Фæстаг рæстæджы нæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты æмæ интернет ресурсты иформацион хызæджы арæхæй арæхдæр ис бакæсæн, нæ горæты Октябры уынджы тыххæй фыст æрмæджытæ. Уым дзырдæуы, иуæй ацы уынг капиталон цалцæг кæй æрцыд, уый не ‘мбæстæгтæн кæй у æхсызгон, иннæмæй та автомобилон змæлды нормæтæ хъахъхъæд кæй нæ цæуынц, уыцы проблемæйы фæдыл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, алы æмбæстаджы зæрдæ дæр райы, нæ республикæйы уынгтæ хæрзарæзт æмæ цалцæггонд кæй цæуынц, уымæй. Уæлдай æхсызгондзинад сæвзæрын кодта Октябры уынджы арæзтад куыд ацы уынджы цæрджытæн, афтæ нæ горæты цæрджытæн се ‘ппæтæн дæр, уымæн æмæ рагæй фæстæмæ, ацы бынат у цæрджыты уарзондæр бынæттæй сæ иу. Ам 2008 азы хæсты рæстæджы, куыд нæ горæты æндæр бынæтты, афтæ, пырх æмæ сыгъд æрцыдысты цæрæн хæдзæрттæ, тыхджын æхсæн æрмæджытæ сæмбæлдысты æмæ рафæлдæхтой бæлæсты. Æппæт уыдæтты фæстиуæгæн, ацы уынг æрцыд æдзæллаг уавæрмæ. Не ‘мбæстæгтæ дзы раздæрау, нал тезгъо кодтой изæрыгæтты, нал дзы уыд хиирхæфсæн уавæртæ. Фæлæ ныр уавæр фæивта хуыздæрæрдæм. Октябры уынг цалцæг æрцыд æмæ та сног ис йæ раздæры нысаниуæг. Æрвылизæр дæр ам фæтезгъо кæнынц цæрджытæ сæ сабитимæ. Ацы хъуыддагæй уынджы цæрджытæ дæр кæд райгонд уыдысты, уæддæр ма фæзынд ног проблемæ æмæ сын уый фадат нæ лæвæрдта, æххæстбæрцæй сæ ног арзæт уынгыл бацин кæнынæн. Ацы проблемæ та баст уыд, ногарæзт сосæвæндагыл шофыртæ фæндагон транспортон змæлды нормæтæ кæй нæ хъахъхъæдтой, афтæмæй кæй цыдысты стыр тагъдадæй, уыйимæ. Цæрджытæ куыд загътой, афтæмæй уыдон æппындæр нал цин кодтой сæ уынджы арæзтыл, уымæн æмæ сын æппынæдзух тасы æнкъарæн æвзæрын кодта, ам машинæты змæлд парахат кæй уыд, æмæ нормæтæ та æппындæр хъахъхъæдгонд кæй нæ цыдысты. «Мах никуы бауæндыдыстæм нæ сабиты æддæмæ, уынгмæ хибарæй рауадзын, тарсты-стæм, исты фыдбылыз куы ‘рцæуа, уымæй. Афтæ ма-иу æрдæгæхсæвтæм ам машинæ-тæ кодтой ерыстæ æмæ-иу мах та фестæм æгъуыссæг»,- загъта Октябры уынджы цæрæг Хуыгаты Заирæ.

Ацы фарсты фæдыл цæрджытæ цалдæр хатты бахатыдысты РХИ-йы паддзахадон автоинспекцимæ æмæ домдтой, цæмæй ист æрцæуой æмбæлон мадзæлттæ æмæ скъуыддзаг æрцæуа сæ проблемæ. Уый фæстиуæгæн, æрæджы Октябры уынджы  сосæвæндагыл æвæрд æрцыдысты хиаразгæ къуыбыртæ (лежачие полицейские).

