2008 аз. 8 август. 9 азы рацыд, Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны зæххыл туджы зæйтæ куы рауагъта, уыцы хæстæй. Уыцы уæззау бонтæй фæстæмæ августы мæй куы æрбалæууы, уæд уæлдай тынгдæр риссын райдайынц нæ риссаг хъæдгæмттæ æмæ гуырдзиаг лæгмарты сырдон митыл хъуыды кæнгæйæ, адæймаджы зæрдæ уæлдай тынгдæр нырхæндæг вæййы.

Уыцы æвирхъау августы фондзбонон хæсты ам, Хуссар Ирыстоны чи баззад, уыдон æй бахъуыды кодтой цæргæ-цæрæнбонтæм, уымæн æмæ ахæм диссæгтæн æнцонтæй ферохгæнæн нæй, абоны онг дæр цыма нæ хъустыл æхстыты хъæр ауайы, афтæ нæм фæкæсы.

2008 азы августы фыццаг бонтæй гуырдзиаг-ирон конфликты зонæйы уавæр бæрæг фæкарздæр. Бадзырдон процессы фæлгæтты сразыдзинæдтæ фехалгæйæ, Гуырдзыстоны хæстон къордтæ æмæ «гуырдзиаг фидауынгæнджытæ» 1-æм августы æнæхъæн æхсæв егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй тыхджын æхстой куыд горæт Цхинвалы, афтæ ирон хъæутæ Уелит, Прис, Дменис, Сарабукъ, Сатихъар, Мугут æмæ а.д. Уыцы хæстон архайдтыты фæстиуæгæн дыууæ бонмæ фæмард 6 адæймджы, цæфтæ та фесты 12 адæймаджы. Адæм æй бамбæрстой, хъуыддаг стыр хæстмæ кæй цæуы, уый. Æмæ раст разындысты…

Кæд уавæр фæкарздæр, уæддæр адæм сæ куыстытæм цыдысты. Мах, редакциты кусджытæ дæр цыдыстæм куыстмæ æмæ уагътам газеттæ. 7-æм августы дæр æрбацыдыстæм дыккаг хæдзары хуызæн нын чи сси, нæ уыцы уарзон редакцимæ æмæ архайдтам дыккаг бонмæ æрмæджытæ бацæттæ кæныныл. Уыцы бон, 7 августы мæ бахъуыд бацæуын нæ горæты Дзауы уынджы цы афтиаг ис, уырдæм хостæ балхæнынмæ. Фæцæуын Мæскуыйы уынджы Богирийы ‘рдæм, фæлæ раздæрау уынгты адæм æмæзмæлд нал кæнынц, æгæрыстæмæй машинæтæ дæр нал цæуынц, нал дæр цъиуты зард хъуыст. Æнахуыр сабырдзинад зæрдæйыл цахæмдæр тæссагдзинады æнкъарæнтæ æфтыдта. Ахъуыды кодтон, зæгъын, фæстæмæ аздæхон, фæлæ уалынмæ мæ цурты тагъд цыдæй иу сылгоймаг рацыд æмæ уæд фæныфсджындæр дæн, фæлæ уымæн дæр уыд цахæмдæр тыхстгъуыз. Стæй мæм афтæ фæкаст цыма мæм дисгæнгæйæ æрбакаст, ома, ацы сылгоймаг кæдæм фæцæуы. Редакцийы цурæй Богиримæ мыл æдæппæтæй амбæлд дыууæ адæймаджы. Мæ зæрдæ катайдзинады æнкъарæнтæй байдзаг æмæ йæхи риуы къултыл бахоста. Æгæрыстæмæй уæлдæфы дæр æнкъардæуыд цахæмдæр æндыгъддзинад. Æмæ раст разынд зæрдæ… зæрдæ алыхатт дæр развæлгъау фенкъары алцыдæр – циндзинад дæр æмæ æнамонддзинады хабæрттæ дæр.

