5-æм апрелы нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыд Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæтæ, Республикæ Абхаз æмæ Республикæ Хуссар Ирыстонимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Уæрæсейы Федерацийы Президенты управленийы хистæр Олег Говорун. Йемæ ма уыдысты йæ хæдивæг Денис Травин æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Райдианы уыдон бацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леонидмæ. Кусæгон балцы рæстæджы уыдон дзырдтой, æрæджы Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæн цы фембæлд уыд, уый фæстиуджытыл. Дыууæфарсон æмгуысткæнынады цы къорд фарстытыл дзырдæуыд, уыдонæй сæйрагдæртæ уыдысты Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты фарстатæ.
Олег Говорун загъта: «Уæрæсейы Федерацийы Президент стыр хъусдард здахы, 2016 азæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци куыд цæуы, уыцы фарстытæм».

Уымæ гæсгæ уый йе ’мбæлццæттимæ иумæ сфæнд кодта республикæйы арæзтцæуæг объекттыл азилын æмæ сæрмагондæй сæ куыстытимæ базонгæ кæнын.

Кадджын уазджыты Республикæ Хуссар Ирыстоны фарсæй арæзтадон куыстытимæ зонгæ кодта Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Цхуырбаты Зæлинæ, РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Тъехты Алан.

Уыдон сæ кусæгон инспенкцион азылд райдыдтой кафе «Винченцо»-йæ, уый арæзт цæуы Инвестицион агентад цы æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодта бынæттон амалиуæггæнæг Уалыты Альбертæн, уыцы æхцайы фæрæзтæй. «Инвестицион программæйæ хицæн æрцыд 30 милуан сомы. Ацы бонты кафе официалонæй байгом уыдзæн. Фыццаг, дыккаг æмæ æртыккаг уæладзыджы сты цæттæ. Фыццæгæм уæладзыджы ис сывæллæттæн хиирхæфсæн бынат, цыран кæстæр кары сывæллæттæн фадат уыдзæн банысан кæнын сæ гуырæнбонтæ æмæ æндæр бæрæгбонтæ. Цыппæрæм уæладзыджы уыдзæнис сæрмагонд хиирхæфсæн верандæтæ, ныридæгæн ма дзы баззадис чысыл аразинæгтæ æмæ уый фæстæ, табуафси, нæ горæты цæрджыты хонæм, сæ рæстæг сабырæй кæм арвитой, ахæм бынатмæ».

Уалыты Альберт ма куыд загъта, афтæмæй кафе «Винченцо» цы ’хцайы фæрæзтæй арæзт æрцыд, уый паддзахадмæ здæхт æрцæудзæнис 6 азы фæстæ. Олег Говорун райгондæй баззад кафейы арæзтадæй æмæ амалиуæггæнæг Уалыты Альбертæн раарфæ кодта, цæмæй тагъд рæстæджы йæ бизнесæй йæ зæрдæ барухс уа.

Дарддæр уазджытæ азылдысты нæ горæты арæзтцæуæг сывæллæтты республикон рынчындонмæ. Ам арæзтадон куыстытæ кæны цæгатирыстойнаг компани ООО «Спецтепломонтаж». Ныридæ-гæн фæуд кæнынц сантехникон куыстытæ, ауагътой электрохæххытæ, кусынц сæрдæн куыстытыл дæр. «Ацы бонты æрæвналдзыстæм реабилитацион рынчындоны кæрт хæрзарæзт кæнынмæ дæр. Объектæн йæ иумæйаг аргъ у 595 милуан сомы. Уыцы аргъмæ хауынц, рынчындоны цы медицинон ифтонгæдтæ уыдзæн, уыдон дæр», — зæгъы компани «Спецтепломонтаж»-ы сæйраг инженер.

Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министр Григори Кулиджанов уазджытæн куыд загъта, афтæмæй «рынчындон куы сцæттæ уа, уæд ам бæр-зондквалификациджын медицинон æх-хуыс райсын сæ бон уыдзæн уыцыиу рæстæджы 73 рынчынæн. Хатæнтæ уы-дзысты иу, дыууæ æмæ æртæ бынатонтæ. Операцигæнæндон æмæ медперсоналы хатæнтæй дарддæр ма ам уыдзæн æндæр техникон хатæнтæ дæр. Уыдзæн ма дзы спортивон зал, бассейн æмæ сывæллæттæн хиирхæфсæн зал. Хъыгагæн, нæ республикæйы фаг ис, реабилитаци кæй хъæуы, ахæм рынчын сывæллæттæ. Уыдоны сæ ныййарджы-тæ хос кæнынмæ нырмæ кодтой æндæр горæттæм. Уымæ гæсгæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсæм, рынчындон арæзт кæд æрцæудзæн, уымæ. Сывæллæтты реабилитацион рынчындон ифтонг уыдзæн нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй, рынчынтæн хос кæндзысты медицинæйы æппæт профилты дæр», — дзырдта Æнæниздзинад æмæ социалон райрæзты министр.

