11-æм ноябры уагъд æрцыдис 2015-2017 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныныл контролы фæдыл æрвылкъуырион оперативон штабы радон рабадт. Уагъта йæ Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти. Рабадты хайад райстой профилон министрадтæ, ведомствоты, подрядон организациты æмæ контролгæнæг органты къухдариуæггæнджытæ.

Боны фæткмæ хаст æрцыдысты, йæ размæ рабадты цы хæслæвæрдтæ радтой, уыдон куыд æххæст æрцыдысты, уыцы фарстытæ. Республикон паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы къухдариуæггæнæг Гæбæраты Аланæн хæсгонд уыд горæты Фæскомцæдисы уынджы уæлдæфы цæуæг газы хызæгты демонтаж кæныны фæдыл куыстытæ бакæнын. «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы генералон директоры хæдивæг Табуты Нугзар куыд банысан кодта, афтæмæй уыцы куыстытæ фæуд кæнынц Фæскомцæдисы уынджы. Уыдон, зæгъæн ис æмæ бынтондæр фесты. Ахæм куыстытæ æххæст цæудзысты Дзадтиайы фырты уынджы дæр. Фæлæ сæ бакæндзысты, газнымайæнтæ куы сæвæрой, уый фæстæ. Уыдоны æввахс бонты райдайдзысты æвæрын.

Ацы аз нæ горæты уынгтæй æндидзынгæнæн куыстытæ кæм куыд цæуынц, уый тыххæй радзырдта Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ныртæккæ нæ горæты æндидзынгæнæн куыстытæ цæуынц æртæ уынджы. Уыдон сты Сталины, Фæскомцæдисы æмæ Дзадтиайы фырты уынгтæ. Сталины уынджы ныртæккæ æххæст цæуынц асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ, Фæскомцæдисы уынджы фæуд кæны бетонæй сисы арæзтад, афтæ ма цæттæгæнæн куыстытæ цæуынц асфальт кæнынмæ, Дзадтиайы фырты уынджы та æвæрд æрцыд асфальты фыццаг фæлтæр æмæ цæттæгæнæн куыстытæ цæуынц дыккаг фæлтæр сæвæрынмæ.

Уынгты хæрзарæзтады фæдыл  аразджытæ кусынц инженерон хызæгтæ раивыныл дæр.

Арæзтады министр ма куыд загъта, афтæмæй æндидзыд чи æрцыдысты, уыцы иннæ уынгты ма хъæуы фæндагон змæлды нысæнттæ сæвæрын, æмбæлон хæххытæ сыл ауадзын, афтæ ма специалон зонæты цъæхдарæнтæ ныссадзын. Гаглойы фырты уынджы бетон къулы фæрсты арæзт цæуынц периллæтæ. Æппæт уыцы куыстытæ фæуыдзысты ацы мæйы кæронмæ.

Арæзтадон куыстыты темптæ тынгæй тынгдæр кæнынц паддзахадон драмон театры. Ныртæккæ ам кусынц 150 адæймаджы. Куыстытæ æххæстгæнæг арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Меркурий плюс»-ы генералон директор Айгуф Биджиев куыд загъта, афтæмæй план цæуы, цæмæй ацы къуырийы кусджыты нымæц фæфылдæр уа 200 онг. Ныртæккæ ам æххæст цæуынц фасады фæлындзыны фæдыл куыстытæ, мидæгæй та – бæстонгæнæн куыстытæ. Йæ цар фæцис монтажгонд æмæ æвæрд цæуы вентиляцион системæ. Уыцы иурæстæджы æххæст цæуынц йæ алыварс территори схæрзарæзт кæныны фæдыл куыстытæ дæр.

Хицауады Сæрдар аразджытæм æрсидт, цæмæй арæзтадон объектты фæтагъддæр кæной куыстыты темптæ.

«Цалынмæ нын боныгъæдтæ нæ къух аразой, уæдмæ арæзтадон объектты æххæст кæнут гæнæнуæвæн куыстытæ, цæмæй сæ эксплуатацимæ радтæм гъæдджынæй æмæ сфидаргонд æмгъуыдты», – банысан кодта Хъуылымбегты Доменти.

Уый ма горæты администрацийы къухдариуæгадæн зæрдыл æр-лæууын кодта РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды хæслæвæрд, хицæн адæймæгтæ объекттæ аразгæйæ, цæмæй хъахъхъæной горæты архитектурон хуыз.

«Кæд æмæ ахæм адæймæгтæ цы аразынц, уый дзуапп нæ дæтты горæты иумæйаг архитектурон хуызæн, уæд исын хъæуы карз мадзæлттæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Хетæгкаты Къостайы уынджы фæзилæн схæрзарæзт кæныны фæдыл Автомобилон фæндæгты арæзтады æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард фехъусын кодта, зæгъгæ, ам æнæмæнгхъæуæг куыстытæ æххæст æрцæудзысты æввахсдæр бонты.

Дарддæр рабадты хайадисджытæ æруынаффæ кодтой нæ горæты Тельманы уынджы 10 фатерон цæрæн хæдзары арæзтады æмæ горæты уынгты хæрзарæзтады фæдыл бакæнгæ куыстыты тыххæй хыгъдтæ раттыныл фæтагъддæр кæныны фарстытыл.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.