РХИ-йы паддзахадон автоинспекцийы хистæр инспектор Бесаты Александр куыд загъта, афтæмæй ма  фæнд кодтой ацы уынджы инспекторты постытæ сæвæрын, фæлæ уый уавæрыл бирæ нæ бандæвтаид. Уымæ гæсгæ цæрджыты домæн сæххæст кæнынæн къуыбыртæ сæвæрын уыд æппæты эффективондæр амал. «Ныртæккæ ам æвæрд къуыбырты сæрты ахизгæйæ, машинæ хъуамæ æрсабыр кæна йæ тагъдад, æмæ уый фæстиуæгæн нал уыдзæн шофыртæн тагъд скъæрыны фадат. Ерыстæ уадзыны уавæр та ам æппындæр нал ис», – загъта Бесайы фырт. Райгонд сты цæрджытæ дæр æмæ, æрвы-лизæр ам чи фæтезгъо кæнынц, уыдон дæр, фæлæ…

Кæй зæгъын æй хъæуы, цæрджыты домæн æххæст кæй æрцыд, уый тынг хорз хъуыддаг у, фæлæ кæцыфæнды проблемон фарст скъуыддзаг кæнгæйæ дæр фæхъæуы æнæмæнгæй бахъахъхъæнын æппæт закъонон нормæтæ. Ацы къуыбыртæ æвæрд куы цыдысты, уæд уыцы нормæтæ бахъахъхъæдгонд не ‘рцыдысты æмæ та сæвзæрд ног проблемæтæ. Уыдон фæдыл æнæрайгонд шофырты иу къорд бахастой сæ куырдиат Æхсæнадон палатæмæ æмæ æрдомдтой уыцы аиппытæ рараст кæнын. Æхсæнадон палатæ ауагъта басгæрст æмæ, куыд рабæрæг ис, афтæмæй хæлд æрцыдысты ацы уынджы хиаразгæ къуыбырты æвæрыны тыххæй Паддзахадон стандарты æппæт нормæтæ дæр. Фыццаджыдæр уал къуыбырты бæрзæнд ма хъуамæ уыдаид 7 сантиметрæй бæрзонддæр, ам та сты 10,5 æй 18, 5 сантиметры  онг; 20 км/с йы тагъдады цæуыны бар кæм ис, ахæм бынæтты къуыбырты дæргъ хъуамæ уа 3-3,5 метры; къуыбыртæм æввахс хъуамæ æвæрд уой амонæн нысæнттæ, уым къуыбыр кæй ис; æхсæвыгон шофыртæ цæмæй къуыбыртæ уыной, уый тыххæй æмбæлы къуыбыртыл сæрмагонд нысæнттæ сныв кæнын. Æппæт уыцы фæндагон-транспортон змæлды нысæнттæ бахынцгæйæ, ацы уынджы проблемæ домы, ногæй йæм хъус æрдарын.

Нæ горæты Админастраци-йы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Давид ы ныхæстæм гæсгæ, ацы проблемæ æввахс рæстæджы аиуварсгонд æрцæудзæн æмæ бахъахъхъæд-гонд æрцæудзысты Паддзахадон стандарты нормæтæ.

Паддзахадон автоинспекцийы хистæр инспектор Бесаты Александр та загъта: «Мах ныртæккæ кусæм Октябры уынджы сæвзæргæ проблемæтæ аиуварс кæныныл. Сæрмагондæй та, ам дарддæр дæр уæвынад кæндзысты къуыбыртæ, фæлæ бахъахъхъæд æрцæудзысты æмбæлон нормæтæ. Ахæм къуыбыртæ ма æрæджы æвæрд æрцыдысты нæ горæты Плиты Ароны æмæ Интернационалон уынгты. Уый дæр уыд цæрджыты домæнмæ гæсгæ.  Афтæ ма фæнд кæнæм ахуырадон уагдæттæ цы уынгты сты, уырдæм бацæуæнты къуыбыртæ сæвæрын. Уый ахъаз фæуыдзæн скъоладзауты æдасдзинад бахъахъхъæнынæн» – загъта Бесайы фырт.

«Мæнмæ гæсгæ ацы къуыбыртæ нæ горæты иуæй-иу уынгты сæвæрын у æнæмæнг    хъуыддаг. Уымæн æмæ нæм фæзынд тынг бирæ автотранспорт æмæ, хъыгагæн, куыд шофыртæй  бирæтæ, афтæ ма фистæгæй цæуджытæ дæр, нæ фæпайда кæнынц фæндаджы змæлды нысæнттæй æмæ сæвзæрын кæнынц тыхст уавæртæ. Æрцæуы аваритæ, æнамонд цаутæ. Къуыбыртæ æвæрд кæм уой, уым та машинæтæн нæ уыдзæн тагъд скъæрыны фадат æмæ уый ахъаз уыдзæн фыдбылыз ма æруадзынæн. Кæй зæгъын æй хъæуы, къуыбыртæ æвæргæйæ бахъахъхъæнын хъæуы æппæт нормæтæ дæр», – загъта йæ хъуыды нæ горæты цæрæг Аджиты Эмзар.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.