Олег Говорун бацыд æмæ федта университеты ног комплексы арæзтад дæр. Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр куыд загъта уазджытæн, афтæмæй куыстытæ æххæст цæуынц графикмæ гæсгæ. Фесты демонтажгæнæн куыстытæ æмæ ныртæккæ бетон кæнынц фундаменты бын фæзуат, хъæуæг æрмæджытæй аразджытæ ифтонг цæуынц рæстæгыл. «Комплексы цал корпус уыдзæнис æмæ цы функцитæ æххæст кæндзысты?» — бафарста Олег Говорун. Зæгъойты Эдуард куыд загъта, афтæмæй «университеты агъуыст уыдзæн æртæуæладзыгон æмæ дих дæр уыдзæн æртæ хайыл: Ахуырад-административон, культурон-хиирхæфсæн æмæ бирæпрофилон спортивон зал, уыцы нымæцы хæрæндон дæр».

Ис ахæм объекттæ, кæцытæ арæзт цæуынц дыууæ фæлтæрæй, ома, сæ арæзтад 2016 азæй хизы 2017 азмæ. Уыдон нымæцмæ хауы университеты комплекс дæр. Ам арæзтадон куыстытæ кæны бынæттон фирмæ ООО «Мегаполис -Т».

Дарддæр уазджытæ бабæрæг кодтой Хъайтарты уынгыл арæзтцæуæг микрорайон, арæзт дзы цæуынц фондзуæладзыгон хæдзæрттæ. Уыдзысты 1,2,3,4 — ха-тæнонтæ нырыккон планировкæмæ гæсгæ. Ацы хæдзæрттæ арæзт фæуыдзысты 2017 азы. Арæзтадон фирмæ ООО «СоюзСтройПроект»-ы хистæр куыд зæгъы, афтæмæй «мах зонæм, нæ разы цахæм хæстæ ис æмæ цахæм объект хъуамæ раттæм эксплуатацимæ. Уымæ гæсгæ сæйраг домæн махæн у, цы куыстытæ æххæст цæуынц, уыдон графиктæ æмæ гъæд хъахъхъæнын».
Куыд зонæм, афтæмæй монтажгæнæн куыстытæ сæ тæмæны сты Цхинвалы дзулфыцæн комбинаты дæр. Ам арæзт цæуы ног корпус, кæцы уыдзæнис дыууæуæладзыгон æмæ ифтонг уыдзæн нырыккон домæнтæм гæсгæ ифтонггæрзтæй. Ам куыстытæ цы æмвæзадыл сты, уымæ цымыдис кодтой Уæрæсейæ æрцæуæг уазджытæ.

Инспекцион азылды рæстæджы Олег Говорун æмæ йæ хæдивæг Денис Травин бабæрæг кодтой, нæ горæты централон библиотекæйы территорийыл цы Чырыстон кувæндон арæзт цæуы, уый дæр. Куыд зонæм, афтæмæй уый проектмæ гæсгæ амад уыдзæн Алайнаг стилыл. Ацы кувæндон саразыны арæзтады хæс йæхимæ райста уæрæсейаг фирмæ ООО «Стройтехнологи». Олег Говорун йе ’нæразыдзинад равдыста кувæндоны арæз-тадмæ кæй нæма æрæвнæлдтой, уый тыххæй. «Проект саразынæн æмæ райдиан куыстытæм æрæвналыны тыххæй хицæн æрцыд бæрæг æхцайы фæрæзтæ. Фæлæ сымах нæма æрæвнæлдтат уыдонмæ…», — хæрамæй дзырдта Олег Говорун.

Арæзтадон фирмæ ООО «Стройтехнологи» ныфс бавæрдта, 20 апрелмæ ам арæзтадон куыстытæ сæ тæмæны кæй уыдзысты.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.