20-ӕм августы онг «Олимп»-ы архайӕг спортсментӕн уыд улæфт. Ныр тренировкӕты процесс райдыдта ӕмӕ ам спорты æндæр æмæ æндæр хуызты секциты цы спортсментӕ архайынц, уыдон сӕхи цӕттӕ кӕнын райдыдтой бынӕттон, Цӕгат Кавказы ӕмӕ Уӕрӕсейы престижон турнирты хайад райсынмӕ. Спорткомплексы фӕлтӕрдджын тренерты хъусдарды бын архайынц ахӕм спортсментӕ, кӕцытӕ ивгъуыд аз систы канд Уӕрӕсейы  нӕ, фӕлӕ Европӕйы чемпионтӕ дӕр.

Цӕмӕй «Олимп» дарддӕр дӕр ӕнтыстджынӕй йӕ куыст кӕна ӕмӕ бӕрзонд фӕстиуджытӕ йӕ къухы ӕфта, уый тыххӕй хъӕуы бӕрзондквалификациджын тренертӕ, кӕцытӕ сӕ хъус дардзысты спортсменты физикон культурӕ ӕмӕ спорты рӕзты хъуыддагмӕ нӕ, фӕлӕ моралон ӕгъдауӕй ӕнӕниз фӕсивӕд хъомыл кӕнынмӕ дӕр.

Мах фембӕлдзыстӕм спорткомплекс «Олимп»-ы директор Табуты Робертимӕ. Уый нын радзырдта, цы арӕзт цӕуы, цӕмӕй спортыл  хӕст уой, гӕнӕнуӕвгӕйӕ фылдӕр сывӕллӕттӕ: «Спорт – ӕнӕниз цардуаг, хъуамӕ уа ӕнцонвадат. Спортивон къордтӕм ноджыдӕр  сывӕллӕттӕ ист цӕудзысты сентябры мӕйӕ. Хъусинӕгтӕ конд ӕрцӕудзысты микрорайонтӕ ӕмӕ скъолаты. «Олимп» гом кӕныны рӕстӕджы Алина Кабаева загъта, зӕгъгӕ, дам, мӕн тынг фӕнды, цӕмӕй ацы спортивон комплексӕй рацӕуой Европӕйы, Дунейы ӕмӕ Олимпион  чемпионтӕ. Махмӕ ис алы уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй спорты архайын кӕй фӕнды, уый равзара йӕ уарзон секци. Фыццаг уӕладзыджы ис хореографион зал. Дыккаг уӕладзыджы – дыууӕ бассейны, сӕ алыварс – трибунӕтӕ спортивон мадзӕлттӕм кӕсджытӕн. Хъӕбысхӕсты алы хуызӕн дӕр ис йӕхи зал. Иууыл иумӕ залтӕ сты фараст. Алы залӕн дӕр – йӕхи дарӕсивӕн хатӕнтӕ ӕмӕ хинайӕнтӕ. Æртыккаг уӕладзыджы та ис уазӕгдон, цӕмӕй дзы цӕрой, ерыстӕм-иу цы спортсментӕ ӕрцӕуой тренертимӕ, уыдон», – радзырдта нын Табуты Роберт.

Куыд зонӕм, афтӕмӕй ахӕм спортивон арӕзтад, ӕгӕрыстӕмӕй, Цӕгат Кавказы дӕр кæй ис. Алы секцийы дӕр цы инвентарь ис, уыдон ӕлхӕд ӕрцыдысты тренерты амындмæ гæсгæ, цæмæй куысты рæстæджы мацы цухдзинӕдтӕ ӕййафой. Спорткомплексы фӕзыны рӕстӕгӕй-рӕстӕмӕ чысыл техникон згъуыдтӕ, фӕлӕ афоныл иуварс ӕрцӕуынц, цӕмӕй спорты цы фӕсивӕд архайы, уыдон иу уысм дӕр ма фӕиппӕрд уой тренировкӕтӕй.

