Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ-хайадисджытæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ-йы Президенты управленийы хистæр Олег Говорун азылд Инвестпрограммæйы фæлгæтты арæзтцæуæг объекттыл. Йемæ уыдысты РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, Экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям, профилон минист-радтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Олег Говорун Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти æмæ се ‘мбæлццæттæ райдианы бацыдысты, нæ горæты цæгатварс не ‘мбæстаг, уæрæсейаг егъаудæр æмæ популярондæр компани «Евродон»-ы хицау Уанеты Вадим цы дзидзагуыстгæнæн завод аразы, уырдæм. Завод арæзт цæуы, «Мæскуыйаг банг» цы кредитон фæрæзтæ рахицæн кодта, уый фæрæзтæй. Ам уазджытыл фембæлд арæзтадон фирмæйы сæргълæууæг æмæ сæ лæмбынæг базонгæ кодта арæзтады уавæримæ. Дзидзагуыстгæнæн заводы арæзтад слæудзæн 156 милуан сомы. Уыцы æхцатæ бангæн аздахын бахъæудзæнис 5-6 азмæ. Кусæгон бынæттæ дæр дзы уыдзæнис 30. Ам цæрджытæн суткæйы дæргъы цæттæ продукци уагъд цæудзæнис 2-2,5 тоннæйы. Завод ифтонг уыдзæн нырыккон кусæгон ифтонггæрзтæй», – дзырдта арæзтады хистæр мæскуыйаг уазæгæн.

Уый фæстæ та уазджытæ ацыдысты, республикон-соматикон рынчындоны территорийыл цы хирургион хайад арæзт цæуы, уырдæм. Олег Говоруны цымыдис кодта, ам арæзтадон куыстытæ кæд хъуамæ фæуой æмæ цы финанстæ хицæн цæуы, уыдон нысанмæздæхтæй хардз цæуынц æви нæ, уымæ.

Дарддæр уазджытæ æмæ фысымтæ бабæрæг кодтой Сывæллæтты реабилитацион рынчындоны корпус. Ацы объект куыд зонæм, афтæмæй эксплуатацимæ хъуамæ лæвæрд æрцæуа азы кæрон. Æмæ, æцæгæйдæр, ныридæгæн рынчындон ифтонг цæуы æнæмæнгхъæуæг ифтонггæрзтæй. Хъæуы ма йæ алыварс территори схæрзарæзт кæнын. Уазæг райгондæй баззад Сывæллæтты реабилитацион корпусы арæзтадæй.

Дарддæр уæрæсейаг уазæг йе ‘мбæлццæттимæ йæ фæндаг акодта нæ горæты Дзадтиайы фырты æмæ Хуыбылты Валерийы уынгты арæзтадтæм. Ам арæзтадон куыстытæ сты сæ тæмæны. Хуыбылты Валерийы уынджы цы бетон къул арæзт æрцыд, уый тынг фæцыд уазджыты зæрдæмæ.

Сæ фæндаг дарддæр акодтой дзулфыцæн комбинаты арæзтцæуæг бæстыхаймæ. Ам дæр арæзтадон куыстытæй барухс уазджыты зæрдæ.

Хъайтарты уынджы кæрон цы ногарæзт цæрæнуатон комплекс арæзт цæуы, уый фенгæйæ, Олег Говорун равдыста йе ‘нæразыдзинад. Фыццаджыдæр, куысты темптæй бирæ фæстæдæр кæй зайынц, уый тыххæй.

Бабæрæг ма кодтой Ногдзауты парчы арæзтадон куыстытæ. Ам цалцæг цæуынц дыууæ фонтаны, сæвæрдзысты ма дзы ног бандæттæ, сабитæн – хъазæн аттракционтæ.

Уый фæстæ та Олег Говорун, Хъуылымбегты Доменти æмæ се ‘мбæлццæттæ бацыдысты драмон театры бæстыхайы арæзтадмæ. Паддзахадон драмон театры бæстыхай æмæ йæ алыварс территори хæрзарæзтад куыд цæуынц, уый фенгæйæ, загъта хицæн фиппаинæгтæ. Æркаст ма фонтаны арæзтадмæ дæр. Олег Говорун бабæрæг кодта, Харебаты Исахъы уынджы цы Уырыссаг кувæндон арæзт цæуы, уыцы территори дæр.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.