон куыстæй дарддæр ма кодта æхсæнадон æмæ педагогон куыст дæр. Уыцы рæстæджы Хуссар Ирыстоны культурон размæдзыды тыххæй цы мадзæлттæ уагъд цыдысты, уыдонæй алкæцыйы дæр Захар активон  хайад иста», – банысан кодта Хъуылымбегты Роберт.

Историк, политикон архайæг, историон зонæдты кандидат, профессор Гаглойты Юрийы зонадон куыстыты тыххæй уыд  Джиоты Залинæйы доклад. Уый мадзалы хайадисджытæн радзырдта Гаглойы фырты зонадон куысты тыххæй. Банысан кодта, Гаглойты Юри, гуырдзиаг историктæ Хуссар Ирыстоны историйы тыххæй цы æрымысгæ æрмæджытæ мыхуыр кодтой, уыдоны ныхмæ цы аргументтæ, историон факттæ хаста, уый.

Йæ доклады Джиоты Залинæ   банысан кодта ирæтты – хъобайнаг-тлиаг културæ  хæсджыты тыххæй æндæр иртасджыты куыстытæ дæр.

ОСИАТЫ Индира

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.