«Бирӕфункционалон спортивон комплексы уыцыиу рӕстӕджы архайынц 600 сабимӕ ӕввахс. Ныртӕккӕ махмӕ цы секцитӕ архайынц, уыдонӕй иууыл стырдӕр хъусдард здӕхт цӕуы спортивон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕмӕ. Уыцы секци байгом ӕрцыд «Олимп»-ӕн йӕ баконды фыццаг бонӕй. Ацы секцийы архайы 200 сабийӕ фылдӕр. Уыдон арӕх райсынц хайад Мӕскуыйы ӕмӕ ӕндӕр горӕтты цӕуӕг фестивалты. Вӕййы сын ӕнтыстытӕ», – дзуры Табуты Роберт.

Уый ма зӕгъы, зӕгъгӕ, нӕ горӕты сабитӕ разӕнгардӕй цӕуынц ленк кӕныны секцимӕ дӕр. Цалдӕр хатты уагъд ӕрцыд нӕ республикӕйы чемпионат ленк кӕнынӕй. Фӕстаг хатт ерыстӕ уагъд цыдысты ленк кӕныны ахӕм стилӕй, куыд «брасс». Раздӕр та ерыстӕ уагъд ӕрцыдысты фӕсонтыл ленк кӕнынӕй, сӕрибар стилӕй ӕмӕ баттерфляйӕ. Ерысты хайад райстой 200 сабийӕ фылдӕр. Уыцы æнтыстытӕ сабитӕн сӕ къухты ӕфты нӕ республикӕмӕ Уӕрӕсейӕ хуынд специалист Евгения Терлеевайы фӕрцы. Йӕ архайды фӕрцы спорты ацы хуыз ссис иттӕг популярон. Тренерӕй райгонд сты канд сывӕллӕттӕ нӕ, фӕлӕ ныййарджытӕ дӕр.

Табуты Роберты ныхӕстӕм гӕсгӕ бокс ӕмӕ уӕгъдибар хъӕбысхӕст дӕр сты тынг популярон, уыдоны дӕр архайы фӕйнӕ сӕдӕ сывӕллоны. Армспорт ӕмӕ уӕззау атлетикӕмӕ сæм къаддӕр сывӕллӕттӕ цӕуы – фӕйнӕ 16. Ис дзы кекусинкай  каратэйы секци дӕр. Ам архайӕг спортсментӕ, сӕйраджыдӕр сты чызджытӕ, кӕцытӕн ӕнтыстытӕ ис суанг дунейы  ерысты дӕр. Спортивон комплексы цы сывӕллӕттӕ архайынц, уыдон ам архайынц ӕнӕаргъӕй. Фӕлӕ дзы ис, фидгӕ кæм кӕнынц, ахӕм секцитӕ дӕр. Зӕгъӕм, фитнес, бассейн ӕмӕ тренажертыл цы хистӕр кары адӕм архайынц, уыдонӕн сӕ рӕстӕг у фидгӕ. Ардыгӕй цы ӕфтиӕгтӕ цæуы, уыдон хардз цæуынц сæрмагондæй спорткомплексы хæрдзтыл.

Нæ фарстæн, ома, «Олимп»-ы цы спортсментæ архайы, уыдон цæмæй ерыстæм арæхдæр хуынд цæуой, уый тыххæй спортсментæ цахæм ныхдуртыл фембæлынц, уый тыххæй та директорæн йæ хъуыды ахæм у: «Цас арæхдæр хайад исой нæ сывæллæттæ ерысты, уыйбæрц сын пайдадæр у. Хицауад æхца дæтты стыр турниртæм цæуæг сывæллæттæн. Фæлæ стыр турниры хайад райсыны размæ хъæуы цадæггай иннæ дæлдæр æмвæзадыл цæуæг ерысты дæр хайад райсын. Хатт æхцайы фæрæзтæ нæ разыны ахæм турниртæн. Æмæ уæд тренерты фæхъæуы спонсорон æххуыс. Хъыгагæн, сæ къухты арæх нæ бафты ахæм æххуыс æмæ уæд спортсментæ хайад нæ райсынц ерысты. Спортсмен та æппынæдзух хъуамæ тонусы уа. Мах æвдисæн стæм, стыр спортивон потенциал кæй ис Ирыстоны. Кæцыфæнды турниртæй дæр нæ спортсментæ æрхæссынц призон бынæттæ. Скад кæнынц нæ Ирыстонæн. Уымæ гæсгæ мæнæн мæ бæллиц у, цæмæй спортыл хæст уой гæнæнуæвгæйæ фылдæр сывæллæттæ».

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.