7 августы изæрырдæм нæм æхсæвиуат кæнынмæ æрбацыд мæ хо Азæ. Телеуынынады раныхас кодта Саакашвили æмæ загъта, зæгъгæ, ирæттæ куы æхсой, уæддæр мах, гуырдзиæгты ‘рдыгæй иу æхст дæр нæ фæцæудзæн. Сæрхъæн Саакашвилийы ныхæстæ мæ хойы цæмæдæр гæсгæ бауырныдтой, фæлæ йын æз йæ мæнгард ныхæстыл нæ баууæндыдтæн. Мæ хоимæ ма хæснаг дæр скодтам. Уый дзырдта, зæгъгæ, кавказаг нæлгоймаг алыхатт дæр йæ дзырды хицау разыны. Æз та йын загътон, зæгъын, уый у сæрхъæн тугмондаг сырд æмæ йыл æууæндæн нæй. Æмæ афтæ дæр рауад, растдæр разындтæн æз… Мæ бинонтæ æмæ мæ хо æрхуыссыдысты, фæлæ æз нырма бадгæ кодтон, раст цыма цæмæдæр æнхъæлмæ кастæн, уыйау. Уалынмæ 23.36 минутыл фæцыд тыхджын гуыпп, йæ фæстæ ноджы æмæ ноджы… Фехъал сты мæ бинонтæ, мæ хо æмæ тагъд-тагъд ныккæндмæ ныллыгъдыстæм. О, куыд ныддаргъ сты хæсты фыццаг æртæ боны. Æрхуыссыны бынат нæ, фæлæ рæстмæ кæм æрбадтаиккам, уый дæр нын нæ уыд. Хъустæ къуырма кодтой алыгъуызон хъомысджын хæцæнæгæрзты гыбар-гыбурмæ. 8 августы райсомы 5 сахатыл нын нæ сыхаг лæппу фехъусын кдта æвирхъау хабар, гуырдзиаг лæгмарты танкæтæ горæтмæ кæй æрбацыдысты, уый тыххæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æнхъæл ничи уыд æмæ иууылдæр катайы бахаудыстæм.

Æз дæр бирæтау мæхинымæры куывтон Хуыцаумæ, цæмæй мæ бинонты разæй фæмард уон æмæ уыдоны мæгуырдзинад ма фенон… Алы тыхджын срæмыгъды фæстæ та-иу корпус нынкъуыст æмæ-иу нæ сæртыл æркалдысты къулы сæрстытæ. Ныккæндмæ нæм æрбайхъуыст фыдохы хабар. Нæ уæздан сыхаг Джиджджойты Джетæ знаджы ныхмæ хæцгæйæ, хъæбатырæй кæй фæмард, уый тыххæй. Фæлæ сыхæгтæй никæйы бон ссис йæ мад Зояйæн йæ хъæбулы амæлæты тыххæй зæгъын, цалынмæ йын æй йæ хиуæттæ загътой, уæдмæ йæ нæ зыдта йæ хæдзар æмбойны кæй æрбайхæлд, уый.

9 августы æхсæвы 12 сахатмæ æввахс нæм ныккæндмæ æргæппытæ кодтой цалдæр лæппуйы æмæ нын загътой, зæгъгæ, тагъддæр вокзалмæ цæугæ, эвакуаци уæ кæнæм, зæгъгæ. Мах дæр, корпусы цæрджытæ, фæцæуæг стæм вокзалы ‘рдæм. Уынгты азмæлæнтæ нал уыд алыгъуызон пырхæнтæй, бæлæсты къалиутæй. Иннæ ахæм гуырдзиаг сырдтæ барæй рауагътой архы дон æмæ уынгты леуахитæ кодта. Цы бон ныл уыд, алæгæрстам йæ сæрты. Кæсæм æмæ «Нефтебаза» судзы, иннæрдыгæй фарс дæр цыдæр спиллон калдта. Къуыртытæгæнгæ куыддæрты схæццæ стæм вокзалмæ. Уым нæ амондæн нæ разынд афтид машинæтæ. Тыхст адæймаг цынæ кæны, æндæра æмæхсæвæджы кæдæм цыдыстæм. Фæстæдæр адæм куыд дам-дум кодтой, афтæмæй нæ уыцы лæппутæ ракодтой сайгæ, цæмæй нæ фæндæгтыл фæцагътаиккой гуырдзиаг лæгмартæ. Дис мæм кæсы, уыцы лæппутæ чи уыдысты æмæ кæй хæслæвæрд æххæст кодтой, уый. Уыдон æнцон базонæн уыдысты, æмбæлон органтæ йыл йæ рæстæджы куы бакуыстаиккой, уæд. Уыцы æхсæв Дзæуджыхъæумæ чи ацыд, уыдонæн сæ фылдæры фæндæгтыл фæцагътой.

