РХИ-йы Президент Тыбылты Леонид фембæлд ХПÆ-йы бæстæтæ-хайадисджытæ, Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты управленийы хистæр Олег Говорунимæ, кæцы нæ республикæйы уыд дыууæбонон кусæгон визитимæ.

Фембæлды рæстæджы уынаффæ цыдис Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстытыл, сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтыл æмæ арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстыты темптыл.

Паддзахады сæргълæууæг бузныг загъта Олег Говорунæн бакæнгæ куысты тыххæй.

«Республикæйы Инвестпрограммæйы хаххыл æмæ æндæр фарстаты фæдыл дæр цыдæриддæр арæзт цæуы, уыдон сты Стыр Уæрæсейы руаджы æмæ, ды кæмæн разамынд кæныс, афтæ ма Владислав Юрийы фырт Сурков кæмæн разамынд кæны, уыцы коллективы руаджы, кæцы æппæт дæр аразы нæ плантæ æмæ программæтæ реализаци кæныны тыххæй», – загъта уый.

Тыбылты Леонид банысан кодта, зæгъгæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик ныртæккæ кусæгон визитимæ ис Мæскуыйы.

«Абон къухтæ фыст æрцæудзысты пенсион фарстаты фæдыл сразыдзинадыл. Уый хорз къахдзæф у нæ сæйраг бадзырд реализаци кæныны планы. Ног къуырийы мах æнхъæлмæ кæсæм Мидхъуыддæгты министрады минæвармæ, ацы хаххыл къухтæ æрфыссынмæ цæттæ у дыккаг уæлæмхас сразыдзинад», – загъта Президент.

Фембæлды ма дзырд цыдис социалон-экономикон къабазы рæзты фæдыл фарстытыл, сæрмагондæй цæрджыты царды уавæртæ фæбæрзонддæр кæныныл.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын æмæ царды æмвæзад фæхуыздæр кæныны фæдыл æндæр мадзæлттæм хауæг фарстытæ нысан сты сæйраг бадзырды.

«Ныртæккæ нæ бадзырдты æмæ сразыдзинæдты бæрц хæццæ кæны сæдæмæ. Æмæ алы хатт дæр уыдон æххæст цæуынц æмбæлон мидисæй. Мæ хъуыдымæ гæсгæ бæлвырд у, Хуссар Ирыстон Уæрæсеимæ кæй æввахс кæны, уыцы процесс. Æмæ мах дарддæр дæр цæудзыстæм ацы здæхты», – банысан кодта паддзахады сæргълæууæг.

Йæ рады Олег Говорун бузныг загъта Тыбылты Леонидæн, республикæйы разамынады ‘рдыгæй сæ архайдæн æвæрццаг аргъ кæй цæуы, уый тыххæй.

«Мæнæн фадат уыдис бирæ объекттыл азилын, кæцытæ сты Инвестпрограммæ реализаци кæныны стадийы. 25 объекты хъуамæ фæуой ацы азы фæлгæтты, 16 дзы ныридæгæн фесты, кæронмæ бахæццæ кæнын хъæуы куыстытæ ноджыдæр 9 объекты. Уыдон дæр æввахс рæстæджы лæвæрд æрцæудзысты эксплуатацимæ», – загъта уый.

Уæрæсейаг политик стыр аргъ скодта республикæйы арæзтцæуæг медицинон кластерæн. Уый банысан кодта, зæгъгæ, æгас Цæгат Кавказы нæй æнæниздзинад хъахъхъæныны ахæм æмвæзады объект.

«Æз нæ дызæрдыг кæнын, иннæ объекттæ дæр ахæм æмвæзадыл æмæ ахæм гъæдджын кæй уыдзысты. Иумæйагæй сисгæйæ аз, зæгъæн ис, йæ кæронмæ фæхæццæ кæны æнтысгæйæ, цы плантæ нысангонд æрцыдысты, уыдон æххæст кæй æрцæудзысты, ууыл дызæрдыггæнæн нæй. Æз хъуыды кæнын афтæ, æмæ тагъд рæстæджы иумæ кусын райдайдзыстæм ног программæ цæттæ кæныныл. Ууыл мах сымахимæ бахъæудзæн æруынаффæ кæнын», – банысан кодта Олег Говорун.

Фембæлды кæрон уый бузныг загъта хуссарирыстойнаг паддзахады сæргълæууæгæн, йæхæдæг сæрмагондæй кæй контроль кæны Инвестпрограммæ реализаци кæнын æмæ сæйраг бадзырды фæдыл иумæйаг секторалон сразыдзинæдты фæдыл куыстимæ баст процессыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.