Уазæгдон «Алан»-ы ныккæнды тынг бирæ адæм кæй уыд, уымæ гæсгæ ацыдыстæм редакцийы ныккæндмæ. Уым дæр æрæмбырд бирæ адæм, чи бадгæ кодта, чи та полыл хуыссыд. Фыртас æмæ фырæнтæфæй нæ ком ныххус. Хуыздæр фæуæд, уæдмæ лæппутæй чидæр кæцæйдæр æрбахаста дон æмæ уæд иу чысыл сулæфыдыстæм. Уым ма бомбæтæй æмбæхсæны уыдысты Гасситы Знауыр æмæ йæ цардæмбал. Гассийы фырт никуыдæм акуымдта Цхинвалæй. Загъта, зæгъгæ, дам, адæмæн чысыл ныфсы хос уыдзæн ам сæ фарсмæ кæй дæн, уымæй.

Редакцийы ныккæндмæ нæм æрбацыд РХИ-йы Хъахъхъæнынады уæды министр Анатоли Баранкевич æмæ нæ карзæй бафарста,  ныккæндтæй нæ чи расайдта, уыдоны мыггæгтæй. Абоны онг дæр мæ хъусыл уайы, йæ карз æмæ тыхст хъæлæс: «Кто вас сюда позвал? Назовите фамилии этих парней». Дзуапп нæ куынæ райста, уæд нæ карзæй бафæдзæхста, цæмæй нæ йæ къах æддæмæ мачи равæра, цалынмæ нæм йæхæдæг æрбацæуа, уæдмæ. Уыцы æхсæв ма ме ‘мкусджытæй редакцийы ныккæнды се ‘хсæв арвыстой дыууæйæ. Сæ иу – Къæбулты Маринæйы чидæр суазæг кодта битънайы цайæ æмæ йæ уый мемæ адих кодта. Æз та йæ адих кодтон мæ хоимæ. Никуы мæ ферох уыдзæн уыцы цайы ад, афтæ адджын мæм фæкаст.

10 августы райсомæй та нæм æрбацыд Анатоли Баранкевич æмæ нын фехъусын кодта стыр цины хабар, загъта нын, зæгъгæ, Уæрæсейы æфсад горæтмæ æрбацыдысты. Мах дæр нæ хæдзæрттæм раздæхтыстæм, кæд нырма хъуыстысты тыхджын æхстытæ, уæддæр. Ныккæнды ма фестæм 10 æмæ 11 августы дæр. 12 августы райсомæй рахызтыстæм ныккæндтæй æмæ райдыдтам нæ уынгтæ сæрфын, авджы цъæлтæ, алыгъуызон бронæй дзы азмæлæнтæ дæр нæ уыд.

12 августы йæ фæстаг фæндагыл ахизын кодтам нæ уарзон, сабыртæ æмæ зæрдæхæлар сыхаг Джиджджойты Джетæйы. Кæд Ирыстоны хъайтар стыр кады миты аккаг уыд, уæддæр уæд нæ уыд ахæм уавæртæ æмæ кæмæ цы уыд, хиуæттæй дæр æмæ сыхæгтæй дæр, уыдон рахастой фынгмæ æмæ йын афтæмæй цæссыгкалгæйæ рухс загътам. Мæгуырæй ныууагъта йæ мад Зояйы, йæ хъæбулты, йæ бинонты.

Цасдæр рæстæджы горæты уынгтæ не ссыгъдæг сты алыгъуызон пырхæнтæй, æвгты згъæлæнтæй. Дымгæ хаста уынгты хаудæй цы мæрдтæ уыдысты, уыдоны æнуд тæф. Адæймагмæ афтæ каст цыма æппындæр никуыуал ссыгъдæг уыдзæн нæ хæстæфхæрд горæт, фæлæ адæймаг диссаг у… Хæсты фæстæ райдыдтам куыстмæ цæуын, ме ‘мкусджытæй горæты чи уыд, уыдонимæ. Газет «Хурзæрин»-ы уæды редактор Гæбæраты Юрийы сæргълæудæй фæсхæст электрогенераторы руаджы рауагътам газеты фыццаг номыр æмæ йæ нæхæдæг байуæрстам адæмыл.  Куыдфæстагмæ горæты уынгтæ ссыгъдæг сты алыгъуызон бронæй æмæ адæм сæ цард дарддæр кодтой. Разæй та нæм æнхъæлмæ каст стыр цины хабар. 26-æм августы сæххæст хуссарирыстойнаг адæмы бæллиц – Уæрæсе банымадта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад æмæ ныр 9 азы цæрæм хæдбар æмæ сабырæй.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.